Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хӕйрӕг кӕм цӕры?

Хӕйрӕг кӕм цӕры?

Дзуапп Библийӕ

 Хӕйрӕг ӕнӕуынгӕ тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, кӕм цӕры, уый нӕ бон фенын нӕу. Фӕлӕ йӕ цӕрӕнбынат зындоны арт нӕу, ома фыдгӕнджыты хъизӕмарӕй кӕм мары, ахӕм бынат, ацы статьяйы нывы куыд ӕвдыст цӕуы, афтӕ.

«Уӕлӕрвты... хӕст»

 Цасдӕр рӕстӕг Хӕйрӕг царди уӕлӕрвты, Хуыцау ӕмӕ зӕдтӕ кӕм сты, уым, ӕмӕ-иу Хуыцауы раз иузӕрдион зӕдтимӕ ӕрлӕууыд (Иов 1:6). Фӕлӕ Библийы рагацау ӕрцыд фыст, «уӕлӕрвты... хӕст» кӕй райдайдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй «зӕхмӕ ӕппӕрст [кӕй] ӕрцӕудзӕн» (Раргомад 12:7–9). Библийы хронологийӕ, стӕй зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, уыцы хӕст кӕй уыд. Ӕмӕ ныр Хӕйрӕг ис зӕххыл, уӕлӕрвтӕм цӕуыны бар ын нал ис.

 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хӕйрӕг зӕххыл кӕмдӕр бӕлвырд ран цӕры? Зӕгъӕм, Библи рагон горӕт Пергам хоны, «Сайтаны бадӕн кӕм ис» ӕмӕ «Сайтан кӕм цӕры», уыцы горӕт (Раргомад 2:13). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, амонынц, уыцы горӕты Хӕйрӕгӕн бирӕтӕ кӕй куывтой, уымӕ. Библийы фыст ис, Хӕйрӕгӕн йӕ бар кӕй цӕуы, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоныл. Уый зӕххыл кӕмдӕр бӕлвырд ран нӕ цӕры, фӕлӕ уӕддӕр зӕххӕй дарддӕр йӕ бон никуыдӕм у ацӕуын (Лукайы 4:5, 6).