Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

137 зар

Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нифсгунӕй дзорӕн

Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нифсгунӕй дзорӕн

(Гъуддӕгтӕ 4:29)

  1. Паддзахади туххӕй дзорӕн,

    Дзорӕн алкӕмӕн дӕ ном.

    ’Ма беретӕ нин нӕ нихмӕ

    Карзӕй рацӕунцӕ ’ргом.

    Фал игъосӕн мах дӕумӕ,

    Ӕма нӕ тӕрсӕн адӕмӕй.

    О, Йеговӕ, фегъосӕ, корӕн,

    Хайгин уӕн мах федар нифсӕй.

    БАЗАРД

    Банхус нин кӕнӕ, Йеговӕ,

    Цӕмӕй мацӕмӕй тӕрсӕн.

    Раттӕ нифс, цӕмӕй дин алкӕд

    Де ’стур ном бӕрзонд кӕнӕн.

    Хӕстӕг ӕй нур Армагеддон,

    Уо нӕ фарсмӕ, ’ма уа нӕ бон

    Дзорун адӕмӕн дӕ номӕй –

    Е нӕ кувд ӕй.

  2. Кӕд фӕттӕрсӕн еуӕй-еухатт,

    Алкӕд нин ӕнхус кӕнис.

    Зонис ӕй, ругӕй конд ке ан,

    ’Ма нин хъауритӕ дӕттис.

    Тӕрсун кӕнунцӕ знӕгтӕ,

    Ӕма дӕ масти хай уӕнтӕ.

    Мах идарддӕр хуарз хабар дзорӕн,

    Цӕмӕй кадгин уа де ’стур ном.

    БАЗАРД

    Банхус нин кӕнӕ, Йеговӕ,

    Цӕмӕй мацӕмӕй тӕрсӕн.

    Раттӕ нифс, цӕмӕй дин алкӕд

    Де ’стур ном бӕрзонд кӕнӕн.

    Хӕстӕг ӕй нур Армагеддон,

    Уо нӕ фарсмӕ, ’ма уа нӕ бон

    Дзорун адӕмӕн дӕ номӕй –

    Е нӕ кувд ӕй.