Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОВ

«Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!»

«Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!»

 Йӕ буар ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕй зынгӕ дӕр нӕ кӕны, афтӕмӕй зӕххыл бады. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: йе уӕхсчытӕ ӕрхаудысты, йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул ӕмӕ, йӕ алыварс цы бындзытӕ ратӕх-батӕх кӕны, уыдоны асурыны хъару дӕр ӕм нӕй. Стыр маст кӕй ӕвзары, уый тыххӕй фӕнычы бады, ӕмӕ ӕлыг мигӕнӕны састӕй йӕ рыст буар хафы. Куыд нымад адӕймаг уыд ӕмӕ цы уавӕрмӕ ӕрхауд! Никӕйуал хъӕуы: нӕдӕр йе ’мбӕлтты, нӕдӕр йӕ сыхӕгты, нӕдӕр йӕ хиуӕтты. Адӕм дзы хынджылӕг кӕнынц, суанг сывӕллӕттӕ дӕр. Уый хъуыды кодта, ӕмӕ йӕм йӕ Хуыцау, Йегъовӕ дӕр йӕ зӕрдӕйы ахаст аивта. Фӕлӕ уымӕй тынг рӕдыди (Иов 2:8; 19:18, 22).

 Уый уыди Иов. Хуыцау дзы загъта: «Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг нӕй» (Иов 1:8). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ дӕр Йегъовӕ Иовы нымадта цӕвиттонӕн хӕссинаг рӕстгӕнджытӕй иуыл (Йезекил 14:14, 20).

 Мыййаг зындзинӕдтӕ ӕвзарыс ӕмӕ дыл бӕллӕхтӕ цӕуы? Уӕд дын Иовы хабар стыр удӕнцойы хос фӕуыдзӕн. Уый ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр бамбарай, цы у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр чи хъӕуы, уыцы миниуӕг – иузӕрдиондзинад. Адӕймаг иузӕрдион кӕй у, уый уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауимӕ куы вӕййы ӕмӕ йын суанг зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр йӕ фӕндон куы феххӕст кӕны. Иовы хабарӕй ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Иов цы нӕ зыдта?

 Ӕвӕццӕгӕн, Иов куы амард, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Моисей ныффыста Иовы царды хабӕрттӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, Моисей ӕрмӕст Иовы хабӕртты тыххӕй нӕ ныффыста, фӕлӕ, уӕлӕрвты чи ’рцыд, уыцы хабӕрттӕй дӕр цалдӕры тыххӕй.

 Иовы хабар райдайы, зӕрдӕзӕгъгӕ, амондджын цард кӕй кӕны, уымӕй. Уый уыд хъӕздыг адӕймаг. Уыди зындгонд ӕмӕ нымад, Уц чи хуынд, уыцы зӕххы. Уц, ӕвӕццӕгӕн, уыди Аравийы цӕгат фарс. Иов мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдоны сӕрыл-иу рахӕцыд. Иов ӕмӕ йӕ бинойнагӕн уыди дӕс сывӕллоны. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Иов тынг аргъ кодта, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уымӕн. Уый дӕр йӕ дард хӕстӕджытӕ Авраам, Исаак, Иаков ӕмӕ Иосифау зӕрдиагӕй архайдта Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Ӕмӕ уыдонау Иов дӕр йӕ бинонты ’хсӕн сауджыны хӕстӕ ӕххӕст кодта – йӕ сывӕллӕтты тыххӕй ӕдзух нывӕндтӕ хаста (Иов 1:1–5; 31:16–22).

 Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы Иовы цард цӕхгӕр фӕивта. Махӕн нӕ бон у бакӕсын, уӕлӕрвты чи цыд, уыцы хабӕртты тыххӕй ӕмӕ базонын, Иов цы нӕ зыдта, уый. Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион зӕдтӕ йӕ разы ӕрӕмбырд сты, се ’хсӕн уыд, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕд дӕр – Сайтан, кӕнӕ Хӕйрӕг. Йегъовӕ зыдта, Хӕйрӕг рӕстгӕнӕг Иовӕй йе сӕфт кӕй уыдта, ӕмӕ йын йӕ хъус ӕрдардта, Иов куыд ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг у, уымӕ. Хӕйрӕг ын къӕйныхӕй загъта: «Исты дзӕгъӕлы тӕрсы Иов Хуыцауӕй? Алырдыгӕй дӕр ӕй ды нӕ хъахъхъӕныс, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон?» Хӕйрӕг иузӕрдион адӕмӕй йе сӕфт уыны. Сӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕ Хуыцауимӕ кӕй вӕййы, уый ӕргом кӕны, Хӕйрӕг уӕйгӕнӕг кӕй у ӕмӕ кӕй никӕй уарзы. Уӕдӕ Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, дам, Иов Хуыцауӕн лӕггад кӕны, уый йын пайда кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Ӕмӕ, дам, ӕнӕ ницӕмӕй куы баззаид, уӕд, дам, Йегъовӕйы ӕргом ралгъитид! (Иов 1:6–11).

 Иов уый нӕ зыдта, фӕлӕ йыл Йегъовӕ тынг кадджын хъуыддаг баууӕндыд: хъуамӕ сбӕлвырд кодтаид, Хӕйрӕг раст кӕй нӕу. Иовмӕ цыдӕриддӕр уыдис, уыдон Йегъовӕ Хӕйрӕджы къухмӕ радта, ӕрмӕст ын уый бар нӕ радта, цӕмӕй йын йӕхимӕ бавнӕлдтаид. Ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр йӕ фыдхъуыддагмӕ уайтагъд бавнӕлдта. Иунӕг бонмӕ Иовы сӕр цалдӕр ӕвирхъау бӕллӕхы баййӕфта. Йӕ фосӕй иу дӕр нал баззад – фыццаг ын фехъусын кодтой йӕ галты ӕмӕ йӕ хӕрджыты тыххӕй, стӕй йӕ фысты тыххӕй ӕмӕ уый фӕстӕ та йӕ теуаты тыххӕй. Уымӕй фыддӕр та уыд, чи сӕм зылд, уыцы лӕггадгӕнджытӕ кӕй фӕмард сты, уый. Хабаргӕнӕг Иовӕн загъта, фысты ӕмӕ лӕггадгӕнджыты кӕй ныццагъта «зынг Хуыцауӕй». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди арвӕрттывд. Иов нырма рӕстмӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта, утӕппӕт адӕм кӕй фӕмард сты ӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй кӕй баззад, уый, афтӕ йыл сӕмбӕлд ӕппӕты уӕззаудӕр цӕф. Йӕ дӕс сывӕллоны бадтысты сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары, ӕмӕ ӕваст тыхджын дымгӕ ӕрбадымдта ӕмӕ йӕхи хӕдзарыл ныццавта. Хӕдзар ныккалд, ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр йӕ быны фесты ӕмӕ фӕмард сты (Иов 1:12–19).

 Уыцы рӕстӕг Иовы зӕрдӕйы цы цыди, уый бамбарын тынг зын у кӕнӕ та йӕ, чи зоны, бамбарӕн дӕр нӕй. Иов, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ сӕр адаста ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд. Иов ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ: Хуыцау ын сӕ радта ӕмӕ йын сӕ Хуыцау фӕстӕмӕ айста. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг алцыдӕр афтӕ сарӕзта, цыма уыцы бӕллӕхтӕ иууылдӕр Хуыцауы аххосӕй ӕрцыдысты. Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг дзырдта, Иов йӕ Хуыцауы ралгъитдзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр Иов афтӕ нӕ бакодта. Иов загъта: «Табу уӕд Йегъовӕйы номӕн алкӕддӕр» (Иов 1:20–22).

Иов нӕ зыдта, Хӕйрӕг Хуыцауӕн йӕ фыдкой кӕй кӕны

«Кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид»

 Хӕйрӕг мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ уӕддӕр нӕ басаст. Зӕдтӕн та ӕмбырд куы уыд, уӕд та уый дӕр семӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыд. Йегъовӕ та ногӕй раппӕлыд Иовӕй йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй – кӕд ӕй Хӕйрӕг бӕллӕхты бын фӕкодта, уӕддӕр йӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад. Ӕмӕ та йын Хӕйрӕг къӕйныхӕй загъта: «Царм цармы тыххӕй. Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн. Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид». Хӕйрӕг хъуыды кодта, ӕмӕ Иов тынг куы фӕрынчын уа, уӕд Хуыцауы ралгъитдзӕн. Иегъовӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Иов ыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзӕн, ууыл ӕмӕ йӕ Хӕйрӕджы къухмӕ радта. Ӕрмӕст ын уый бар нӕ радта, цӕмӕй йӕ амардтаид (Иов 2:1–6).

 Уыцы хабары хӕдфӕстӕ Иов уыд, райдианы йӕ цы уавӕры федтам, ахӕм уавӕры. Ӕмӕ йӕ мӕгуыр ус та?! Ӕнӕуи дӕр, йӕ дӕс сывӕллоны куы амардысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ мастӕй скъуыдтӕ кодта. Ныр та хъуамӕ йӕ цардӕмбалы хъизӕмӕрттӕм кӕса, йӕ бон ын баххуыс кӕнын ницӕмӕй у, афтӕмӕй. Ӕмӕ йын фыртыхстӕй афтӕ бакодта: «Уӕддӕр ма афтӕ иузӕрдион дӕ? Ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл!» Ӕндӕр уавӕры Иовы ус ахӕм ныхӕстӕ никуы загътаид. Иов уый ӕмбӕрста, ӕмӕ йын ӕрмӕст афтӕ бакодта, ӕнӕзонд сылгоймаджы ныхӕстӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Ацы хатт дӕр та Иов Хуыцауы нӕ ралгъыста. Цы загъта, уымӕй тӕригъӕд нӕ ракодта (Иов 2:7–10).

 Зыдтай йӕ, ацы зӕрдӕхалӕн ӕцӕг хабар дӕумӕ дӕр кӕй хауы, уый? Хӕйрӕджы маргджын ныхӕстӕ ӕрмӕст Иовмӕ нӕ хаудысты, фӕлӕ ӕппӕт адӕммӕ дӕр. Уый загъта: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн». Ӕндӕр ныхӕстӕй, Хӕйрӕджы уырны, иу дӕр нӕ Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй нӕ баззайдзӕн. Афтӕ зӕгъы, ӕмӕ ды Хуыцауы ӕцӕг уарзтӕй нӕ уарзыс, ӕмӕ дӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауӕй уыцы тӕккӕ аздӕхдзынӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг дзуры, ды дӕр уыйау дӕхи йеддӕмӕ кӕй никӕуыл хъуыды кӕныс. Нӕ дӕ фӕнды, сайгӕ кӕй кӕны, уый дӕ цардӕй равдисын? Алкӕмӕн дӕр нӕ ис уыцы фадат (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ныр та фенӕм, Иов ма ноджыдӕр цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд.

Ныфс ын чи хъуамӕ бавӕрдтаид, уыдон ын йӕ ныфс асастой

 Библи Иовы ӕмбӕлттӕ кӕй хоны, уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы фехъуыстой Иовы хъизӕмӕртты тыххӕй ӕмӕ йӕм ацыдысты, цӕмӕй йӕ бабӕрӕг кодтаиккой ӕмӕ йын ныфсытӕ бавӕрдтаиккой. Дардӕй йӕ куы ауыдтой, уӕд ӕй нал базыдтой. Иууылдӕр кодта рисгӕ, йӕ низӕй йӕ буар ныссау. Раздӕры Иовӕй ма афтид аууон баззад. Ӕртӕ нӕлгоймаджы – Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар, цыма сын, Иов куыд хъизӕмар кӕны, уый тынг зын у, ахӕм хуыз скодтой, хъӕрӕй ныккуыдтой ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык калын райдыдтой. Стӕй Иовы фарсмӕ зӕххыл ӕрбадтысты. Ӕнӕхъӕн къуыри ӕхсӕвӕй-бонӕй уым фӕбадтысты, ӕмӕ дзы иу ныхас дӕр ничи скодта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы афтӕмӕй ныфс бауадзынмӕ хъавыдысты, уымӕн ӕмӕ йӕм иу фарста дӕр нӕ радтой. Уыдон ӕрмӕст зыдтой, ӕнӕ фӕрсгӕйӕ дӕр бӕрӕг цы уыди, уый – Иов тынг удхар кодта (Иов 2:11–13; 30:30).

 Ӕппынфӕстаг Иовӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ йӕхӕдӕг дзурын райдыдта. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, йӕ уд куыд сфӕлмӕцыд, уый – йӕ райгуырӕн бон ралгъыста. Цы загъта, уымӕй ма бамбарӕн ис, афтӕ тынг цӕмӕн удхар кодта, уый. Иов афтӕ ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ йыл уыцы бӕллӕхтӕ Хуыцау ӕруагъта (Иов 3:1, 2, 23). Кӕд Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта, уӕддӕр ӕй хъуыди, цӕмӕй йын исчи ныфсытӕ бавӕрдтаид. Фӕлӕ йе ’мбӕлттӕ дзурын куы райдыдтой, уӕд ӕй бамбӕрста, сӕ дзурынӕй се ’нӕ дзурын хуыздӕр кӕй уыд (Иов 13:5).

 Фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, дзурын райдыдта Елифаз. Ӕртӕйӕ ӕппӕты хистӕр уый уыди, стӕй Иовӕй дӕр бирӕ хистӕр уыд. Уый фӕстӕ иннӕ дыууӕ дӕр райдыдтой дзурын. Цы дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон зӕгъын у, сӕхи зондӕй кӕй ницы загътой, фӕлӕ, Елифаз цы ныхӕстӕ кодта, уыдон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕй кодтой. Сӕ ныхӕстӕй цыдӕртӕ искӕмӕ, чи зоны, раст фӕкастаиккой, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй дзырдтой, ӕнӕуи дӕр дзы бирӕтӕ цы фӕдзурынц, уыдӕттӕ: Иунӕг Стыр Хуыцау ӕвзӕр адӕмы бафхӕры, хорз адӕмы та схорзӕхджын кӕны. Фӕлӕ ӕппӕты райдианӕй дӕр бӕрӕг уыди, Иовмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй нӕ уыдысты. Елифаз афтӕ хъуыды кодта: кӕд Хуыцау хорз Хуыцау у ӕмӕ ӕвзӕрты бафхӕры, уӕд, Иовы кӕй бафхӕрдта, уый цӕуыл дзурӕг у? Ӕвӕццӕгӕн, Иов ӕвзӕрӕй цыдӕр сарӕзта (Иов 4:1, 7, 8; 5:3–6).

 Диссаг нӕу, Иов йемӕ разы кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ йӕ хъуыды фидарӕй загъта (Иов 6:25). Фӕлӕ ӕртӕ уынаффӕгӕнӕджы ноджы тынгдӕр бауырныдта, Иов цыдӕр тӕригъӕд кӕй ракодта ӕмӕ йӕ кӕй нӕ хъӕр кӕны. Ӕмӕ йыл цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдон ыл дзӕгъӕлы кӕй не ’рцыдысты. Елифаз загъта, Иов кӕй у хъал, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй аразы ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй нӕ тӕрсы (Иов 15:4, 7–9, 20–24; 22:6–11). Софар Иовӕн загъта, цӕмӕй йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадза ӕмӕ тӕригъӕд йӕ зӕрдӕйӕн адджын мауал уа (Иов 11:2, 3, 14; 20:5, 12, 13). Вилдад та йын йӕ ныхӕстӕй йӕ хъару бынтон асаста. Уый загъта, зӕгъгӕ, дам, Иовы фырттӕ, ӕвӕццӕгӕн, цыдӕр тӕригъӕд сарӕзтой, ӕмӕ, дам, цы мӕлӕты аккаг уыдысты, ахӕм мӕлӕт сӕ баййӕфта! (Иов 8:4, 13).

Иовӕн йе ’ртӕ ӕмбалы ныфсытӕ нӕ бавӕрдтой, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕриссын кодтой

Адӕймаджы иузӕрдиондзинад дызӕрдыггаг кӕнынц

 Уыцы зыгъуыммӕзонд нӕлгоймӕгтӕ ма ноджы фыддӕр цыдӕр загътой. Афтӕ кӕй загътой, ӕмӕ Иов Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыд, уый иу бӕллӕх уыди. Фӕлӕ ма афтӕ дӕр дзырдтой, Хуыцауыл иузӕрдион уай, ууыл архайын бынтон дзӕгъӕлы кӕй у! Елифаз дзурын куы райдыдта, уӕд рахабар кодта, цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ тых кӕй федта ӕмӕ йӕ уындӕй йӕ хъуын арц кӕй слӕууыд. Уыцы дӕлимоны ныхӕсты фӕстӕ Елифаз ӕрцыд, адӕймаджы зонд йӕ бон фӕхъӕстӕ кӕнын кӕмӕн у, ахӕм хъуыдымӕ: Хуыцау «йӕ лӕггадгӕнджытыл дӕр... не ’ууӕнды, йӕ минӕвӕрттӕм [кӕнӕ «йӕ зӕдтӕм»] дӕр фаутӕ... ’рхӕссы». Уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон никуы бауыдзӕн Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнын. Фӕстӕдӕр Вилдад загъта, Иовы иузӕрдиондзинад Хуыцаумӕ нымады дӕр кӕй нӕу – уӕлдай йын нӕу: фӕнды Иов, фӕнды зулкъ! (Иов 4:12–18; 15:15; 22:2, 3; 25:4–6).

