Хъуыддӕгтӕ 10:1—48

10  Кесарийы цард иу лӕг, Корнилий, зӕгъгӕ, италиаг+ кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон къорды хицау*+.  Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр уыдысты Хуыцауӕн кувӕг адӕм+, Хуыцауӕй тарстысты+. Корнилий тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн+ ӕмӕ ӕдзухдӕр куывта Хуыцаумӕ+.  Ӕмӕ иухатт боны фарӕстӕм сахатыл*+ цӕстылуайӕны+ федта Хуыцауы зӕды+. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йӕм сдзырдта: «Корнилий!»  Корнилий йӕм бакаст ӕмӕ тарстхуызӕй загъта: «Цы, мӕ буц хицау?» Уый йын загъта: «Хуыцау дын ӕрхъуыды кодта дӕ куывдтытӕ+ ӕмӕ, мӕгуыртӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзтай, уыдон+.  Гъемӕ дӕ адӕмӕй искӕй Иоппимӕ арвит ӕмӕ фӕдзур, Петр кӕй хонынц, уыцы Симонмӕ.  Уый ӕрлӕууыд цармы куыстгӕнӕг Симонмӕ, денджызы был чи цӕры, уымӕ»+.  Куыддӕр зӕд йӕ ныхас фӕци ӕмӕ ацыд, афтӕ Корнилий фӕдзырдта йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕмӕ ӕмӕ, ӕдзухдӕр йемӕ чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауӕн кувӕг лӕгмӕ+.  Алцыдӕр сын радзырдта ӕмӕ сӕ Иоппимӕ арвыста+.  Дыккаг бон, уыцы лӕгтӕ ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ горӕтмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд, ӕхсӕзӕм сахатыл*, Петр хӕдзары сӕрмӕ*+ кувынмӕ схызт+. 10  Фӕлӕ тынг сӕххормаг, хӕрын ӕм ӕрцыд. Фысымтӕ хӕринаг куы цӕттӕ кодтой, уыцы рӕстӕг уый та цӕстылуайӕны+ федта, 11  арв куыд фегом+ ӕмӕ стыр кӕттаджы хуызӕн цыдӕр йӕ цыппар кӕронӕй зӕхмӕ куыд ӕрцӕйуагъдӕуыд. 12  Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ+. 13  Ӕмӕ фехъуыста зӕды хъӕлӕс: «Петр, сыст, аргӕвд дзы ӕмӕ бахӕр!»+ 14  Фӕлӕ Петр загъта: «Нӕ, Хицау, цытӕ дзурыс! Ӕз чъизи ӕмӕ нӕфӕтчиагӕй никуы ницы бахордтон»+. 15  Ӕмӕ та дыккаг хатт фехъуыста зӕды хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи+ мауал хон». 16  Ӕмӕ афтӕ ӕртыккаг хатт дӕр, ӕмӕ уайтагъд уыцы кӕттаг арвмӕ ист ӕрцыд+. 17  Цалынмӕ Петр уыцы цӕстылуайӕныл хъуыды кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ, уӕдмӕ Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕ, Симоны хӕдзар кӕцы у, уымӕй бафарстой ӕмӕ йӕ кулдуары раз ӕрлӕууыдысты+. 18  Мидӕмӕ бахъӕр кодтой ӕмӕ бафарстой, Петр кӕй хонынц, уыцы Симон уазӕгуаты ам ис, зӕгъгӕ. 19  Петр ма цӕстылуайӕныл хъуыды кодта, афтӕ йын Хуыцауы сыгъдӕг тых+ загъта: «Дӕлӕ дӕ ӕртӕ лӕджы агурынц. 20  Сыст, бынмӕ ныххиз ӕмӕ семӕ ацу, ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕз ӕрбарвыстон»+. 21  Петр дӕр сӕм ӕрхызт ӕмӕ сын загъта: «Кӕй агурут, уый ӕз дӕн. Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдыстут?» 22  Уыдон ын загътой: «Ӕфсӕддон хицау Корнилий нӕ рарвыста. Уый у рӕстаг лӕг, Хуыцауӕй тӕрсы+ ӕмӕ дзуттӕгтӕ иууылдӕр кӕнынц йӕ хорзы кой+. Хуыцау ын йӕ рухс зӕды уылты загъта, цӕмӕй дӕм арвита, йӕхимӕ дӕ фӕхона ӕмӕ, цы зӕгъинаг дӕ, уымӕ байхъуса». 23  Уӕд сӕ Петр мидӕмӕ бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта. Дыккаг бон Петр семӕ араст, йемӕ ма ацыд цалдӕр иоппиаг ӕфсымӕры дӕр. 24  Ӕмӕ иннӕ бон Кесаримӕ ӕрхӕццӕ. Корнилий та йӕ хӕстӕджыты ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕртты фӕхуыдта ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ касти. 25  Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд ӕм Корнилий рацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын бакуывта. 26  Фӕлӕ йыл Петр схӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Уӕлӕмӕ сыст, ӕз дӕр адӕймаг дӕн»+. 27  Ӕмӕ Петр йемӕ ныхасгӕнгӕ мидӕмӕ бацыд ӕмӕ дзы баййӕфта бирӕ адӕмы, 28  ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, дзуттӕгтӕн ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм хӕстӕг цӕуын кӕнӕ семӕ лымӕн кӕнын кӕй не ’мбӕлы+. Фӕлӕ мын Хуыцау бамбарын кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр чъизи кӕнӕ ӕлгъагыл кӕй хъуамӕ ма нымайон+. 29  Гъемӕ мӕм куы ’рбарвыстат, уӕд ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй рацыдтӕн ӕмӕ мӕнӕ ам дӕн. Ӕмӕ мӕ фӕнды базонын: цӕмӕн мӕм дзырдтат?» 30  Уӕд ын Корнилий загъта: «Цыппар боны размӕ, раст ацафон, фарӕстӕм сахатыл*+ хӕдзары куывтон, ӕмӕ дын мӕ разы иу лӕг урс-урсид дарӕсы+ куы февзӕрид. 31  Ӕмӕ мын загъта: „Корнилий, Хуыцау дын дӕ куывд фехъуыста ӕмӕ, мӕгуыртӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзтай, уыдон ӕрхъуыды кодта+. 32  Уӕдӕ искӕй Иоппимӕ арвит ӕмӕ фӕдзур, Петр+ кӕй хонынц, уыцы Симонмӕ. Уый уазӕгуаты ис цармы куыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы был“+. 33  Ӕмӕ дӕм ӕз дӕр уайтагъд арвыстон, ӕмӕ кӕй ӕрцыдтӕ, уый хорз у. Ныр мах ам не ’ппӕт дӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй фехъусӕм, Йегъовӕ Хуыцау дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста зӕгъын, уый»+. 34  Ӕмӕ уӕд Петр загъта: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны+, 35  фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг+. 36  Хуыцау Израилы фырттӕм рарвыста ныхас+, цӕмӕй сын фехъусын кӕна, адӕмӕн Йесо Чырыстийы фӕрцы цы фарн ис, уый тыххӕй хорз хабар+, ома Йесо кӕй у ӕппӕт адӕмы Хицау дӕр+. 37  Сымах ӕй зонут, Иоанн донаргъуыды тыххӕй куы хъусын кодта, уый фӕстӕ ӕгас Иудейӕйы дӕр, Галилейӕйӕ райдайгӕйӕ, цӕуыл дзырдтой, уый+. 38  Уыдон дзырдтой назаретаг Йесойы тыххӕй. Хуыцау ӕй байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй+ ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг+ тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта. Уыдӕттӕ аразын йӕ бон уымӕн уыд, ӕмӕ Хуыцау уыди йемӕ+. 39  Ӕмӕ мах нӕхи цӕстӕй федтам, уый ӕгас Иудейӕйы дӕр ӕмӕ Иерусалимы дӕр кӕй сарӕзта, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ. Уыдон та йӕ амардтой – хъӕдыл ӕй ӕрцауыгътой+. 40  Фӕлӕ йӕ Хуыцау ӕртыккаг бон райгас кодта ӕмӕ адӕмӕн радта фадат, цӕмӕй йӕ федтаиккой+. 41  Ахӕм фадат се ’ппӕтӕн нӕ радта, фӕлӕ махӕн – Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ йемӕ чи хордта ӕмӕ чи нызта+, уыдонӕн. Мах Хуыцау раздӕр равзӕрста+, цӕмӕй Йесойы фенӕм ӕмӕ уый тыххӕй дзурӕм. 42  Ӕмӕ нын уый бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм+ ӕмӕ сын бӕстон ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцау ӕй удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдта+. 43  Пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр уый тыххӕй дзурынц+, зӕгъгӕ йыл чи баууӕнда, уымӕн йӕ номӕй йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты»+. 44  Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъуыста, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд+. 45  Ӕмӕ, йемӕ сунӕтгӕндтӕй цы ӕфсымӕртӕ уыд, уыдон дисы бацыдысты, ӕндӕр адӕмтӕ дӕр кӕй схайджын сты Хуыцауы стыр лӕварӕй – сыгъдӕг тыхӕй+, 46  уымӕн ӕмӕ хъуыстой, ӕндӕр ӕвзӕгтыл кӕй дзурынц ӕмӕ Хуыцауы кӕй кадджын кӕнынц+. Уӕд Петр загъта: 47  «Ацы адӕм дӕр махау Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, ӕмӕ уӕд кӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ сын донаргъуыд райсӕн нӕй?»+ 48  Ӕмӕ сын уӕд загъта, цӕмӕй Йесо Чырыстийы номыл донаргъуыд райсой+. Уый фӕстӕ йын уыдон загътой, цӕмӕй сӕм иу-цалдӕр боны баззадаид.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сӕдӕйыхицау», ома йӕ дӕлбар уыд 100 ӕфсӕддоны.
Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 3 сахатмӕ ’ввахс.
Кӕс Мф 24:17, фип.
Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 12 сахатмӕ ’ввахс.
Кӕс 3 ст., фип.