Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОНАФАН

«Зӕрдӕйӕн... адджын сси»

«Зӕрдӕйӕн... адджын сси»

 Тох фӕци, ӕмӕ Илӕйы дӕлвӕзы иу уынӕр дӕр нал хъуыст. Фӕссихор фӕлмӕн дымгӕ ӕфсӕддон цатыры кӕрӕттӕ змӕлын кодта, паддзах Саул та цалдӕр адӕймагимӕ бадт. Уым уыди йӕ хистӕр фырт Ионафан дӕр, ӕмӕ сын иу ӕрыгон фыййау зӕрдиагӕй цыдӕр хабар дзырдта. Уыцы лӕппу уыди Давид, ӕмӕ уыди тынг зынгзӕрдӕ. Саул Давидмӕ афтӕ лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕй иу дӕр нӕ ауагъта. Цымӕ Ионафан та цы хъуыды кодта? Йегъовӕйы ӕфсады лӕггад кӕнгӕйӕ знӕгтыл бирӕ хӕттыты фӕуӕлахиз. Фӕлӕ абоны тохы Ионафан нӕ фӕуӕлахиз; уыцы ӕрыгон лӕппу уыд уӕлахиздзау. Давид амардта уӕйыг Голиафы! Цымӕ кад иууылдӕр Давидмӕ кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй йӕм Ионафан хӕлӕг кодта?

 Ионафан куыд бакодта, уый дӕ, чи зоны, дисы бафтауа. Библийы кӕсӕм: «Давид Саулимӕ ныхас куы фӕци, уӕд Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн афтӕ адджын сси, ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта». Ионафан Давидӕн йӕ хӕстон уӕлӕдарӕс ӕмӕ йе ’рдын радта – уый стыр лӕвар уыд, уымӕн ӕмӕ Ионафан зындгонд фатӕхсӕг уыд. Уымӕй уӕлдай ма, Ионафан ӕмӕ Давид скодтой бадзырд – кадджын фидыд. Уыцы бадзырд ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ӕмбӕлттӕ уыдзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕндзысты (1 Самуилы 18:1–5).

 Афтӕ райдыдта дыууӕ адӕймаджы диссаджы хӕлардзинад, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ӕрцыд Библийы. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ахсджиаг у, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ уа. Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, стӕй куы архайӕм, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр иузӕрдион ӕмбӕлттӕ уӕм ӕмӕ баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн кӕрӕдзийы уырнындзинад фидар кӕнын ацы хиуарзон дунейы (Ӕмбисӕндтӕ 27:17). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Ионафаны хӕлардзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

Хорз бындур хӕлардзинадӕн

 Цымӕ афтӕ тагъд хорз ӕмбӕлттӕ цӕй фӕрцы ссисты? Сӕ хӕлардзинады бындур цы уыд, уый куы базонӕм, уӕд дзуапп дӕр базондзыстӕм. Ӕркӕсӕм-ма сын сӕ царды хабӕрттӕм. Ионафан царди зын рӕстӕджы. Йӕ фыд, паддзах Саул, тынг аивта ӕмӕ азӕй-азмӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодта. Саул раздӕр уыд сӕрныллӕг, коммӕгӕс ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг, фӕлӕ сси сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс паддзах (1 Самуилы 15:17–19, 26).

 Саул афтӕ кӕй фӕивта, уый Ионафаны стыр мӕты ӕфтыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ фыдимӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдысты (1 Самуилы 20:2). Ӕвӕццӕгӕн, Ионафан хъуыды кодта, Саул Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмӕн цас зиан ӕрхастаид, ууыл. Цымӕ уый гӕнӕн уыд, ӕмӕ ӕгоммӕгӕс паддзахы тыххӕй адӕм рӕдыд фӕндагыл цӕуын райдайой ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ионафаны хуызӕн Хуыцауыл ӕнувыд адӕймагӕн уый зын рӕстӕг уыди.

 Уыцы хабӕртты фӕрцы бамбардзыстӕм, Ионафан ӕрыгон Давиды йӕхицӕн ӕмбалӕн цӕмӕн равзӕрста, уый. Ионафан уыдта, Давид стыр уырнындзинады хицау кӕй уыд. Хъуыды йӕ кӕнут, Саулы ӕфсады чи уыд, уыдонӕй уӕлдай Давид Голиафӕй кӕй нӕ фӕтарсти, кӕд тынг стыр уыди, уӕддӕр. Уый ӕмбӕрста, тохмӕ Йегъовӕйы номимӕ кӕй рацыд, уый фӕрцы Голиафӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй уыд, кӕд уымӕ хӕцӕнгарз уыд, уӕд дӕр (1 Самуилы 17:45–47).

 Бирӕ азты размӕ Ионафан дӕр ахӕм зондыл хӕст уыд. Фидарӕй йӕ уырныдта, дыууӕ адӕймагӕн – йӕхицӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн – сӕ бон кӕй суыдзӕн ӕфсӕддонты къордмӕ бабырсын ӕмӕ сӕ ныццӕгъдын. Цымӕ цӕмӕн? Ионафан загъта: «Йегъовӕйӕн бирӕ адӕмы фӕрцы дӕр йӕ бон у фервӕзын кӕнын ӕмӕ гыццыл адӕмы фӕрцы дӕр» (1 Самуилы 14:6). Ионафан ӕмӕ Давид бирӕ цӕмӕйдӕрты уыдысты ӕмхуызон: Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзтой. Ӕмӕ уый уыд ӕппӕты хуыздӕр бындур сӕ хӕлардзинадӕн. Кӕд Ионафан паддзахы фырт уыди ӕмӕ йыл иу-50 азы бӕрц цыди, Давид та иу-20-аздзыд хуымӕтӕг фыййау уыд, уӕддӕр сӕ уый нӕ хъыгдардта *.

 Цы бадзырд скодтой, уый сын сӕ хӕлардзинад хъахъхъӕдта. Куыд? Куыд федтам, афтӕмӕй Давид зыдта, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй Саулы фӕстӕ Израилы паддзах суа. Цымӕ йӕ Ионафанӕй сусӕг кодта? Нӕ! Хорз ӕмбӕлттӕ ӕргом фӕныхас кӕнынц, кӕрӕдзийӕ ницы фӕсусӕг кӕнынц ӕмӕ нӕ фӕсайынц. Давид паддзах кӕй хъуамӕ суыдаид, уымӕ Ионафан цы цӕстӕй каст? Мыййаг, Ионафаны ныфс уыд, иубон паддзах кӕй суыдзӕн ӕмӕ йӕ фыды рӕдыдтытӕ кӕй сраст кӕндзӕн? Библийы ницы ис фыст, уый фӕдыл Ионафан цы хъуыды кодтаид, уый тыххӕй. Фӕлӕ дзы дзырд цӕуы, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, ууыл – йӕ иузӕрдиондзинадыл ӕмӕ йӕ уырнындзинадыл. Уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, Давидыл Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕй ис (1 Самуилы 16:1, 11–13). Уӕдӕ Ионафан Давидӕн цы дзырд радта, ууыл фидар хӕцыд ӕмӕ Давидмӕ знаджы цӕстӕй нӕ каст, фӕлӕ хӕлары цӕстӕй. Ионафаны фӕндыд фенын, Йегъовӕйы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый.

Ионафан дӕр ӕмӕ Давид дӕр Йегъовӕ Хуыцауыл фидарӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕ тынг уарзтой

 Уыцы хӕлардзинад уыд стыр арфӕдзинад. Ионафаны уырнындзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцауы лӕгадгӕнджытӕ зонынц, хӕлардзинад куыд зынаргъ у. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй не ’мбӕлттӕ нӕхи карӕнтӕ уой кӕнӕ мах хуызӕн уавӕрты цӕрой. Фӕлӕ сӕм фидар уырнындзинад куы уа, уӕд ныл хорзырдӕм ӕндавдзысты. Ионафан ӕмӕ Давид кӕрӕдзийы бирӕ хӕттыты бафидар кодтой ӕмӕ-иу кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтыдтой. Ахӕм ӕххуыс сӕ дыууӕйы дӕр хъуыди, уымӕн ӕмӕ сӕ хӕлардзинадмӕ нырма стыр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст.

Фыццаджыдӕр иузӕрдион кӕуыл уыдзӕн

 Райдианы Саул Давиды тынг бауарзта ӕмӕ йӕ йе ’фсады хистӕрӕй сӕвӕрдта. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Саулмӕ фӕзынд ӕвзӕр миниуӕг, уыцы миниуӕгӕн Ионафан йӕ зӕрдӕйы бынат кӕнын нӕ бауагъта. Уый уыди хӕлӕг. Давид Израилы знӕгтыл, филистимӕгтыл, цалдӕр хатты фӕуӕлахиз. Уый тыххӕй Давиды кадджын кодтой ӕмӕ дзы ӕппӕлыдысты. Израилы сылгоймӕгтӕ ма зарӕг дӕр скодтой: «Саул знӕгтӕй амардта минтӕ, Давид та – дӕсгай минтӕ». Саулӕн уыцы зарӕг йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди. Библийы кӕсӕм: «Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Саул Давидмӕ зулцӕстӕй кӕсын райдыдта» (1 Самуилы 18:7, 9). Саул тарсти, Давид ын йӕ бынат куы байса. Куыд тынг рӕдыди! Давид зыдта, Саулы фӕстӕ паддзах кӕй уыдзӕн, фӕлӕ никуы архайдта Йегъовӕйы сӕрст паддзахы, нырма бартӕ кӕй къухы уыдысты, уый бынат бацахсыныл!

 Саул архайдта, цӕмӕй Давиды тохы амардтаиккой, фӕлӕ йӕ фӕндӕй ницы рауад. Давид алы тохы дӕр уӕлахиз кодта, ӕмӕ йӕ адӕм дӕр тынгдӕр уарзтой ӕмӕ йын аргъ кодтой. Уый фӕстӕ Саул йӕ хистӕр фырт ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, Давиды амарын ӕй кӕй фӕнды. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Ионафанӕн куыд зын уыдаид, йӕ фыды фӕнд куы базыдта, уӕд! (1 Самуилы 18:25–30; 19:1). Ионафан уыд иузӕрдион фырт, фӕлӕ ма иузӕрдион ӕмбал дӕр уыд. Цымӕ тынгдӕр кӕуыл уыдзӕн иузӕрдион?

 Ионафан загъта: «Паддзах йӕ цагъар Давиды тӕригъӕды ма бацӕуӕд, уымӕн ӕмӕ дӕ разы ницы тӕригъӕд ракодта, хорз йеддӕмӕ дын ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Йӕ цардӕн тӕссаг уыд, афтӕмӕй амардта филистимаджы, ӕмӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта ӕгас Израил дӕр. Ды уый куы федтай, уӕд цин кодтай. Ӕмӕ дын уӕдӕ Давид куы ницы кодта, уӕд ӕй цӕмӕн марыс ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы тӕригъӕды цӕмӕн цӕуыс?» Ацы хатт Саул Ионафанмӕ байхъуыста ӕмӕ ма йын дзырд дӕр радта, Давиды кӕй нӕ амардзӕн. Фӕлӕ Саул йӕ ныхасӕн хицау нӕ разынд. Давид та знӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд ӕм Саул мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йыл арц фехста! (1 Самуилы 19:4–6, 9, 10). Фӕлӕ Давид йӕхи фӕиуырдӕм кодта ӕмӕ Саулы хӕдзарӕй алыгъд.

 Дӕу искуы хъуыд равзарын, тынгдӕр кӕуыл уыдзынӕ иузӕрдион? Уый ӕнцон нӕ вӕййы. Ахӕм уавӕрты дын, чи зоны, исчи зӕгъа, дӕ бинонтӕ дын алкӕддӕр сӕйрагдӕр кӕй хъуамӕ уой. Фӕлӕ Ионафан зыдта, уый алы хатт раст кӕй нӕ вӕййы. Уӕдӕ йӕ фыды фарс куыд хъуамӕ рахӕцыдаид, кӕд ӕмӕ Давид Йегъовӕйы иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс лӕггадгӕнӕг уыд? Уымӕ гӕсгӕ Ионафан Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайдта, ӕмӕ Давиды сӕрыл дӕр уый тыххӕй рахӕцыд. Стӕй кӕд Ионафан фыццаджыдӕр Хуыцауыл уыд иузӕрдион, уӕддӕр йӕ фыдыл дӕр уыд иузӕрдион. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыд, йӕ фыды фехъусын цы фӕндыд, уый кӕй нӕ загъта, фӕлӕ йын йӕ хъуыды ӕргом кӕй бамбарын кодта, уымӕй. Хорз уыдзӕн, мах дӕр Ионафанау иузӕрдион куы уа, уӕд.

Тӕссаг уавӕрты дӕр иузӕрдион

 Ионафан та ногӕй архайдта, цӕмӕй Саул Давидимӕ бафидыдтаид, фӕлӕ йӕм ацы хатт Саул хъусгӕ дӕр нӕ бакодта. Давид Ионафанимӕ сусӕгӕй фембӕлд ӕмӕ йын загъта, йӕ цардӕн кӕй тӕрсы. Йӕ хистӕр ӕмбалӕн загъта: «Мӕлӕтмӕ мӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ нӕ хъӕуы!» Ионафан ын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фыд цы бакӕнынмӕ хъавы, уый кӕй базондзӕн ӕмӕ йӕ стӕй Давидӕн кӕй фехъусын кӕндзӕн. Хъуамӕ Давид бамбӕхстаид ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кастаид, стӕй йын Ионафан ӕрдын ӕмӕ фатты фӕрцы хабар бамбарын кодтаид. Ӕрмӕст Ионафан Давиды расомы кӕнын кодта: «Ды мын мӕ бинонты де ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай никуы фӕкӕндзынӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ Давиды знӕгты... фесафдзӕн, иу дӕр дзы... нал ныууадздзӕн зӕххыл». Давид загъта, Ионафаны бинонтыл алкӕддӕр кӕй тыхсдзӕн ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн (1 Самуилы 20:3, 13–27).

 Ионафаны фӕндыд Саулӕн Давиды хорзы кой ракӕнын, фӕлӕ уый мӕстӕй рафыхт! Уый Ионафаны схуыдта «налат сылгоймагӕй гуырд» ӕмӕ йын загъта, Давидыл иузӕрдион кӕй у, уымӕй йӕ бинонты кӕй худинаг кӕны. Архайдта, цӕмӕй Ионафан йӕхи пайдайыл хъуыды кодтаид ӕмӕ йын загъта: «Цалынмӕ Йессейы фырт а зӕххыл цӕра, уӕдмӕ дӕ паддзахад фидар нӕ фӕлӕудзӕн». Фӕлӕ та Ионафан йӕ фыдӕн балӕгъстӕ кодта: «Цӕмӕн ӕй хъӕуы марын? Цы сарӕзта ахӕмӕй?» Саулы маст та ноджы тынгдӕр рафыхт! Кӕд Саул ацӕргӕ уыд, уӕддӕр нырма хъаруджын ӕфсӕддон уыд, ӕмӕ йӕ фыртыл арц фехста! Арц ӕхсынмӕ хорз арӕхст, ӕви нӕ, уый ахсджиаг нӕу, сӕйрагдӕр у Ионафаныл кӕй не суад. Ионафан йӕхимӕ ӕфхӕрд ӕмӕ ӕгад ӕркаст, ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ ацыд (1 Самуилы 20:24–34).

Ионафаны иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд ӕрцыд

 Дыккаг бон райсомӕй Ионафан ацыд, Давид кӕм ӕмбӕхст, уыцы бынатмӕ ӕввахс цы быдыр уыд, уырдӕм. Ӕмӕ куыд баныхас кодтой, афтӕ фат фехста, цӕмӕй Давид бамбӕрстаид, Саул ӕй раздӕрау марынмӕ кӕй хъавы. Стӕй Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕджы фӕстӕмӕ горӕтмӕ арвыста. Давидимӕ иунӕгӕй куы баззадысты, уӕд сын аныхас кӕныны фадат фӕци. Дыууӕ нӕлгоймаджы дӕр фӕкуыдтой. Ионафанӕн зын уыд йе’рыгон ӕмбалӕн хӕрзбон зӕгъын, уымӕн ӕмӕ ныр Давиды ӕмбӕхсын хъуыд (1 Самуилы 20:35–42).

 Уыцы зын уавӕрты Ионафан равдыста, иузӕрдион кӕй уыд ӕмӕ йӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кодта. Хӕйрӕг Хуыцауы иузӕрдион адӕмы знаг у, ӕмӕ Ионафан Саулы хуызӕн куы уыдаид ӕмӕ йын сӕйрагдӕр йӕхи кад ӕмӕ фӕндтӕ куы уыдаиккой, уӕд цин кодтаид. Ма рох кӕнӕм, Хӕйрӕг уарзы адӕмы ахӕм зондыл аразын, цӕмӕй сӕ хивӕнд фӕндты фӕдыл цӕуой. Уый йӕ къухы бафтыд, нӕ рагфыдӕлты, Адам ӕмӕ Евӕйы, Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕд (Райдиан 3:1–6). Фӕлӕ йын Ионафанимӕ ницы рауад. Хӕйрӕг куыннӕ фӕфыдӕнхъӕл! Ды дӕр Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууыс? Мах ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, адӕм алы ран дӕр сӕхи уды мӕт йеддӕмӕ никӕй мӕт кӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Ионафан удуӕлдай ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Ионафан Давиды иузӕрдион ӕмбал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕхи бахъахъхъӕдтаид

«Тынг адджын мын уыдтӕ»

 Саул Давидӕй йӕ удхӕссӕг афтӕ федта, ӕмӕ йӕ бон ӕндӕр ницӕуыл уыд хъуыды кӕнын. Ионафан уыдта йӕ фыды ӕнӕзонд митӕ, фӕлӕ йын йӕ бон ницы уыд. Саул ӕфсад ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ ацыд ӕнаххос адӕймаджы агурынмӕ, цӕмӕй йӕ амардтаид (1 Самуилы 24:1, 2, 12–15; 26:20). Цымӕ Ионафан дӕр семӕ уыд? Фыстады уый тыххӕй ӕппындӕр ницы фыст ис. Ионафан иузӕрдион уыд Йегъовӕйыл ӕмӕ Давидыл, ӕмӕ йе ’мбалӕн цы дзырд радта, уый йын ахӕм хъуыддӕгты архайыны бар нӕ лӕвӕрдта.

 Ионафан йе ’рыгон ӕмбалыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд фадат ссардта, цӕмӕй Давидимӕ фембӕлдаид. Ӕмӕ фембӕлдысты Хорешы, нысан кӕны хъӕд. Хореш уыд хъӕддаг бынат, хӕхбӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, Хевронӕй хуссар-скӕсӕнырдӕм цалдӕр километры дарддӕр. Уыцы лыгъд адӕймаджы феныны тыххӕй Ионафан йӕхи тӕссаг уавӕры цӕмӕн ӕппӕрста? Библийы фыст ис, кӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй Давиды «Хуыцауы ныфсӕй бафидар кодтаид» (1 Самуилы 23:16). Куыд?

 Ионафан йе ’рыгон ӕмбалӕн загъта: «Ма тӕрс». Стӕй дзы ныфс бауагъта: «Мӕ фыд Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ». Ацы ныхӕстӕ йын цӕмӕ гӕсгӕ загъта? Ионафан фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йын загъта: «Ды уыдзынӕ Израилы паддзах». Бирӕ азты размӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта пехуымпар Самуил дӕр, ӕмӕ ныр Ионафан Давиды зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Цымӕ Ионафан йӕхи фидӕны тыххӕй та цы хъуыды кодта? «Ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг». Диссаджы сӕрныллӕгдзинад! Разы уыд, йӕхицӕй 30 азы кӕстӕр чи уыд, уыцы адӕймаджы дӕлбар лӕггад кӕнын ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнын! Фӕстагмӕ ма Ионафан загъта: «Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый мӕ фыд Саул дӕр зоны» (1 Самуилы 23:17, 18). Саул йӕ зӕрдӕйы мидӕг зыдта, Йегъовӕ йӕ бӕсты паддзахӕй кӕй равзӕрста, уыцы адӕймагыл кӕй нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн!

Зын рӕстӕг Ионафан Давиды бафидар кодта

 Бирӕ азты фӕстӕ дӕр ма-иу Давид ӕхсызгонӕй ӕрымысыд уыцы фембӕлд. Уый уыд сӕ фӕстаг фембӕлд. Хъыгыгӕн, Ионафаны куыд фӕндыд, афтӕ Давиды фӕстӕ дыккаг лӕг не сси.

 Ионафан йӕ фыдимӕ филистимӕгты ныхмӕ тохы рацыд; уыдон ӕргом дзырдтой, израилӕгты знӕгтӕ кӕй сты. Ионафанӕн йӕ бон уыд йӕ фыды фарсмӕ сыгъдӕг цӕсгомимӕ тох кӕнын, уымӕн ӕмӕ кӕд йӕ фыд фыдхъуыддӕгтӕ кодта, уӕддӕр ӕй уый Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ бакъуылымпы кодта. Ацы хатт дӕр та хъӕбатырӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй хӕцыд, фӕлӕ израилӕгтӕ нӕ рамбылдтой. Саул бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ кодта, суанг ма мӕрдтимӕ чи ныхас кодта, ахӕмтӕй дӕр ӕххуыс агуырдта. Уый та Хуыцауы закъоны ныхмӕ уыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр нал арфӕ кодта. Саулы ӕртӕ фырты, уыимӕ Ионафаны дӕр, хӕсты амардтой. Саул дӕр фӕцӕф ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхи амардта (1 Самуилы 28:6–14; 31:2–6).

Ионафан загъта: «Ды уыдзынӕ Израилы паддзах, ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг» (1 Самуилы 23:17)

 Давид тынг фӕхъыг кодта. Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ма Саулыл дӕр хъыг кодта, кӕд ӕмӕ йын бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ маст бавзарын кодта! Давид Саулыл ӕмӕ Ионафаныл хъарӕг скодта. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъарӕджы ныхӕстӕн сӕ фылдӕр йӕ зондамонӕг ӕмӕ ӕмбалмӕ хаудысты: «Хъыг дыл кӕнын, ме ’фсымӕр Ионафан, тынг адджын мын уыдтӕ. Дӕ уарзт мын уыди сылгоймаджы уарзтӕй бирӕ зынаргъдӕр» (2 Самуилы 1:26).

 Давид Ионафанӕн цы дзырд радта, уый никуы ферох кодта. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Ионафаны фырт Мемфивосфейы бацагуырдта ӕмӕ йыл батыхст; уый йӕ дыууӕ къахӕй дӕр уыд къуылых (2 Самуилы 9:1–13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Давид бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдаид Ионафанӕй. Ионафан уыд иузӕрдион ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг, ӕмӕ йе ’мбалыл иузӕрдион уыд, кӕд ӕй уый тыххӕй зындзинӕдтӕ бавзарын хъуыд, уӕддӕр. Мах дӕр ахӕм адӕмы фӕзмдзыстӕм? Мах дӕр Ионафаны хуызӕн ӕмбӕлттӕ агурдзыстӕм? Нӕхӕдӕг ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ уыдзыстӕм? О, кӕд не ’мбӕлттӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндой, кӕд нын сӕйрагдӕр у, цӕмӕй Хуыцауыл уӕм иузӕрдион, ӕмӕ кӕд нӕхи фӕндты фӕдыл нӕ цӕуӕм, фӕлӕ архайӕм, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайӕм. Афтӕмӕй йын йӕ уырнындзинад фӕзмдзыстӕм.

^ 7 абз. Ионафаны кой Фыстады фыццаг хатт ӕмбӕлы, Саул паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг. Уӕд ӕфсады сӕргъы лӕууыди ӕмӕ йыл 20 азӕй къаддӕр нӕ цыдаид (Нымӕцтӕ 1:3; 1 Самуилы 13:2). Саул паддзах уыди 40 азы. Саул куы амарди, уӕд Ионафаныл 60 азы бӕрц цыди, Давидыл та 30 азы цыд (1 Самуилы 31:2; 2 Самуилы 5:4). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Ионафан Давидӕй иу-30 азы хистӕр уыд.