Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Рождествойы тыххӕй Библи цы дзуры?

Рождествойы тыххӕй Библи цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

 Чырысти цы бон райгуырд, стӕй уыцы бон бӕрӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Иу чиныджы фыст ис: «Рождество бӕрӕг кӕнын Хуыцау нӕ бафӕдзӕхста, стӕй Ног Фӕдзӕхсты дӕр уый кой никуы ис» (McClintock and Strong’s Cyclopedia).

 Рождество куыд райдыдтой бӕрӕг кӕнын, уый куы раиртасӕм, уӕд фендзыстӕм, уыцы бӕрӕгбон мӕнг динты ӕгъдӕуттӕй кӕй равзӕрд. Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, махмӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ йын куы кувӕм, уӕд (Рацыд 32:5–7).

Рождествойы ӕгъдӕуттӕ кӕцӕй равзӕрдысты

  1.   Чырыстийы гуырӕнбон бӕрӕг кӕнын. Иу энциклопедийы фыст ис: «Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ [Йесо Чырыстийы] гуырӕнбон нӕ бӕрӕг кодтой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, искӕй гуырӕнбон бӕрӕг кӕнын уыд мӕнг дины ӕгъдау» (The World Book Encyclopedia).

  2.   7 январь (кӕнӕ 25 декабрь). Чырысти уыцы бон кӕй райгуырд, уымӕн ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Аргъуан уыцы бон, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй равзӕрста, ӕмӕ бирӕ хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм уыцы бон бӕрӕг кодтой зымӕгон хурхӕтӕны афон.

  3.   Лӕвӕрттӕ, бадтытӕ, уазджытӕ. Иу энциклопедийы фыст ис: «Сатурналиты бӕрӕгбон ромӕгтӕ бӕрӕг кодтой декабры астӕу. Уыцы бӕрӕгбонӕй равзӕрдысты Рождествойы хъӕлдзӕг ӕгъдӕуттӕй бирӕтӕ. Зӕгъӕм, фӕзынд ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ-иу дзаджджын фынгтӕ ӕрӕвӕрдтой, кӕрӕдзийӕн-иу лӕвӕрттӕ кодтой ӕмӕ-иу цырӕгътӕ ссыгътой» (The Encyclopedia Americana). Иннӕ энциклопедийы та куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу Сатурналиты рӕстӕг «адӕм ӕппындӕр нӕ куыстой» (The Encyclopædia Britannica).

  4.   Рождествойы цырӕгътӕ. Иу энциклопедимӕ гӕсгӕ Европӕйы цӕрӕг адӕм-иу «сӕ хӕдзӕрттӕ цырӕгътӕй ӕмӕ заз бӕласы къалиутӕй срӕсугъд кодтой», цӕмӕй-иу зымӕгон хурхӕтӕны афон сбӕрӕг кодтаиккой ӕмӕ-иу сау тыхтӕ асырдтаиккой (The Encyclopedia of Religion).

  5.   Омелӕ, остролист. Ныгуылӕн бӕстӕты ацы зайӕгойтӕй Рождествойы бӕрӕгбоны арӕх сӕ хӕдзӕрттӕ срӕсугъд кӕнынц. Иу чиныджы фыст ис: «Друидтӕ афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ омелӕйӕн ис цыдӕр ӕнахуыр тых. Остролист та сӕрдӕй-зымӕгӕй уыд цъӕх, ӕмӕ йӕ нымадтой хуры райгуырды нысаныл ӕмӕ йын куывтой» (The Encyclopedia Americana).

  6.   Рождествойы заз бӕлас. Иу энциклопедийы фыст ис: «Европӕйы бирӕ хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм куывтой бӕлӕстӕн, ӕмӕ сын чырыстон дин куы райсын кодтой, уӕд дӕр сӕм уыцы ӕгъдау баззад». Абоны онг дӕр уыцы ӕгъдау нӕ халынц – «зымӕгон бӕрӕгбӕтты рӕстӕг хӕдзары бахизӕны кӕнӕ мидӕгӕй заз бӕлас сӕвӕрынц» (Encyclopædia Britannica).