Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

43 ЗАР

Арфи кувд

Арфи кувд

(Псалом 95:2)

  1. 1. Кадгин Йеговӕ, дӕуӕн кӕнӕн арфӕ.

    Фегъосӕ, корӕн, нӕ кувд ӕй дӕумӕ.

    Дӕубӕл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр дарӕн,

    Зонӕн ӕй, ду дӕ нӕ Дарӕг Фидӕ.

    Ан мах ӕнӕнхӕст, фӕррӕдуйӕн арӕх.

    Корӕн ди хатир, кӕнӕн дин лигъстӕ.

    Мах балхӕдтай ду хъӕбӕр устур аргъӕй.

    Зонис нӕ еугур лӕмӕгъдзийнӕдтӕ.

  2. 2. Арфӕ кӕнӕн мах дӕуӕн, о Йеговӕ –

    Уарзис, нимайис нӕ де ’мбӕлттӕбӕл.

    Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нӕ лӕггадӕй

    Бавдесӕн, еузӕрдон ке ан дӕубӕл.

    Арфӕ дин, хай нин ке раттис дӕ хъаурӕй,

    Ма нифсгунӕй ке игъосун кӕнӕн.

    Цийнӕдзийнадӕ хӕссуй нин лӕггадӕ,

    Арфӕ кӕндзиан мах ӕдзохдӕр дӕуӕн.