Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Уарзондзинад куыд ӕвдисӕн ис

Уарзондзинад куыд ӕвдисӕн ис

 Бирӕ азты дӕргъы иумӕ чи фӕцӕры, ахӕм лӕгтӕ ӕмӕ устытӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзи къаддӕр уарзын райдайынц. Кӕд сымах бинонтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у, уӕд уӕ уый хъуамӕ мӕты ӕфтауа?

 Цы хъуамӕ зонай

 Уарзондзинад ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Цӕмӕй адӕймаг ӕнӕниз уа, уый тыххӕй йӕ хӕринаг ӕмӕ дон куыд хъӕуы, афтӕ уарзондзинад дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ бирӕ азты дӕргъы куы фӕцӕрынц, уӕддӕр сӕ дыууӕйы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йын йӕ цардӕмбал ӕдзухдӕр ӕвдиса, тынг ӕй кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы.

 Ӕцӕг уарзондзинад ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕны. Ӕцӕг чи уарзы, уый фӕархайы, цӕмӕй иннӕ адӕймагӕн хуыздӕр уа. Уӕдӕ, йӕ цардӕмбалы чи уарзы, ахӕм адӕймаг йӕ уарзт, йӕхи кӕд фӕнда, ӕрмӕст уӕд не ’вдисдзӕн, фӕлӕ йӕ цардӕмбалы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕндзӕн ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй йӕ йӕ уарзтӕй цух ма уадза.

 Сылгоймагмӕ йӕ сӕрыхицау йӕ уарзондзинад куыд февдисы, уый арӕхдӕр фагыл нӕ фӕнымайы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ лӕг йӕ бинойнаджы тынг уарза. Фӕлӕ йӕм йӕ уарзондзинад, ӕрмӕст райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй, йе та ӕмуат ӕрцӕуыны размӕ куы ’вдиса, уӕд йӕ бинойнаг дызӕрдыг кӕндзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй уарзы ӕви нӕ. Хуыздӕр уыдзӕн, алы бон дӕр алыхуызон уавӕрты куы ӕвдиса йӕ уарзондзинад.

 Дӕ бон цы у аразын

 Дӕ уарзондзинады тыххӕй йын дзур. Дӕ цардӕмбалӕн ӕрмӕст афтӕ куы зӕгъай «ӕз дӕ уарзын» кӕнӕ «мын тынг зынаргъ дӕ», уӕд дӕр ын тынг ӕхсызгон уыдзӕн.

 Библийы уынаффӕ: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матфейы 12:34).

 Уынаффӕ. Дӕ уарзондзинады тыххӕй дӕ бон ӕрмӕст дзурын нӕу. Дӕ бон у уый тыххӕй запискӕйы кӕнӕ электронон почтӕйӕ ныффыссын, йе та йӕм СМС арвитын.

 Дӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдис. Дӕ цардӕмбалӕн «ӕз дӕ уарзын» куы зӕгъай ӕмӕ йын куы ахъӕбыс кӕнай, куы йын апъа кӕнай кӕнӕ йын йӕ къухыл куы хӕцай, уӕд ӕмбардзӕн, уыцы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕйӕ кӕй цӕуынц. Ӕцӕгӕй йыл кӕй тыхсыс, уый ма бӕрӕг уыдзӕн дӕ фӕлмӕн узӕлдӕй, дӕ уарзон цӕстӕнгасӕй, кӕнӕ йын ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы балӕвар кӕнай, уымӕй. Дӕ бон ма у дӕ цардӕмбалӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын, зӕгъӕм, йӕ хӕссинӕгтӕ йын ӕрбахӕссын, дуар ын бакӕнын, къустӕ ныхсын, дзаумӕттӕ ныхсын кӕнӕ хӕринаг скӕнын. Сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст ӕххуысыл нӕ нымайынц, фӕлӕ сын уарзондзинадыл дзурӕг сты.

 Библийы уагӕвӕрд: «Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй» (1 Иоанны 3:18).

 Уынаффӕ. Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн, куы ӕмбӕлдыстут, уӕд ын куыд аргъ кодтай, афтӕ.

 Кӕрӕдзийӕн-иу рӕстӕг ссарут. Уӕ рӕстӕг иумӕ куы ’рвитат, уӕд кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уыдзыстут, ӕмӕ дӕ цардӕмбал ӕмбардзӕн, дӕ рӕстӕг йемӕ кӕй ӕрвитыс, уый дын ӕхсызгон кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд уын сывӕллӕттӕ ис кӕнӕ уын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕд уын зын уыдзӕн алы бон дӕр кӕрӕдзийӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын. Чи зоны, уӕ бон у уӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ пълан кӕнын, цӕмӕй-иу арӕх иумӕ исты аразат, зӕгъӕм, тезгъо кӕнат – ӕрмӕст дыууӕйӕ.

 Библийы уагӕвӕрд: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Филиппӕгтӕм 1:10).

 Уынаффӕ. Иуӕй-иу бинонтӕ кӕд ӕнӕвдӕлон вӕййынц, уӕддӕр фӕархайынц, цӕмӕй-иу изӕрыгӕтты ӕмӕ улӕфгӕ бонты ӕдзух сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитой, уарзӕттӕ иумӕ сӕ рӕстӕг куыд фервитынц, афтӕ.

 Дӕ цардӕмбалы хуыздӕр базон. Алы адӕймаг дӕр, йӕ цардӕмбал ӕй куыд хъуамӕ уарза, уый фӕдыл алыхуызон хъуыды кӕны. Иумӕ ныхас кӕнут, цӕмӕй базонат, алкӕй дӕр уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй йӕм иннӕ йӕ уарзондзинад ӕвдиса, ӕмӕ уӕ алчидӕр цы аразы, уымӕй иннӕ разы у ӕви нӕ. Стӕй архай, дӕ цардӕмбалы куыд фӕнды, афтӕ. Уӕ зӕрдыл дарут: уарзондзинад ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой.

 Библийы уагӕвӕрд: «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).

 Уынаффӕ. Дӕ цардӕмбалӕй ма дом, цӕмӕй дӕ уарза. Фӕлтау ахъуыды кӕн: «Цы аразын, цӕмӕй мӕ мӕ цардӕмбал тынгдӕр уарза?»