Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Ӕхца ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты Библи ӕххуыс кӕны?

Ӕхца ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты Библи ӕххуыс кӕны?

Дзуапп Библийӕ

 Ӕхца ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты нын баххуыс кӕндзысты цыппар уагӕвӕрды Библийӕ.

  1.   Ӕхца цӕуыл хардз кӕндзынӕ, уый-иу спълан кӕн. «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда, тагъд чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Дзаума асламдӕрӕй кӕй уӕй кӕнынц, ӕрмӕст уый тыххӕй йӕ ма ӕлхӕн, фӕлӕ дӕ ӕцӕгдӕр куы хъӕуа, уӕд. Де ’хца куыд ӕмӕ цӕуыл хардз кӕндзынӕ, уый пълан кӕн ӕмӕ-иу уымӕй фылдӕр ма бахардз кӕн.

  2.   Ӕнӕхъуаджы хӕстӕй дӕхи хиз. «Хъӕздыг у мӕгуыртӕн хицау, ӕмӕ ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар» (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Кӕд хӕстӕ дарыс ӕмӕ сӕ дӕ бон бафидын нӕу, уӕд уыцы адӕмимӕ аныхас кӕн, цӕмӕй ма дын рӕстӕг раттой. Иуӕй-иутӕ, нӕ ахъуыды кӕнынц, афтӕмӕй кӕйдӕр тыххӕй дзырд раттынц, йӕ хӕс бафиддзӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, сӕхӕдӕг хӕсджын свӕййынц. Библийы уый фӕдыл цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ бацархай: «Бацу йӕм, дӕхи йӕ разы ӕрныллӕг кӕн ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕн. Дӕ цӕстытӕм хуыссӕг хӕстӕг ма бауадз, цъынд дӕр сӕ ма ’ркӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 6:1–5). Хӕс кӕмӕй дарыс, уый куы нӕ разы кӕна, уӕд дӕр-иу ын лӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй дын рӕстӕг ратта.

  3.   Ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕс. «Хӕлӕггӕнаг адӕймаг бафты мулкыл, фӕлӕ йӕ нӕ зоны, кӕй смӕгуыр уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 28:22). Хӕлӕггӕнаг ӕмӕ зыдгӕнаг куы уӕм, уӕд нӕ уый ӕрмӕст ӕхцаимӕ баст зындзинӕдтӕм не ’ркӕндзӕн, фӕлӕ ма нӕ уырнындзинадӕн дӕр уыдзӕн тӕссаг.

  4.   Цы дын ис, уый фагыл нымай. «Хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ [нын], кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тимофеймӕ 6:8). Амонд ӕхцайӕ нӕ балхӕндзынӕ, стӕй ӕрмӕст ӕхцайы фӕрцы дӕ цардӕй райгонд нӕ уыдзынӕ. Зӕххыл ӕппӕты амондджындӕр адӕмӕй бирӕтӕ хъӕздыг не сты, фӕлӕ сын уӕддӕр ис, адджынӕй кӕимӕ цӕрынц, ахӕм бинонтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ (Ӕмбисӕндтӕ 15:17; 1 Петры 5:6, 7).