Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

Дзуапп Библийӕ

 Адӕймагмӕ арӕх фӕзыны ахӕм фарста, цӕмӕн цӕрын, зӕгъгӕ. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг уый тыххӕй цӕры, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахс кӕна ӕмӕ йе ’мбал суа. Ӕркӕс-ма Библийы ахсджиаг ахуырӕдтӕй цалдӕрмӕ.

  •   Хуыцау у не Сфӕлдисӕг. Библи зӕгъы: «[Хуыцау] нӕ сфӕлдыста, мах нӕхӕдӕг не сфӕлдыстам нӕхи» (Псалом 100:3; Раргомад 4:11).

  •   Хуыцаумӕ ис бӕлвырд фӕнд, цыдӕриддӕр ӕмӕ кӕйдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй (Исай 45:18).

  •   Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй ӕмбарӕм, ӕнӕ уымӕй «цӕрӕн кӕй нӕй, уый». Стӕй афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды базонын, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый (Матфейы 5:3). Ӕмӕ Хуыцауы дӕр фӕнды, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ ӕмбарӕм (Псалом 145:16).

  •   Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый бамбарӕм, йӕ хӕлӕрттӕ куы свӕййӕм, уӕд. Чи зоны, исчи зӕгъа, адӕймаг Хуыцауы хӕлар суа, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8; 2:23).

  •   Цӕмӕй Хуыцауы хӕлар уай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ цард аразай, мах тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцаумӕ цы фӕнд ис, уый тыххӕй Екклесиасты 12:13 стихы фыст ис: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс».

  •   Фидӕны Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн, ома йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн, ӕнусон цард ратдзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Псалом 37:10, 11).