Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Marek M. Berezowski/Anadolu Agency via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Украинӕйы хӕст куы райдыдта, уымӕй иу аз рацыд. Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?

Украинӕйы хӕст куы райдыдта, уымӕй иу аз рацыд. Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?

 2023 азы 24 февралы ӕххӕст кӕны иу аз, Украинӕйы хӕст куы райдыдта, ууыл. Иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Украинӕйы ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕй фӕмард ӕмӕ фӕцӕф 300 000 бӕрц, ӕнӕуи адӕмӕй та фӕмард 30 000 бӕрц. Фӕлӕ, ӕфсӕддонтӕй дӕр ӕмӕ ӕнӕуи адӕмӕй дӕр чи фӕмард, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, фылдӕр сты.

 Хъыгагӕн, ацы хӕст, ӕвӕццӕгӕн, тагъд нӕ фӕуыдзӕн.

  •   «Уӕрӕсе Украинӕмӕ куы бабырста, ууыл иу азы бӕрц рацыд. Фӕлӕ нырма афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ тагъд фӕуыдзӕн. Бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй, дыууӕ бӕстӕйӕ кӕцы фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый. Стӕй, дыууӕ бӕстӕ дӕр кӕуыл сразы уой, ахӕм уынаффӕ рахӕссын дӕр сӕ бон нӕу» («National Public Radio», 2023 аз, 19 февраль).

 Бирӕты зӕрдӕтӕ риссынц, уыцы хӕст ӕмӕ ма ӕндӕр хӕстытӕ ӕнаххос адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр стыр зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарын кӕнынц, ууыл. Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры? Искуы хӕстытӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Хӕстытӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хӕст

 Библийы фыст ис, адӕмы сафгӕ нӕ, фӕлӕ чи фервӕзын кӕндзӕн, ахӕм хӕсты тыххӕй. Уыцы хӕст у Армагеддон. Библи йӕ хоны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст» (Раргомад 16:14, 16). Уыцы хӕсты Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕ фесафдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдоны аххосӕй ӕрцыд бирӕ тугкалӕн хӕстытӕ. Армагеддоны Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон куыд скӕндзӕн ӕмӕ уый фӕстӕ зӕххыл ӕнустӕм сабыр цард кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй бакӕс ацы статьятӕ: