Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сымах зынаргъдӕр стут» (МАТФЕЙЫ 10:31)

Хуыцау дыл тыхсы?

Хуыцау дыл тыхсы?

ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТӔМ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Сывӕллон куы райгуыры, уӕд тынг ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй йӕ царды фыццаг сахат йӕ мады фарсмӕ уа. Сывӕллоныл йӕ мад куы баузӕлы, уӕд ыл уый хорзырдӕм фӕзыны ӕмӕ хуыздӕр фӕрӕзы *.

Цымӕ ныййарӕг мад йӕ ноггуырд сывӕллоныл цӕмӕн фӕузӕлы? Профессор Жаннет Креншоу уый фӕдыл ныффыста, зӕгъгӕ, сылгоймагӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд йӕ туджы сбирӕ вӕййы гормон окситоцин, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы фӕфӕнды йӕ сывӕллонмӕ ӕвналын, узӕлын, кӕсын ӕмӕ йын дзидзи дарын (The Journal of Perinatal Education). Уыцы рӕстӕг ма мады туджы сбирӕ вӕййы ӕндӕр гормон, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ сывӕллонмӕ йӕ хъус фӕдары ӕмӕ йыл ноджы ӕнувыддӕр вӕййы. Уый ахсджиаг цӕмӕн у?

Мад ӕмӕ сывӕллоны ’хсӕн ахӕм фидар тӕгтӕ кӕй фӕзыны, уый у нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг Йегъовӕ * Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Паддзах Давид Хуыцауы кадджын кодта, йӕ мады гуыбынӕй йӕ кӕй ракодта ӕмӕ йӕ мады хъӕбысы кӕй ницӕмӕй тарст, уый тыххӕй. Давид куывта: «Дӕ бар мӕ бакодтой мӕ райгуырдӕй. Мӕ мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау» (Псалом 22:9, 10).

АХЪУЫДЫ КӔН: Кӕд Хуыцау сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йӕ сывӕллоныл тыхса ӕмӕ йыл узӕла, уӕд цымӕ йӕхӕдӕг йӕ «цотыл», ома махӕй алкӕуылдӕр, нӕ тыхсы? (Хъуыддӕгтӕ 17:29).

ХУЫЦАУ НЫЛ КӔЙ ТЫХСЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Не Сфӕлдисӕджы Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи зоны, ӕмӕ Чырысти загъта: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31).

Гыццыл цъиуты бирӕтӕ хъуыды дӕр не ’ркӕнынц, уӕдӕ, зӕхмӕ кӕй ӕрхауынц, уымӕ та сӕ хъус ӕппындӕр нӕ фӕдарынц. Фӕлӕ нӕ уӕларвон Фыд уыцы цъиутӕй алкӕй дӕр уыны! Цъиутӕ цыфӕнды бирӕ ма уой, уӕддӕр адӕймагӕй зынаргъдӕр не сты. Уӕдӕ «ма тӕрс» – Хуыцауӕй рох нӕ дӕ. Уый дыл тынг тыхсы!

Хуыцауы нӕ хорз фӕнды ӕмӕ ныл зӕрдиагӕй тыхсы

Библи нын зӕгъы

  • «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 АЗФЫСТЫТЫ 16:9).

  • «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (ПСАЛОМ 34:15).

  • «Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл, уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар» (ПСАЛОМ 31:7).

«АФТӔ МӔМ КАСТ, ӔМӔ МӔ ЙЕГЪОВӔ НӔ УАРЗЫ»

Хуыцау ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый зонын исты пайда у? Куыннӕ! Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Английӕ иу сылгоймаг Аннӕйы * ныхӕстӕй.

«Бирӕ, тынг бирӕ хӕттыты мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕ нӕ хъусы. Ӕнхъӕлдтон, афтӕ уымӕн у, ӕмӕ мӕм фаг уырнындзинад нӕй. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ Хуыцау ӕфхӕры кӕнӕ мӕ ницӕмӕ дары, уымӕн ӕмӕ мын нӕ аргъ кӕны. Хъуыды кодтон, Хуыцау мыл кӕй нӕ тыхсы».

Фӕлӕ ныр Аннӕ нал дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы. Цымӕ цӕуылнӕ? Аннӕ загъта: «Сабыргай-сабыргай мӕ хъуыды аивтон. Хъуыды ма йӕ кӕнын, кӕддӕр мын Чырыстийы нывонды тыххӕй иу раныхас куыд баххуыс кодта. Уӕд мӕ бауырныдта, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Йегъовӕ-иу мын мӕ куывдтытӕ куы фехъуыста, уӕд-иу арӕх мӕ цӕссыгтӕ нӕ баурӕдтон, уымӕн ӕмӕ-иу уӕд бамбӕрстон, тынг бирӕ мӕ кӕй уарзы. Стӕй ма Библи кӕй ахуыр кодтон ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый фӕрцы хуыздӕр базыдтон Йегъовӕйы ӕмӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый. Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр кӕй уарзы ӕмӕ алкӕмӕ дӕр йӕ хъус кӕй дары».

Аннӕйы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц. Фӕлӕ куыд базонӕн ис, Хуыцау дӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ дӕ кӕй уарзы, уый? Ууыл дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

^ 3 абз. Иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ сывӕллоны райгуырды фӕстӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц, ома сын вӕййы послеродовая депрессия, ӕмӕ сын сӕ сывӕллонмӕ зилын зын вӕййы. Фӕлӕ хъуамӕ сӕхи ма аххосджын кӕной. Америкӕйы Иугонд Штатты Психиатрийы институт куыд зӕгъы, афтӕмӕй, сылгоймагмӕ депресси фӕзыны, «цыдӕр кӕй аразы кӕнӕ кӕй нӕ аразы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ... буары цыдӕр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕуы ӕмӕ уый нервытыл дӕр кӕй фӕзыны, уый тыххӕй». Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2003 азы 8 июны «Пробудитесь», статья «Диагноз: послеродовая депрессия».

^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18).

^ 15 абз. Ацы статьяты иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.