Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Арт, ядерон бомбӕ кӕм срӕмыгъта, уым.

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Политиктӕ зӕгъынц, тагъд Армагеддон кӕй уыдзӕн. Библийы цы фыст ис?

Политиктӕ зӕгъынц, тагъд Армагеддон кӕй уыдзӕн. Библийы цы фыст ис?

 2022 азы 10 октябры, къуырисӕры, райсомӕй Уӕрӕсе Украинӕйы горӕттыл ракетӕтӕ ауагъта, Украинӕ уымӕй дыууӕ боны раздӕр, Уӕрӕсе ӕмӕ Хъырымы ’хсӕн цы хид ис, уый кӕй схӕцын кодта, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ ӕрцыдысты, политиктӕ афтӕ куы загътой, Армагеддонӕй тӕссаг у, зӕгъгӕ, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр.

  •   «[АИШ-ы президент Джон] Кеннедийы ӕмӕ Кубӕйы ракетон кризисы заманӕй абонмӕ армагеддонӕй афтӕ тӕссаг никуыма уыд. [...] Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ, ядерон хӕцӕнгарзмӕ куы бавналӕм, уӕд армагеддонӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй» (АИШ-ы президент Джо Байден, 2022 аз, 6 октябрь).

  •   «Разы дӕн, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ тагъд армагеддон уа. Тӕссаг у ӕнӕхъӕн зӕххы къорийӕн дӕр»,– загъта Украинӕйы президент Владимир Зеленский, ядерон хӕцӕнгарзӕй куы спайда кӕной, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уымӕй йӕ куы бафарстой, уӕд (BBC News, 2022 аз, 8 октябрь).

 Ядерон хӕцӕнгарзӕй куы спайда кӕной, уӕд уый ӕцӕгдӕр Армагеддонмӕ ’ркӕндзӕн? Библийы цы фыст ис?

Ядерон хӕцӕнгарзӕй куы спайда кӕной, уӕд уый Армагеддонмӕ ’ркӕндзӕн?

 Нӕ. Дзырд «Армагеддон» Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу хатт, Раргомады 16:16 стихы. Уый, адӕмты ’хсӕн чи уыдзӕн, ахӕм хӕстмӕ нӕ амоны. Уый уыдзӕн Хуыцауы хӕст, ӕмӕ хӕцдзӕн «ӕгас дунейы паддзӕхтимӕ» (Раргомад 16:14). Армагеддоны хӕсты Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр фесафдзӕн (Данел 2:44).

 Армагеддоны тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Армагеддоны хӕст цы у?»

Зӕхх ӕмӕ адӕм ядерон хӕсты фесӕфдзысты?

 Нӕ. Кӕд уый гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ ядерон хӕцӕнгарзӕй спайда кӕной, уӕддӕр Хуыцау зӕхх фесафын нӕ бауадздзӕн. Библийы фыст ис:

  •   «Зӕхх... лӕууы ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4).

  •   «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

 Фӕлӕ Библийы пехуымпарӕдтӕй ӕмӕ, ныртӕккӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, тагъд зӕххыл стыр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн (Матфейы 24:3–7; 2 Тимофеймӕ 3:1–5). Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый базоныны тыххӕй райдай Библи лӕвар ахуыр кӕнын.