Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

TheCrimsonMonkey/E+ via Getty Images

Адӕм ӕрдзӕн зиан хӕссынц. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Адӕм ӕрдзӕн зиан хӕссынц. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

 «Климӕт тынг кӕй фӕивта, уый тыххӕй алы бӕллӕхтӕ цӕуы ӕмӕ уый стыр зиан хӕссы адӕмӕн, горӕттӕн ӕмӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн. Климӕты аххосӕй ӕнӕхъӕн дунейы дӕр тыхдымгӕтӕ раздӕримӕ абаргӕйӕ стырдӕр зиӕнттӕ хӕссын райдыдтой. Тыхдымгӕтӕ адӕмӕн сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, цардамӕлттӕ цӕй фӕрцы кӕнынц, уыдӕттӕ ныппырх кӕнынц. Океанты дон фӕхъармдӕр, ӕмӕ тӕссаг у, цы цӕрӕгойтӕ дзы ис, уыдон куы скуынӕг уой, уымӕй» (Ингер Андерсен, Иугонд Нациты сӕйраг секретары хӕдивӕг ӕмӕ Иугонд Нациты ӕрдз хъахъхъӕныны программӕйы ӕххӕстгӕнӕг директор, 2023 аз, 25 июль).

 Цымӕ хицӕуттӕн сӕ бон у иумӕ уыцы фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнын? Сӕ бон у ӕппӕт уыцы бӕллӕхтӕн кӕрон скӕнын?

 Библийы фыст ис, зӕххӕн зиан цы хӕссы, уыдӕттӕн кӕрон скӕнын йӕ бон кӕмӕн у ӕмӕ сын ӕцӕгдӕр кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хицауады тыххӕй. Уым кӕсӕм: «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн... паддзахад» (Данел 2:44). Уыцы Паддзахад, ома хицауад, ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Уӕд адӕм кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ ӕрдзӕн дӕр «ницы зиан хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты» (Исай 11:9).