Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Нӕ хъизӕмӕрттӕ иууылдӕр Хӕйрӕджы аххосӕй сты?

Нӕ хъизӕмӕрттӕ иууылдӕр Хӕйрӕджы аххосӕй сты?

Дзуапп Библийӕ

 Библи нын ӕргом кӕны, Хӕйрӕг, кӕнӕ Сайтан, ӕцӕгдӕр кӕй ис. Хӕйрӕг фыдгӕнджыты хистӕрӕй уӕлдай нӕу. Уый «мӕнг нысӕнттӕ» ӕвдисы ӕмӕ алы «сайӕн митӕ» кӕны, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хӕйрӕг «йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9, 10; 2 Коринфӕгтӕм 11:14). Хӕйрӕг кӕй ис, уый бӕрӕг у, адӕмӕн цы маст ӕмӕ цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕны, уымӕй.

 Фӕлӕ нӕ хъизӕмӕрттӕ иууылдӕр Хӕйрӕджы аххос не сты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон у равзарын, хорздзинад араздзӕн ӕви ӕвзӕрдзинад (Йесо Навин 24:15). Раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссӕм, уӕд хорзӕй ницы ӕркӕрддзыстӕм (Галатӕгтӕм 6:7, 8).