Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Ӕххуыс, бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн

Ӕххуыс, бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн

2021 АЗ, 1 ФЕВРАЛЬ

 2020 азы тынг бирӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕрцыд ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр райдыдта коронавирусы пандемийӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд баххуыс кодтой, уыцы бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн?

 2020 лӕггады азы a Разамонӕг советы Координаторты комитет рахицӕн кодта 28 милуан доллӕры b, алыхуызон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн баххуыс кӕныны тыххӕй. Уыцы бӕллӕхтӕм хауынц коронавирусы пандемийӕ, тропикон циклонтӕ, донивылд Африкӕйы, Венесуэлӕйы хӕринаг кӕй нӕ фаг кӕны ӕмӕ Зимбабвейы та хус рӕстӕг кӕй скодта, уый. Ӕдӕппӕтӕй уыцы бӕллӕхтӕ уыдысты 200 фылдӕр. Уыцы ӕхцайӕ балхӕдтой хӕринаг, дон, палаткӕтӕ, дзаумӕттӕ, хостӕ, сапӕттӕ ӕмӕ порошоктӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ, стӕй ма агъуыстытӕ цалцӕг кӕнынӕн ӕмӕ аразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ. Ӕркӕсӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куыд ӕххуыс кодтой.

 Коронавирусы пандемийӕ. Ӕгас дунейы дӕр коронавирус тынг фӕзынд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕнӕниздзинадыл ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы уагыл, стӕй сын цардамӕлттӕ кӕнын дӕр фӕзындӕр. Уыдонӕн баххуыс кӕныны тыххӕй ӕгас дунейы дӕр арӕзт ӕрцыд бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг комитеттӕ (ӕдӕппӕтӕй 800 фылдӕр). Уыцы комитеттӕ сӕ хъус дардтой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтой, уымӕ ӕмӕ-иу уайтагъд Координаторты комитетмӕ фӕхабар кодтой.

 Афӕдзы дӕргъы уыцы комитеттӕ баххуыс кодтой хӕринагӕй, донӕй, стӕй адӕймаджы йӕхи ӕмӕ йӕ хӕдзар сыгъдӕг дарынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕй ӕмӕ, ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, ахӕм хостӕй. Иуӕй-иу рӕтты та уыцы комитеттӕ ӕмӕ бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой, хицауадӕй сӕм цы ’ххуыс ӕмбӕлд, уый райсынӕн.

 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кодтам, уый иннӕ адӕм дӕр бафиппайдтой. Зӕгъӕм, Накондейы (Замби) ӕххӕстбар минӕвар Филд Симвинья ӕфсымӕртӕн загъта: «Мах уӕ стыр бузныг стӕм, ӕххуысхъуаг бинонтӕн афтӕ тагъд кӕй баххуыс кодтат, уый тыххӕй».

 Анголӕйы хӕринаг фаг нӕй. Коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй Анголӕйы хӕринаг нӕ фаг кӕны ӕмӕ ӕргътӕ тынг схызтысты. Уый тыххӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕн тынг зын у хӕринаг ӕлхӕнын.

Бразилийӕ Анголӕмӕ кӕй арвыстой, уыцы хӕринӕгтӕ

 Бразилийы филиалӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй хӕринаг балхӕдтаиккой ӕмӕ йӕ Анголӕйы ӕфсымӕртӕн арвыстаиккой. Ӕфсымӕртӕ базыдтой, хӕринаг балхӕнӕн ӕмӕ йӕ арвитӕн асламдӕр куыд ис, уый ӕмӕ йӕ стӕй стыр партитӕй балхӕдтой. Уый фӕстӕ хӕринаг схӕйттӕ кодтой. Иу хайӕн йӕ аргъ ӕмӕ йе ’рвитӕггаг слӕууыд ӕрмӕстдӕр 22 доллӕры, йӕ уӕз та уыд 20 килӕйы бӕрц. Алы хайы дӕр цы хӕринӕгтӕ уыд, уыдонимӕ уыди пырындз, хъӕдур ӕмӕ зети дӕр. Ныронг хӕринаг арвыстой 654 тоннӕйы, кӕнӕ 33 544 хайы. Бразилийы ӕмӕ Анголӕйы филиал иумӕ хӕринагӕй баххуыс кодтой 50 000 адӕймагӕй фылдӕрӕн!

 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы дзурынц, кӕй сын баххуыс кодтой, уый тыххӕй? Александре цӕры Анголӕйы дард рӕттӕй иуы. Александре загъта: «Бамбӕрстон ӕй, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ иунӕг кӕй нӕ дӕн. Йегъовӕйы организацийӕ рох нӕ дӕн». Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, иу ахӕм хо Маризӕ та загъта: «Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста. Стыр бузныг дӕн Хуыцауӕй дӕр ӕмӕ йӕ организацийӕ дӕр!»

Анголӕйы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ стыр бузныг сты, кӕй сын баххуыс кодтой, уый тыххӕй

 Хус рӕстӕг Зимбабвейы. 2020 лӕггады азы Зимбабвейы скодта тынг хус рӕстӕг, ӕмӕ уый тыххӕй милуантӕ хӕринагхъуаг ӕййафынц. Мингай Ӕвдисӕнтӕн дӕр хӕринаг нӕ фаг кӕны.

 Цӕмӕй ӕфсымӕртӕн баххуыс кодтаиккам, уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд фондз ӕххуысы комитеты. Сӕдӕгай хъусынгӕнджытӕ ӕххуыс кодтой хӕринаг хӕйттыл дих кӕнынӕн ӕмӕ машинӕты ӕвӕрынӕн. Чидӕртӕ та хӕринаг ласынӕн сӕхи машинӕтӕ дӕр радтой c. 2020 лӕггады азы хӕринагӕй баххуыс кодтам 22 700 адӕймагӕй фылдӕрӕн, ӕмӕ ууыл бахардз кодтам 691 561 доллӕры.

Зимбабвейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хӕринаг исынц (коронавирусы пандемийӕйы размӕ)

 Иуӕй-иу рӕтты-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм хӕринаг нал баззад. Ӕмӕ-иу сын хӕринаг куы ’рластой, уӕд-иу Йегъовӕйӕн арфӕ кодтой. Чидӕртӕ ма-иу суанг Паддзахады зарджытӕ зарын дӕр райдыдтой.

 Иу ран дыууӕ идӕдз Ӕвдисӕны ацыдысты, хицауадимӕ баст чи нӕ уыд, ахӕм организацийы фембӕлдмӕ. Дзырдтой дзы, уыцы организаци адӕмӕн хӕринагӕй куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ фӕстагмӕ ныхас политикӕмӕ рахызт. Хотӕ куы базыдтой, уыцы ’ххуыс райсыны тыххӕй цы саразын хъӕуы, уый, уӕд рацыдысты. Иннӕтӕ сӕ фӕцӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд сыл худын райдыдтой ӕмӕ сын загътой: «Хӕринаджы тыххӕй ардӕм цӕугӕ дӕр мауал ӕрбакӕнут». Уымӕй дыууӕ къуырийы фӕстӕ ’фсымӕртӕ уырдӕм ӕрцыдысты ӕмӕ хотӕн хӕринагӕй баххуыс кодтой. Адӕмӕн хӕринагӕй зӕрдӕ цы организаци бавӕрдта, уый та уӕдмӕ дӕр ницы сарӕзта!

«Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы» (Прискӕ)

 Зимбабвейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хӕринагӕй кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй нӕм адӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Хо Прискӕ цӕры иу гыццыл хъӕуы. Ӕмӕ кӕд хус рӕстӕджы тыххӕй цард фӕуӕззаудӕр, уӕддӕр-иу Прискӕ алы ӕртыццӕджы ӕмӕ майрӕмбоны уацамынды цыд, суанг ма хуым кӕныны афон дӕр. Хъӕуы цӕрджытӕ йыл худтысты ӕмӕ йын дзырдтой: «Дӕ бинонты ӕххормагӕй марынмӕ хъавыс?» Прискӕ-иу сын загъта: «Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ организаци Прискӕйӕн баххуыс кодта. Уый йӕ сыхӕгтӕм тынг диссаг фӕкаст ӕмӕ йын загътой: «Дӕ Хуыцау дӕ ӕцӕгдӕр нӕ ныууагъта. Мах дӕр фӕнды уыцы Хуыцауы базонын». Ныр йӕ сыхӕгтӕй авдӕй радиойӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм фӕхъусынц.

 Кӕрон цас ӕввахсдӕр у, уыйас арӕхдӕр цӕудзӕн ӕрдзон бӕллӕхтӕ (Матфейы 24:3, 7). Мах тынг аргъ кӕнӕм, сайты уылты donate.dan124.com мысайнӕгтӕ рӕдауӕй кӕй дӕттут, уымӕн. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй афоныл баххуыс кӕнын.

a 2020 лӕггады аз нымад цӕуы 2019 азы сентябрӕй 2020 азы августмӕ.

b Ацы статьяйы дзырд цы доллӕртыл цӕуы, уыдон сты америкаг доллӕртӕ.

c Коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй-иу не ’фсымӕрты хъуыди хицауадӕй бар ракурын, цӕмӕй-иу хӕринаг аластаиккой. Стӕй ма ӕфсымӕртӕ архайдтой, цӕмӕй сӕхи вирусӕй бахъахъхъӕдтаиккой.