1 Коринфӕгтӕм 15:1—58

15  Ме ’фсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнын, цы хорз хабар+ уын фехъусын кодтон+, уый – сымах уыцы хорз хабарыл баууӕндыдыстут ӕмӕ йыл фидар хӕцут+.  Мӕнӕй цы хорз хабар фехъуыстат, ирвӕзгӕ дӕр уый фӕрцы кӕнут+,– ӕрмӕст ыл кӕд фидар хӕцут, уӕд. Кӕд нӕ, уӕд та уырнджытӕ дзӕгъӕлы систут+.  Ӕз уын фыццаджыдӕр фехъусын кодтон, мӕхӕдӕг цы базыдтон, уый+: Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй+  ӕмӕ йӕ бавӕрдтой+, фӕлӕ ӕртыккаг+ бон райгас+, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ+.  Ӕмӕ фӕзынд Кифӕмӕ+, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ+.  Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ныр дӕр ма ӕгас сты+, чидӕртӕ та дзы амард*.  Уый фӕстӕ фӕзынд Иаковмӕ+, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр+.  Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ+, цыма афонӕй раздӕр райгуырдтӕн, афтӕ.  Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр+ ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон+ Хуыцауы ӕмбырд. 10  Фӕлӕ мыл ацы хӕс ис Хуыцауы стыр хорзӕхы+ фӕрцы. Ӕмӕ мын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци+ – ӕз бафыдӕбон кодтон уыдонӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр+, уӕвгӕ ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕх, хайджын кӕмӕй дӕн, уый+. 11  Фӕлӕ мах – ӕз кӕнӕ иннӕ апостолтӕ – уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ сымах афтӕмӕй баууӕндыдыстут+. 12  Гъемӕ кӕд Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнӕм, мӕрдтӕй райгас+, зӕгъгӕ, уӕд сымахӕй чидӕртӕ афтӕ куыд дзурынц, ӕмӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты?+ 13  Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас+. 14  Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд та хъусын дӕр дзӕгъӕлы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у+. 15  Уымӕй уӕлдай ма уӕд Хуыцауӕн мӕнгӕвдисӕнтӕ дӕр стӕм+, уымӕн ӕмӕ кӕд мӕрдтӕ ӕцӕгдӕр нӕ райгас уыдзысты+, уӕд мах та Хуыцауӕй афтӕ дзурӕм+, зӕгъгӕ, райгас кодта+, кӕй нӕ райгас кодта, уыцы Чырыстийы. 16  Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас. 17  Стӕй кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд уӕ уырнындзинад ницы пайда у – ныр дӕр ма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут+. 18  Ӕмӕ Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард+, уыдон дӕр бынтондӕр фесӕфтысты+. 19  Кӕд Чырыстийыл нӕ ныфс ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм+, уӕд махӕй ӕнамонддӕр адӕм нӕй. 20  Фӕлӕ Чырысти ӕцӕгдӕр райгас+ – чи амард+, уыдонӕй уый райгас фыццаг*+. 21  Мӕлӕт+ адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц+. 22  Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц+, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты+. 23  Ӕрмӕст алчидӕр йӕхи афон: фыццаг*+ – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа*+, уӕд. 24  Стӕй кӕроны, ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа, уӕд, паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм+. 25  Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ+. 26  Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт+. 27  Уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау «ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта йӕ къӕхты бын»+. Фӕлӕ кӕд афтӕ зӕгъы, ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдта+, зӕгъгӕ, уӕддӕр бӕлвырд у – ам дзырд нӕ цӕуы Хуыцауыл, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, ууыл+. 28  Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна+, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар+, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау+. 29  Кӕд афтӕ нӕу, уӕд цы зӕгъӕн ис, цӕмӕй амӕла, уый тыххӕй аргъуыд чи райста, уыдонӕй?+ Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты+, уӕд ахӕм аргъуыд+ цӕмӕн райстой? 30  Ӕмӕ мах дӕр ӕдзух тӕссаг уавӕры цӕмӕн вӕййӕм?+ 31  Ме ’фсымӕртӕ, ӕз сымахӕй, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй, куыд сӕрыстыр дӕн+, уымӕй сомы кӕнын: ӕз алы бон дӕр кӕсын мӕлӕты цӕстытӕм+. 32  Кӕд Ефесы+ хъӕддаг сырдтимӕ иннӕ адӕмау тох кодтон, уӕд мын уый цы пайда у? Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд «хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм»+. 33  Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц+. 34  Райхъал ут+ ӕмӕ рӕстӕй архайут ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымахӕй чидӕртӕ Хуыцауы нӕ зонынц+. Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй уӕм худинаг ӕркӕса+. 35  Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты? Ӕмӕ сын цавӕр буар уыдзӕни?»+ 36  Куыд ӕнӕмбаргӕ дӕ! Цы байтауай, уый куы нӕ бамбийа*, уӕд нӕ сырӕздзӕн*+. 37  Стӕй ды, цы зайӕгой* сырӕздзӕн, уый нӕ тауыс – ды тауыс нӕмыг+, мӕнӕуы нӕмыг уа ӕви ӕндӕр истӕй нӕмыг. 38  Хуыцау та йын дӕтты, цавӕр ӕй фӕнды+, ахӕм буар+, ӕмӕ алы нӕмыгӕн дӕр дӕтты йӕхи буар. 39  Буӕрттӕ та ӕмхуызон не сты. Адӕмӕн иу буар ис, фосӕн – ӕндӕр буар, мӕргътӕн – ӕндӕр, ӕмӕ кӕсӕгтӕн дӕр – ӕндӕр+. 40  Ис уӕларвон+ буӕрттӕ ӕмӕ зӕххон буӕрттӕ+, фӕлӕ уӕларвон буӕрттӕн сӕ кад+ иу у, зӕххон буӕрттӕн та – ӕндӕр. 41  Хурӕн+ йӕ кад иу у, мӕйӕн+ – ӕндӕр, ӕмӕ стъалытӕн+ дӕр ӕндӕр у сӕ кад, уӕвгӕ, стъалытӕн дӕр сӕ кад иу нӕу. 42  Афтӕ у мӕрдты райгасы хабар дӕр+. Байтыдӕуы ӕмбийгӕ буар, райгас вӕййы ӕнӕмбийгӕ буар+. 43  Байтыдӕуы ӕгадӕй+, райгас вӕййы кадджынӕй+. Байтыдӕуы лӕмӕгъӕй+, райгас вӕййы тыхджынӕй+. 44  Байтыдӕуы туг ӕмӕ стӕгӕй буар+, райгас вӕййы уӕларвон* буар+. Ӕмӕ кӕд ис туг ӕмӕ стӕгӕй буар, уӕд ис уӕларвон буар дӕр. 45  Фыст дӕр афтӕ у: «Фыццаг Адам сси цӕрӕг уд*»+. Фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг+ уӕларвон удгоймаг*+. 46  Фӕлӕ фыццаг уӕларвон* нӕ уыд, фӕлӕ, туг ӕмӕ стӕгӕй чи уыд, уый, стӕй та – уӕларвон+. 47  Фыццаг адӕймаг уыд зӕххон, ӕмӕ конд уыд сыджытӕй+, дыккаг та у уӕларвӕй+. 48  Сыджытӕй+ конд чи уыд, уый цавӕр у, ахӕм сты, сыджытӕй конд ма ноджыдӕр чи у, уыдон дӕр. Ӕмӕ‚ уӕлӕрвты+ чи ис, уыдон сты, уӕлӕрвтӕм чи аздӕхт, уый хуызӕн+. 49  Ӕмӕ, сыджытӕй конд чи уыд, уый хуызӕн+ куыд стӕм, афтӕ уыдзыстӕм, уӕлӕрвтӕм чи аздӕхт, уый хуызӕн+ дӕр. 50  Фӕлӕ уый зӕгъдзынӕн, ме ’фсымӕртӕ, ӕмӕ туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы паддзахад+ бынӕн райсын, ӕмӕ‚ ӕмбийгӕ цы кӕны, уый дӕр, ӕнӕмбийгӕ цы у, уый бынӕн нӕ райсдзӕн+. 51  Зӕгъын уын сусӕгдзинад*: не ’ппӕт мӕрдвынӕй нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр фӕивдзыстӕм+ 52  ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд. Уадындз+ ныууасдзӕн, ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты ӕнӕмӕлгӕйӕ, ӕмӕ мах та фӕивдзыстӕм. 53  Уымӕн ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый хъуамӕ суа ӕнӕмбийгӕ+, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы+, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ. 54  Ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый ӕнӕмбийгӕ куы суа, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый ӕнӕмӕлгӕ куы суа, уӕд та сӕххӕст уыдзӕн, фыст цы у, уый: «Уый фесӕфта* мӕлӕт+ ӕнустӕм»+. 55  «Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргджын фат?»+ 56  Мӕлӕт чи расайы‚ уыцы маргджын фат+ у тӕригъӕд, тӕригъӕдӕн та тых ис Закъоны+ фӕрцы. 57  Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг – уый нын дӕтты уӕлахиз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!+ 58  Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар+ ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы+ хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «бафынӕй». Кӕс 18, 20 ст. дӕр.
Комк. «уыдонӕй фыццаг тыллӕг».
Комк. «фыццаг тыллӕг».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Комк. «куы нӕ амӕла».
Комк. «нӕ райгас уыдзӕн».
Комк. «буар».
Грекъ. пневматико́н. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Грекъ. пневматико́н. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
Комк. «аныхъуырдта».