Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Йесо «къӕбылаты» тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уый ӕфхӕрдыл банымайӕн уыди?

Сывӕллон къӕбылаимӕ, грекъаг кӕнӕ ромаг дурцырт (н. э. размӕ фыццаг ӕнусӕй н. э. дыккаг ӕнусмӕ)

Иухатт Йесо Израилӕй ацыд ромаг провинци Сиримӕ. Уым ӕм ӕххуысагур бацыд иу грекъаг сылгоймаг. Йесо йын цы цӕвиттон ӕрхаста, уым, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны абарста «къӕбылатимӕ». Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, куыйтӕ чъизи цӕрӕгойтыл нымад уыдысты (Левит 11:27). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Йесойы уыцы грекъаг сылгоймаджы ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны бафхӕрын фӕндыд?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, фыццаджыдӕр дзуттӕгтӕн кӕй хъуамӕ баххуыс кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ Йесо грекъаг сылгоймагӕн цӕвиттон ӕрхаста: «Сывӕллӕттӕн сӕ къӕбӕр сӕ дзыхӕй ратонай ӕмӕ йӕ къӕбылатӕн аппарай, уый раст нӕу» (Матфейы 15:21–26; Марчы 7:26). Грекъӕгтӕ ӕмӕ ромӕгтӕй бирӕтӕ куыйтӕ тынг уарзтой. Сӕ хӕдзары-иу сӕ дардтой ӕмӕ-иу сӕ сывӕллӕттӕ семӕ хъазыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сын дзырд «къӕбылатӕ» фехъусын хъуамӕ ӕхсызгон уыдаид. Грекъаг сылгоймаг Йесойӕн йӕ ныхӕстӕ бамбӕрста ӕмӕ загъта: «Уый афтӕ у, Хицау. Фӕлӕ къӕбылатӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон». Йесо дзы йӕ фидар уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд ӕмӕ йын йӕ чызджы сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:27, 28).

Апостол Павел наудзаутӕн балц аргъӕвын цӕмӕн бауынаффӕ кодта?

Стыр уӕзласӕн науы рельеф къӕйдурыл (н. э. фыццаг ӕнус)

Апостол Павел Италимӕ цы науыл цыди, уый ленк кодта дымгӕйы ныхмӕ. Иу ран наулӕууӕны куы ӕрлӕууыдысты, уӕд Павел наудзаутӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй сӕ балц аргъӕвтаиккой (Хъуыддӕгтӕ 27:9–12). Цымӕ сын ахӕм уынаффӕ цӕмӕн радта?

Раджы заманты наудзаутӕ хорз зыдтой, зымӕджы Зӕххастӕу денджызыл цӕуын тӕссаг кӕй уыд. Ноябры ӕмбисӕй-иу мартъийы ӕмбисмӕ уыцы денджызыл ничи цыд. Фӕлӕ Павел цы балцы кой кодта, уый уыди сентябры кӕнӕ октябры. Ромаг фыссӕг Вегеций (н. э. цыппӕрӕм ӕнус) Зӕххастӕу денджызыл цӕуыны тыххӕй ныффыста: «Иуӕй-иу мӕйтӕ цӕуынӕн хорз сты, иннӕтӕ та – дызӕрдыггаг, кӕцыдӕртӕ та тӕссаг сты» (Epitome of Military Science). Вегецийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, денджызыл цӕуын тӕссаг нӕ уыд 27 майӕ 14 сентябрмӕ, фӕлӕ 15 сентябрӕй 11 ноябрмӕ ӕмӕ 11 мартъийӕ 26 маймӕ та тӕссаг уыди. Павел балцыты арӕх цыди, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ хорз зыдта. Наутӕрӕг ӕмӕ науы хицау дӕр уыдӕттӕ зыдтаиккой, фӕлӕ Павелы уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. Сӕ балц фӕци, нау кӕй ныппырх, уымӕй (Хъуыддӕгтӕ 27:13–44).