Исай 58:1—14

58  «Дӕ хъӕлӕсы дзаг хъӕр кӕн, дӕхи ма уром+. Сыкъайы уастау дӕ хъӕлӕс бӕрзонд сис. Ӕмӕ мӕ адӕмӕн радзур, ныхмӕ куыд цӕуынц+, уый тыххӕй, Иаковы хӕдзарвӕндагӕн – сӕ тӕригъӕдты тыххӕй.  Уыдон мӕ агуырдтой алы бон дӕр ӕмӕ цин кодтой, мӕ фӕндӕгтӕ мын кӕй зонынц, ууыл+, рӕстӕй чи цӕры ӕмӕ йӕ Хуыцауы рӕстдзинад чи нӕ уадзы, цыма ахӕм адӕм уыдысты, уыйау+. Уыдон мӕ фарстой раст тӕрхӕтты тыххӕй ӕмӕ, сӕ цин чи уыди, уыцы Хуыцаумӕ ӕввахс кодтой+.  Ӕмӕ ныр дзурынц: „Цӕмӕн дардтам ком, ды та нӕ нӕ уыдтай?+ Цӕмӕн ӕфхӕрдтам нӕ удтӕ+, ды та нӕ хъуыды дӕр нӕ кодтай?“+ Ком куы дардтат, уыцы бон-иу, уӕхи цы фӕндыд, уыдӕттӕ арӕзтат, уӕ кусджыты-иу се ’ппӕты дӕр кусын кодтат+.  Сымах ком дардтат хыл ӕмӕ быцӕу кӕныны тыххӕй+, тымбылкъухӕй фыдцӕф кӕныны тыххӕй+. Ком куы дардтат, уӕд афтӕ хъуыды кодтат, ӕмӕ уыцы рӕстӕг уӕ хъӕлӕс уӕларвмӕ фехъуысдзӕн?  Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый хъуамӕ ахӕм уа, ӕмӕ-иу уыцы бон адӕймаг йӕ уд ӕфхӕра+ ӕмӕ-иу йӕ сӕр хъӕзау ӕркъул кӕна? Хъуамӕ-иу хъисын ӕрытауа ӕмӕ фӕныкыл хуысса?+ Уый хоныс ком дарын, уый хоныс, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы бон?+  Ӕз кӕй равзӕрстон, уыцы комдарӕн уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй-иу иннӕты фыддзинады хъадамантӕй суӕгъд кӕнат+, ӕфсондзы бӕттӕнтӕ-иу райхалат+, ныфссаст чи у, уыдоны-иу ссӕрибар кӕнат+ ӕмӕ-иу алы ӕфсондз дӕр ныппырх кӕнат?+  Уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй-иу дӕ къӕбӕрӕй ӕххормаг адӕймагӕн бахай кӕнай+, дӕ хӕдзармӕ-иу ӕфхӕрд ӕмӕ ӕнӕхӕдзар адӕмы ӕрбакӕнай?+ Уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй, бӕгънӕг адӕймаджы куы фенай, уӕд-иу ын уӕлӕдарӕс раттай+ ӕмӕ, дӕ туг, де стӕг чи у, уыдонӕй дӕхи ма ӕмбӕхсай?+  Уӕд дӕ рухс сӕрттивдзӕн сӕуӕхсидау+ ӕмӕ уайтагъд дӕ къахыл слӕудзынӕ+. Дӕ рӕстдзинад цӕудзӕн дӕ разӕй+ ӕмӕ дӕ фӕстейӕ хъахъхъӕндзӕн Йегъовӕйы кад+.  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ сдзыназдзынӕ, ӕмӕ дын дзуапп ратдзӕн, ӕххуысмӕ йӕм фӕсиддзынӕ+, ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ дӕн!“ Уе ’хсӕнӕй ӕфсондз куы фесафай+, де ’нгуылдзӕй куы нал амонай+ ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы нал кӕнай+, 10  дӕхи дӕр цы хъӕуы, уый ӕххормаг адӕймагӕн куы дӕттай+, ӕфхӕрд адӕймаджы куы ӕфсадай, уӕд талынджы дӕ рухс сӕрттивдзӕн ӕмӕ, цы саудалынджы дӕ, уый суыдзӕн ӕмбисбоны рухсы хуызӕн+. 11  Йегъовӕ дӕ алкӕддӕр+ кӕндзӕн+, суанг дӕ хурсыгъд зӕххыл дӕр ӕфсаддзӕн+ ӕмӕ дын де стджытӕ фидар кӕндзӕн+. Ӕмӕ ды суыдзынӕ донӕфсӕст цӕхӕрадоны хуызӕн+, чи нӕ хус кӕны, ахӕм суадоны хуызӕн. 12  Дӕу тыххӕй рагон хӕлд горӕттӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзысты+. Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ пырхӕй чи лӕууыд, уыцы бындуртӕ фӕстӕмӕ сараздзынӕ+. Ӕмӕ дӕ схондзысты пырх къултӕ цалцӕггӕнӕг+, адӕм кӕй раз цӕрынц, уыцы фӕндӕгтӕ аразӕг. 13  Сабатбоны закъонмӕ гӕсгӕ мын мӕ сыгъдӕг боны дӕхи фӕндтӕ куы не ’ххӕст кӕнай+, сабат стыр цины бон, Йегъовӕйы кадджын ӕмӕ сыгъдӕг бон куы схонай+, стӕй дӕхи фӕндӕгтыл куы нӕ цӕуай, дӕхи цы фӕнды, уыдӕттӕ куы нӕ аразай ӕмӕ афтид ныхӕстӕ куы нӕ кӕнай, фӕлӕ уыцы бон куы кадджын кӕнай, 14  уӕд Йегъовӕ уыдзӕн де стыр цин+, ӕмӕ дӕ ӕз кӕндзынӕн зӕххы бӕрзӕндтыл+. Ӕз дын бар ратдзынӕн, цӕмӕй, дӕ фыдӕл Иаков бынӕн кӕй райста, уыцы зӕххы тыллӕгӕй хӕрай+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ йӕхӕдӕг»+.

Фиппаинӕгтӕ