Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дзуттӕгты цагътаиккой?

Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дзуттӕгты цагътаиккой?

 Бирӕтӕ ацы фарста уымӕн фӕдӕттынц, ӕмӕ, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дзуттӕгты куы цагътой (Холокост), уӕд дзы сӕ хиуӕттӕ фӕмард сты. Ӕмӕ сӕ уыцы фарстатӕн ӕрмӕст дзуапп базонын нӕ фӕнды, фӕлӕ ма сӕ фӕнды, цӕмӕй удӕнцой ссарой. Чидӕртӕ та зӕгъынц, Холокост кӕй у, адӕм цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонӕй ӕппӕты ӕгъатырдӕр хъуыддаг, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Хуыцау нӕ уырны.

Ӕрымысгӕ ныхӕстӕ

  Мӕнг ныхас. Хуыцау Холокосты дзуттӕгты цӕгъдын цӕмӕн бауагъта, зӕгъгӕ, ахӕм фарста дӕттын раст нӕу.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Фидар уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыцы адӕймӕгтӕм дӕр-иу фӕзынд ахӕм фарста, зӕгъгӕ, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы. Зӕгъӕм, пехуымпар Аввакум Хуыцауы бафарста: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз? Мӕ цӕстыты раз... тыхми кӕнынц... кӕрӕдзи хӕрынц» (Аввакум 1:3). Хуыцау Аввакумӕн уайдзӕф нӕ бакодта уыцы фарстаты тыххӕй, фӕлӕ ма йын сӕ Библийы дӕр ныффыссын кодта, цӕмӕй сӕ адӕм иууылдӕр кӕсой.

  Мӕнг ныхас. Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау йе сӕфт уыны фыддзинадӕй ӕмӕ адӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19). Нойы заман зӕххыл фыдхъуыддӕгтӕ афтӕ сарӕх сты, ӕмӕ Йегъовӕйӕн «йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райдиан 6:5, 6). Фидарӕй зӕгъӕн ис, Холокосты дзуттӕгты куы цагътой, уӕд дӕр Хуыцау тынг кӕй маст кодта (Малахи 3:6).

  Мӕнг ныхас. Холокосты дзуттӕгты кӕй цагътой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ Хуыцау бафхӕрдта.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Фыццаг ӕнусы Хуыцау бауагъта, цӕмӕй ромӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтаиккой (Матфейы 23:37–24:2). Фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцау иу адӕмыхатт иннӕйӕ уӕлдӕр никуы ӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ афтӕмӕй йе йӕ хорзӕхӕй схайджын кодтаид йе та сӕ ӕфхӕргӕ бакодтаид. Хуыцауӕн «ницы уӕлдай у», адӕймаг дзуттаг уа ӕви ӕндӕр адӕмыхаттӕй (Ромӕгтӕм 10:12).

  Мӕнг ныхас. Хуыцау адӕмы куы уарзид ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын куы уаид, уӕд ахӕм хабар не ’руагътаид.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау адӕмӕн хъизӕмӕрттӕ никуы бавзарын кӕны, фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт ахӕм хабӕрттӕ рӕстӕгмӕ бауадзы (Иаковы 1:13; 5:11).

Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Холокосты дзуттӕгты цагътаиккой?

 Адӕм цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдон се ’ппӕт дӕр цӕй тыххӕй уадзы, раст уый тыххӕй: кӕддӕр цы дзырддаг фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн хъуамӕ дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕуа. Библи нын ӕргом дзуры, ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, Хуыцау нӕ, фӕлӕ (Лукайы 4:1, 2, 6; Иоанны 12:31). Ӕркӕсӕм Библийӕ дыууӕ хъуыдымӕ ӕмӕ базонӕм, Хуыцау Холокосты дзуттӕгты цӕгъдын цӕмӕн бауагъта, уый.

  1.   Хуыцау адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймагӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, радта фӕдзӕхст, фӕлӕ сын ӕй тыхӕй не ’ххӕст кӕнын кодта. Уыдоны бафӕндыд, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой. Раст фӕндаг кӕй нӕ равзӕрстой, уый адӕмӕн ӕрхаста бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн дӕр сӕ фылдӕр уыцы фӕндагыл цӕуынц (Райдиан 2:17; 3:6; Ромӕгтӕм 5:12). Иу чиныджы фыст ис: «Адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй нӕ пайда кӕнынц, хъизӕмӕрттӕ дӕр сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕвзарынц» (Statement of Principles of Conservative Judaism). Хуыцау адӕмӕн сӕ сӕрибардзинад нӕ байста, фӕлӕ сын рӕстӕг радта, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй цӕрын бафӕлвӕрдтаиккой.

  2.   Хуыцау афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, Холокост цы зиан ӕрхаста, уымӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, чи амард, уыдонӕй милуангай адӕймӕгты фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, уыимӕ, Холокосты чи амард, уыдоны дӕр. Стӕй афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, Холокосты чи аирвӕзт ӕмӕ стыр маст чи бавзӕрста, уыдонӕн уыцы маст сӕ зӕрдӕйы нал баззайдзӕн (Исай 65:17; Хъуыддӕгтӕ 24:15). Хуыцау адӕмы уарзы, ӕмӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнгдӕр сӕххӕст кӕндзӕн (Иоанны 3:16).

 Холокосты рӕстӕг чи амард ӕмӕ дзы чи аирвӕзт, уыдонӕй бирӕтӕ зыдтой, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой. Уыдон ӕмбӕрстой, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы ӕмӕ цы сараздзӕн, цӕмӕй, фыддзинад цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ кой дӕр мауал уа.