 Стыр зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, ахӕм адӕймагӕн искуы ныфсытӕ ӕвӕрдтай? Уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ Иовы зыгъуыммӕзонд ӕмбӕлттӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, уӕлдайдӕр та, дзурын цы нӕ хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕнӕкӕрон «рӕсугъд» ныхӕстӕ куы кодтой ӕмӕ, цы рӕдыд хъуыдытыл хӕст уыдысты, уыдон куы дзырдтой, уӕд Иовмӕ йӕ номӕй иу хатт дӕр не сдзырдтой. Иовы зӕрдӕ куыд тынг рыст, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтой ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй дзырдтаиккой, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд *. Уӕдӕ зӕрдӕрыст адӕймагимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд архай, цӕмӕй йемӕ фӕлмӕн уай ӕмӕ-иу ӕй дӕ уды хъармӕй барӕвдауай. Архай, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад бафидар кӕнай ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауай. Ӕххуыс ын кӕн, цӕмӕй йӕ ныфс Хуыцауыл дара ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕна, ӕгӕрон ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы. Афтӕ бакодтаид Иов, йе ’ртӕ ӕмбалы йӕ бынаты куы уыдаиккой, уӕд (Иов 16:4, 5). Фӕлӕ Иов куыд кодта, ӕнӕрынцойӕ йӕ иузӕрдиондзинады ныхмӕ куы дзырдтой, уӕд?

Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад

 Мӕгуыр Иов ӕнӕуи дӕр кӕуинаг уавӕры уыди, йе ’мбӕлттӕ се ’нӕкӕрон ныхӕстӕ кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Райдианӕй дӕр ӕй ӕмбӕрста, хатт-иу дзы «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» дӕр кӕй схауд ӕмӕ, «йӕ ныфс кӕмӕн асаст», ахӕм адӕймагау кӕй дзырдта (Иов 6:3, 26). Ӕмӕ йӕ бамбарӕн дӕр ис. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыди йӕ зӕрдӕйы рыст. Стӕй ма бӕрӕг уыд, цы ’рцыд, уый кӕронмӕ кӕй не ’мбӕрста. Йӕхиуыл ӕмӕ йӕ бинонтыл цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдон афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыдысты, стӕй афтӕ ӕнахуыр уыдысты, ӕмӕ Иов ахъуыды кодта, Йегъовӕ йыл сӕ кӕй ӕруагъта. Иов цалдӕр ахсджиаг хабары тыххӕй нӕ зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ раст хатдзӕгтӕ не скодта.

 Фӕлӕ Иов уыди фидар уырнындзинады хицау. Уый бӕрӕг у, уыцы ӕртӕ нӕлгоймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ цы дзырдта, уымӕй – йӕ ныхӕстӕ уыдысты раст, рӕсугъд ӕмӕ нӕ абон дӕр ныфс уадзынц. Хуыцау цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй ахӕм цыдӕртӕ загъта, ӕмӕ сӕ ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон базонын нӕ уыдаид. Зӕгъӕм, загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «Зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл» – ахуыргӕндтӕ бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр цы базыдтой, уый (Иов 26:7) *. Ӕмӕ йӕ фидӕны ныфсы кой куы кодта, уӕд бӕрӕг уыд, уый дӕр фидарӕй кӕй уырныдта, Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цы уырныдта, уый. Иовы уырныдта, куы амӕла, уӕд ӕй Хуыцау кӕй нӕ ферох кӕндзӕн, кӕй йӕ мысдзӕн ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг цардмӕ кӕй раздахдзӕн (Иов 14:13–15; Дзуттӕгтӕм 11:17–19, 35).

 Фӕлӕ адӕймаджы иузӕрдиондзинады тыххӕй цы фарста сӕвзӕрд, уымӕй та цы зӕгъӕн ис? Елифаз ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕмбалы дзырдтой, Хуыцауӕн, дам, ницы уӕлдай у, адӕймаг ыл иузӕрдион у ӕви нӕ. Цымӕ Иовы уыцы мӕнг ныхӕстӕ бауырныдтой? Нӕ! Иов фидарӕй дзырдта, Хуыцау, адӕймагыл иузӕрдион у ӕви нӕ, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Уый Йегъовӕйы тыххӕй ӕнӕдызӕрдыгӕй загъта: «Базондзӕн, иузӕрдион кӕй дӕн» (Иов 31:6). Уымӕй уӕлдай, Иов уыдта, йе ’фсоны ныфсӕвӕрджытӕ йын сӕ мӕнг ныхӕстӕй йӕ иузӕрдиондзинад кӕй фӕлвӕрдтой. Уымӕ гӕсгӕ Иов радзырдта йе ’ппӕты даргъдӕр ныхас, ӕмӕ уӕд ӕппынфӕстаг уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы ныхъхъус сты.

 Иов ӕмбӕрста, адӕймагӕн йӕ иузӕрдиондзинад бӕрӕг кӕй вӕййы йӕ алы боны цардӕй. Уымӕ гӕсгӕ бамбарын кодта, алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдиондзинад куыд ӕвдыста, уый. Зӕгъӕм, мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ куывта; иннӕтимӕ хӕларзӕрдӕ уыд ӕмӕ сын кад кодта; йӕ бинонты цардӕн кӕй аргъ кодта, уымӕ гӕсгӕ хӕрзӕгъдау цард кодта ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та – иузӕрдион уыди иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйыл. Уымӕ гӕсгӕ Иовӕн йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын: «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5; 31:1, 2, 9–11, 16–18, 26–28).

Иов йӕ иузӕрдиондзинад фӕцудын нӕ бауагъта

Иовы уырнындзинад фӕзмут

 Ды дӕр иузӕрдиондзинадмӕ, Иов ӕм цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Иов ӕмбӕрста, ӕрмӕст дзыхӕй дзурын, иузӕрдион дӕн, зӕгъгӕ, фаг кӕй нӕу. Уый хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй дӕр. Нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауимӕ кӕй ис, уый бӕрӕг вӕййы, йӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ алкӕддӕр, йӕ цӕсты раст цы у, уый куы фӕаразӕм, суанг зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр. Афтӕ куы цӕрӕм, уӕд мах дӕр Иовау Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йе знаг Хӕйрӕгӕн та масты хос уыдзыстӕм. Иовы уымӕй хуыздӕр нӕ бон никуыд у бафӕзмын!

 Фӕлӕ Иовы хабар ууыл нӕ фӕци. Иов уыйонг сси, ӕмӕ ма ӕрмӕст йӕхи рӕстдзинады кой кодта, йӕ Хуыцауы сӕрыл сдзырдтаид, уый та дзы айрох. Хъуыди йын йӕ зонд бараст кӕнын ӕмӕ йын баххуыс кӕнын, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын райдыдтаид. Уымӕй уӕлдай фыррыстӕй ӕмӕ фырмастӕй удхар кодта ӕмӕ йӕ хъуыди, цӕмӕй йын исчи йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид. Цымӕ Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн, йӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинадӕй фӕзминаг чи уыд, уыцы адӕймагӕн? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ ацы рубрикӕйы.

^ 17 абз. Диссаг у, фӕлӕ Елифаз афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр Иовимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодтой, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ хъӕрӕй нӕ дзырдтой (Иов 15:11). Фӕлӕ фӕлмӕн хъӕлӕсӕй загъд ныхӕстӕ дӕр вӕййынц ӕгъатыр ӕмӕ зӕрдӕйы кардау ахизынц.

^ 19 абз. Ахуыргӕндтӕ ӕрмӕст иу-3 000 азы фӕстӕ бамбӕрстой, зӕхх афтӕ конд кӕй у, ӕмӕ йӕ истӕуыл лӕууын нӕ хъӕуы. Ӕмӕ Иовы ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый та адӕмы фидарӕй бауырныдта, космосӕй зӕххы къамтӕ куы систой, ӕрмӕстдӕр уӕд.