Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Halfpoint Images/Moment via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Социалон сетьтӕ ӕвзӕрырдӕм ӕндавынц сывӕллӕттыл ӕмӕ ӕрыгӕттыл. Библийы цы фыст ис?

Социалон сетьтӕ ӕвзӕрырдӕм ӕндавынц сывӕллӕттыл ӕмӕ ӕрыгӕттыл. Библийы цы фыст ис?

 2023 азы 23 майы Америкӕйы Иугонд Штатты сӕйраг дохтыр куыд загъта, афтӕмӕй социалон сетьтӕ ӕрыгӕттӕй бирӕтыл ӕвзӕрырдӕм ӕндавынц.

  •   «Сывӕллӕттӕй ӕмӕ ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕн социалон сетьтӕ, чи зоны, цыдӕр пайда сты. Фӕлӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, социалон сетьтӕ сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты психикӕйӕн ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн зиан кӕй хӕссынц» («Social Media and Youth Mental Health: The U.S. Surgeon General’s Advisory», 2023 аз).

 Уыцы дохтыр цы бӕрӕггӕнӕнты кой кӕны, уыдонӕй бӕрӕг у, уавӕр ӕцӕгдӕр тынг тӕссаг кӕй у.

  •   12 азӕй 15 азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы сывӕллӕттӕй «бон ӕртӕ сахатӕй фылдӕр социалон сетьты ӕмӕ мессенджерты чи фӕбады, уыдонӕн дыууӕ хатты фылдӕр у тӕссаг психикӕимӕ баст низтӕй, уыимӕ, зӕгъӕм, депрессийӕ».

  •   «14-аздзыд сывӕллӕттӕй социалон сетьты бирӕ рӕстӕг чи ӕрвыста, уыдон-иу арӕхдӕр ӕвзӕр фынӕй кодтой, интернеты-иу сӕ хынджылӕг кодтой, сӕхимӕ-иу фыдынд ӕмӕ ницӕйаг кастысты ӕмӕ-иу арӕх сӕхимӕ ныхъхъуыстой. Ӕмӕ уыцы сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр уыдысты чызджытӕ».

 Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у уыдӕттӕй сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын? Библийӕ цалдӕр уынаффӕмӕ ӕркӕсӕм.

Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын

 Сывӕллӕтты сӕхи бар ма ауадзут. Ныййарджытӕ, социалон сетьтӕ тӕссаг цӕмӕй сты, ууыл ахъуыды кӕнут, стӕй аскъуыддзаг кӕнут, уӕ сывӕллӕттӕн уый бар ратдзыстут, цӕмӕй сӕ пайда кӕной ӕви нӕ.

 Уӕ сывӕллӕттӕн социалон сетьтӕй пайда кӕныны бар куы раттат, уӕд-иу уӕ зӕрдыл дарут, тӕссаг цӕмӕй сты ӕмӕ-иу уӕ хъус дарут, социалон сетьтӕй куыд пайда кӕны, уымӕ. Уый куыд ис аразӕн?

 Уӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнут, цӕмӕй ӕвзӕр цӕмӕдӕрты ма кӕсой. Ахуыр сӕ кӕнут, цӕмӕй ӕмбарой, ӕвзӕр цы у, уый ӕмӕ дзы сӕхи хизой.

 Цас рӕстӕг сӕ пайда кӕндзысты, уый аскъуыддзаг кӕнут. Аскъуыддзаг кӕнут, уӕ сывӕллон кӕд ӕмӕ цас рӕстӕг пайда кӕндзӕн социалон сетьтӕй.

  •   Библийы уагӕвӕрд: «Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй уат... зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут» (Ефесӕгтӕм 5:15, 16).

  •   Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнат, социалон сетьтӕй сӕ бирӕ рӕстӕг пайда кӕнын цӕуылнӕ уадзут, уый тыххӕй бакӕсут фломастерӕй ныв анимацимӕ «Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау».