Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН | ЦАРДӔМБӔЛТТӔ

Фӕразондӕр цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

Фӕразондӕр цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

 «Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ фӕразондзинад алы бон дӕр фӕлвӕрд фӕцӕуы. Кӕд дын цардӕмбал нӕй, уӕд дӕм фӕразондзинад, чи зоны, афтӕ ахсджиаг миниуӕг нӕ кӕсы, фӕлӕ бинонты царды уыцы миниуӕг тынг ахсджиаг у» (Джон).

 Фӕразондзинад дӕ цӕмӕн хъӕуы?

  •   Адӕймаг тынг хорз фӕзоны йӕ цардӕмбалы хъӕндзинӕдтӕ.

     «Райдианы лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы хъӕндзинӕдтӕ нӕ фӕфиппайынц, фӕлӕ стӕй сӕ кӕрӕдзийы ӕвзӕр миниуджытӕ уынын райдайынц. Адӕймаг ӕдзух йӕ цардӕмбалы хъӕндзинӕдтӕм куы кӕса, уӕд ын фӕразондзинад нал фаг кӕндзӕн» (Джессинӕ).

  •   Фӕразондзинад дӕм куы нӕ уа, уӕд-иу исты зӕгъыны размӕ дӕ ныхӕстыл нӕ ахъуыды кӕндзынӕ.

     «Мӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, уый уайтагъд скалын, ӕмӕ хатт, цы нӕ фӕхъӕуы, уыдӕттӕ дӕр фӕзӕгъын. Фылдӕр фӕразондзинад мӕм куы уаид, уӕд-иу ахъуыды кӕнин, цы зӕгъинаг дӕн, уый ӕнӕмӕнг хъӕуы зӕгъын ӕви нӕ. Ӕмӕ-иу ӕй уӕд, чи зоны, нӕ зӕгъин» (Кармен).

     Библийы фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (1 Коринфӕгтӕм 13:4). Ахъуыды кӕнгӕйӕ, дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд хъуамӕ кӕрӕдзимӕ фӕразондзинад ӕвдисой. Фӕлӕ алыхатт афтӕ нӕ вӕййы. Статьяйы райдианы кӕй ныхӕстӕ ӕрхастам, уыцы нӕлгоймаг, Джон, загъта: «Иннӕ хорз миниуджытау, фӕразондзинадыл бирӕ фыдӕбон кӕнын хъӕуы, йӕ фесафын та ӕнцон у».

 Дӕ бон куыд у фӕразондзинад ӕвдисын?

  •   Дӕ бон куыд у фӕразондзинад ӕвдисын, ӕнхъӕл цӕмӕн нӕ дӕ, ахӕм исты куы ’рцӕуа, уӕд.

     Цӕвиттон. Дӕ цардӕмбал дӕм рӕхуыст ныхас скодта. Ӕмӕ дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ныхасмӕ ахӕм исты зӕгъай.

     Библийы уагӕвӕрд: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты» (Екклесиаст 7:9).

     Куыд ис фӕразондзинад равдисӕн. Дзуапп раттыныл-иу ма фӕтагъд кӕн. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын дӕ цардӕмбал уыцы ныхас уый тыххӕй загъта, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕна. Иу чиныджы фыст ис: «Нӕ фылдӕр смӕсты вӕййӕм, нӕ цардӕмбал цы зӕгъинаг уыд кӕнӕ ӕцӕгӕй цы загъта, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ куыд бамбӕрстам, уый тыххӕй» (Fighting for Your Marriage).

     Дӕ цардӕмбал дын рӕхуыст ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд дӕр-иу фӕразондзинад куы равдисай ӕмӕ, уый демӕ куыд ныхас кӕны, ды йемӕ афтӕ куы нӕ ныхас кӕнай, уӕд-иу уӕ ныхас быцӕумӕ нӕ ахиздзӕн. «Суг кӕм нӕй, уым арт ахуыссы» (Ӕмбисӕндтӕ 26:20).

     «Дӕ усмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын куы райдайай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕ йӕ уарзыс, ууыл, ӕмӕ-иу ын уайтагъддӕр йӕ зӕрдӕ истӕмӕй алхӕн» (Итан).

     Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын.

    •  Дӕ цардӕмбал дӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕны, уӕд ын цы фӕзӕгъыс кӕнӕ куыд бакӕныс?

    •  Иннӕ хатт ма афтӕ куы бакӕна, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн фылдӕр фӕразондзинад равдисын?

  •   Дӕ цардӕмбал ӕдзух, мӕсты цӕй тыххӕй кӕныс, ахӕм цыдӕр куы араза.

     Цӕвиттон. Дӕ цардӕмбал ӕппынӕдзух ӕрӕджы фӕкӕны, ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй фӕхъӕуы, уый тыххӕй смӕсты вӕййыс.

     Библийы уагӕвӕрд: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Колоссӕгтӕм 3:13).

     Куыд ис фӕразондзинад равдисӕн. Фыццаджы дӕр хъуыды кӕн дӕ бинонты цардыл, дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Уый тыххӕй мӕ цардӕмбалимӕ куы фӕхыл уон, уӕд кӕрӕдзимӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм ӕви кӕрӕдзийӕ адард уыдзыстӕм?» Стӕй дӕ зӕрдыл дар: «Не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕу дӕр хъӕуы цӕуылдӕрты кусын.

     «Хатт мӕ сӕрыхицауӕй ме ’мбалмӕ фылдӕр фӕразондзинад февдисын. Мӕнмӕ гӕсгӕ, афтӕ уымӕн у, ӕмӕ мӕ сӕрыхицауимӕ фылдӕр рӕстӕг вӕййын ӕмӕ йын йӕ хъӕндзинӕдтӕ уынын. Фӕлӕ йемӕ фӕразон куы уон, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзын ӕмӕ йӕ кӕй нымайын. Уымӕ гӕсгӕ бинонты царды ацы миниуӕг ӕвдисын тынг ахсджиаг у» (Ниа).

     Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын.

    •  Дӕ цардӕмбалмӕ фӕразондзинад ӕвдисыс, кӕд ын йӕ хъӕндзиндтӕ уыныс, уӕддӕр?

    •  Дӕ бон ӕм куыд уаид фылдӕр фӕразондзинад ӕвдисын?