2 Паддзӕхты 20:1—21

20  Уыцы рӕстӕг Езеки мӕлӕтдзаг рынчын фӕци+. Уӕд ӕм ӕрбацыд пехуымпар Исай+, Амосы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Дӕ хӕдзаронтӕн амындтӕ ратт+, уымӕн ӕмӕ нал сдзӕбӕх уыдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+.  Езеки уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд къулы ’рдӕм азылд+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+:  «О Йегъовӕ, лӕгъстӕ дын кӕнын, курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн+, дӕ разы иузӕрдионӕй+ кӕй цардтӕн+, мӕ зӕрдӕ дын ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй радтон+ ӕмӕ, дӕ цӕсты раст цы у, уый кӕй арӕзтон»+. Ӕмӕ Езеки тынг ныккуыдта+.  Исай астӕуккаг кӕртмӕ нӕма рахызт, афтӕ йын Йегъовӕ загъта+:  «Фӕстӕмӕ ацу ӕмӕ мӕ адӕмы разамонӕг+ Езекийӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау Йегъовӕ+ афтӕ зӕгъы: „Фехъуыстон+ дын дӕ куывд+, дӕ цӕссыгтӕ дӕр дын федтон+. Адзӕбӕх дӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕртыккаг бон Йегъовӕйы хӕдзармӕ бацӕудзынӕ+.  Дӕ царды бонтӕм ма дын фынддӕс азы бафтаудзынӕн. Дӕу дӕр ӕмӕ ацы горӕт дӕр Ассирийы паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн+ ӕмӕ ацы горӕт мӕ номы тыххӕй ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй+ хъахъхъӕндзынӕн“».  Исай паддзахы лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Хус легъуитӕй конд тъӕпӕн гуыл+ райсут». Уыдон дӕр гуыл райстой, йӕ хъӕдгомыл ын ӕй сӕвӕрдтой+, ӕмӕ Езеки сындӕггай адзӕбӕх+.  Езеки та Исайы фарста: «Йегъовӕ мӕ кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй ацӕудзынӕн, уый куыд базонон?»+  Уӕд ын Исай загъта: «Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй дын мӕнӕ нысан+ Йегъовӕйӕ: куыд дӕ фӕнды, хуры аууон асиныл дӕс къӕпхӕны размӕ ацӕуа, ӕви дӕс къӕпхӕны фӕстӕмӕ рацӕуа?» 10  Езеки загъта: «Аууон дӕс къӕпхӕны размӕ ацӕуа, уый ӕнцон у. Уадз ӕмӕ дӕс къӕпхӕны фӕстӕмӕ рацӕуа»+. 11  Уӕд Исай Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ уый, Ахазы асиныл бынмӕ къӕпхӕнтыл хуры фӕдыл цы аууон ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ дӕс къӕпхӕны ссӕуын кодта+. 12  Уыцы рӕстӕг Вавилоны+ паддзах Беродах-Баладан+, Баладаны фырт, фехъуыста, Езеки рынчын кӕй уыд ӕмӕ кӕй сдзӕбӕх, ӕмӕ йын арвыста фыстӕджытӕ+ ӕмӕ лӕвар. 13  Езеки ӕрвыст лӕгтӕм байхъуыста ӕмӕ сын равдыста йӕ хӕзнадон+: ӕвзист, сызгъӕрин+, бальзамы сой+ ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ сой ӕмӕ йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ. Йӕ хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыд, уыдон сын равдыста. Йӕ хӕдзары ӕмӕ сын йӕ паддзахады цынӕ равдыста, ахӕмӕй ницыуал баззад+. 14  Уый фӕстӕ пехуымпар Исай паддзах Езекимӕ ӕрбацыд ӕмӕ йӕ бафарста+: «Уыцы адӕм цы загътой ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»+ Уый йын загъта: «Дард бӕстӕйӕ ӕрцыдысты, Вавилонӕй». 15  Исай йӕ ногӕй бафарста: «Дӕ хӕдзары дын цы федтой?» Езеки йын дзуапп радта: «Мӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдон федтой. Мӕ хӕзнадӕтты сын цынӕ равдыстон, ахӕмӕй ницыуал баззад»+. 16  Уӕд Исай Езекийӕн загъта: «Уӕдӕ байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ+: 17  „Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ, ӕмӕ, дӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис+ ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ абоны онг цы фембырд кодтой, уыдон иууылдӕр Вавилонмӕ ахӕсдзысты+. Ницыуал дын баззайдзӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 18  Чи дын райгуыра, уыцы фырттӕй дӕр дын кӕйдӕрты акӕндзысты+, ӕмӕ уыдон суыдзысты фӕсдзӕуинтӕ+ Вавилоны паддзахы галуаны“»+. 19  Уӕд Езеки Исайӕн загъта: «Раст у Йегъовӕйы ныхас, кӕй загътай, уый»+. Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Кӕд мӕ рӕстӕджы+ фарн ӕмӕ ӕдасдзинад* уыдзӕн+, уӕд уый хорз куыннӕ у». 20  Езекийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй, стӕй цад+ ӕмӕ къанау+ куыд скодта ӕмӕ горӕтмӕ дон куыд бауагъта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 21  Ӕппынфӕстаг Езеки йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Манасси+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕцӕгдзинад».