Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл»

«Цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл»

«Цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл»

«Цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл... Цӕмӕн хъуамӕ исай, мӕ фырт, дӕ мондӕгтӕ ӕндӕр сылгоймагӕй?» (ӔМБИСӔНДТӔ 5:18, 20).

1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый арфӕгонд у?

БИБЛИ ӕргом дзуры, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы ахастытӕ вӕййы, уый тыххӕй. Ӕмбисӕндты 5:18, 19 кӕсӕм: «Арфӕгонд уӕд дӕ суадон, ӕмӕ цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл, алӕмӕты саг ӕмӕ диссаджы рӕсугъд дзӕбидырыл. Алкӕддӕр дӕ йӕ риутӕ расыг кӕнӕнт, йӕ уарзтӕй уадз дӕ мондӕгтӕ ӕдзух».

2 Ам «суадон» амоны, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзиимӕ уӕвгӕйӕ цы ӕхсызгондзинад ӕнкъарынц, уый. Уыцы суадон арфӕгонд у, уымӕн ӕмӕ ӕмкъайады лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ сын сӕ сусӕг ахастытӕ ӕхцондзинад кӕй хӕссынц, уый Хуыцауы лӕвар у. Фӕлӕ ахӕм ахастытӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр ӕмкъайады. Рагон Израилы паддзах Соломон, Ӕмбисӕндты чиныг чи ныффыста, уый, бафарста: «Цӕмӕн хъуамӕ исай, мӕ фырт, дӕ мондӕгтӕ ӕндӕр сылгоймагӕй кӕнӕ цӕмӕн хъуамӕ хъӕбыстӕ кӕнай ӕцӕгӕлон сылгоймагӕн?» (Ӕмбисӕндтӕ 5:20).

3. а) Хъыгагӕн бирӕтӕн сӕ цард куыд рауайы? ӕ) Хуыцау хӕтындзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

3 Чындзӕхсӕвы бон лӕг ӕмӕ ус дзырд раттынц, кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзысты. Фӕлӕ бирӕты цард фехӕлы, иу иннӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацӕуы, уый аххосӕй. Иу иртасӕг бирӕ иртасӕнты фӕстӕ загъта, зӕгъгӕ, се ’мкъӕйттыл гадзрахатӕй рацыдысты устытӕн сӕ 25 проценты ӕмӕ лӕгтӕн та – сӕ 44 проценты. Апостол Павел загъта: «Нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ... Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10, НТ). Ам уӕлдай фарст никӕмӕ сӕвзӕрдзӕн. Хуыцауы цӕсты хӕтындзинад у уӕззау тӕригъӕд ӕмӕ йе ’цӕг лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ цардӕмбӕлттыл гадзрахатӕй ма цӕуой. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’мкъайад уа ӕууӕнкджын ӕмӕ нӕ хуыссӕнуат та – сыгъдӕг? (Дзуттытӕм 13:4).

Зӕрдӕ мӕнгард у

4. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ бинонджын чырыстон, йӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй йӕхицӕн уарзон скӕна?

4 Абоны хӕлд дунейы бирӕтӕн «сӕ цӕстытӕ ӕдзух здӕхт сты хӕтындзинадмӕ, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй ӕфсис нӕ зонынц» (2 Петры 2:14, НД). Уыдонӕн вӕййы бинонтӕ, афтӕмӕй ма сӕхицӕн уарзӕттӕ дӕр скӕнынц. Иуӕй-иу бӕстӕты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ фӕкусынц иумӕ. Уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у, цӕмӕй дзы бирӕтӕ сӕхицӕн лымӕнтӕ скӕной. Стӕй ма Интернет дӕр ахъаз кӕны, цӕмӕй суанг тынг ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймӕгтӕ дӕр сӕхицӕн уарзӕттӕ ссарой. Уыцы къӕппӕджы арӕх бахауынц бинонджынтӕ дӕр, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕнынц, афтӕмӕй.

5, 6. Иу чырыстон хо тӕссаг уавӕры куыд бахауд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Ӕркӕсӕм иу чырыстон хойы цӕвиттонмӕ, схонӕм ӕй Марийӕ. Уый ахӕм уавӕры бахауд, ӕмӕ йӕ ӕнӕгъдау ми бакӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд. Йӕ лӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд ӕмӕ йӕ бинонтӕм йӕ хъус фаг нӕ дардта. Марийӕ дзуры, цалдӕр азы размӕ цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. Уӕд фембӕлд йӕ лӕджы ӕмкусджытӕй иуыл. Уыцы нӕлгоймаг уыд тынг уӕздан ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр та цымыдис кӕнын райдыдта Марийӕйы дин. «Хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыд ӕмӕ мӕ лӕджы хуызӕн нӕ уыд»,– дзуры уый. Цасдӕры фӕстӕ Марийӕ ӕмӕ йӕ лӕджы ӕмкусӕг кӕрӕдзи бауарзтой. «Ӕз мӕ лӕгыл гадзрахатӕй нӕ цӕуын,– дзырдта Марийӕ йӕхицӕн,– стӕй йӕ фӕнды Библи базонын. Ӕмӕ йын, чи зоны, баххуыс кӕнон».

6 Марийӕ йӕхи ӕрӕмбӕрста, цалынмӕ ӕнӕгъдау ми нӕ бакодта, уӕдмӕ (Галатӕгтӕм 5:19–21; Ефесӕгтӕм 4:19). Йӕ цӕсгом ӕй хӕрын райдыдта ӕмӕ сфӕнд кодта йӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын. Марийӕйы хабарӕй зыны, «зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр [кӕй] ницы ис» (Иереми 17:9). Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕппӕтӕй хъахъхъӕнинагдӕр цы у, уымӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 4:23, «Мах дуг» №12, 1999). Куыд?

Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕхи хизы

7. Бинонты царды зындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ дын Фыстадӕй цавӕр уынаффӕ уыдзӕн ахъаз?

7 «Кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа»,– ныффыста апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 10:12, НТ). Ӕмбисӕндты 22:3 та фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны, ӕмӕ дзы йӕхи хизы». Раст нӕу стырзӕрдӕйӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕныл ницы ’рцӕудзӕн. Хуыздӕр уаид, куы ӕмбариккам, зын уавӕртӕм нӕ цы ’ркӕндзӕн, уый. Зӕгъӕм, хъуамӕ дӕхи хизай, цӕмӕй дын исчи (кӕд сылгоймаг дӕ, уӕд ӕфсымӕр, кӕд нӕлгоймаг дӕ, уӕд та хо) ӕдзух дзура, йӕ къаимӕ кӕрӕдзи кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Зӕгъ ын, цӕмӕй уый тыххӕй аныхас кӕна йӕ цардӕмбалимӕ, йӕ бинонты цард ма фехӕла, уый кӕй фӕнды, ахӕм фӕлтӕрд чырыстонимӕ (хо хоимӕ, ӕфсымӕр та ӕфсымӕримӕ) кӕнӕ та хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ (Титмӕ 2:3, 4). Ацы хъуыддаджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты фӕзминаг. Хистӕр нӕлгоймаджы хоимӕ хибарӕй ныхас кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд уый йемӕ фӕныхас кӕны ӕхсӕнадон бынаты, зӕгъӕм, Паддзахады залы.

8. Куысты нӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын?

8 Куысты дӕр ӕмӕ ӕндӕр искуы дӕр дӕхи хъахъхъӕн, ӕмуат ӕрцӕуынмӕ чи ’ркӕна, ахӕм уавӕртӕй. Зӕгъӕм, фӕскуыст-иу дӕ кусын куы хъӕуа, уӕд-иу де ’мкусджытӕй искӕимӕ иунӕгӕй куы баззайай, уӕд уый, гӕнӕн ис, фӕлварӕн суа. Бинонджын адӕймаг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дӕ ныхасӕй ӕмӕ дӕ уагахастӕй бӕрӕг уа, дӕ цардӕмбалыл дӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзынӕ. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ иннӕты дӕхимӕ нӕ кӕсын кӕндзынӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕй ӕмӕ ӕнӕфсарм конд ӕмӕ уындӕй (1 Тимофеймӕ 4:8; 6:11; 1 Петры 3:3, 4). Кӕм кусыс, уым дӕ цардӕмбал ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты къамтӕ дӕ разы куы уой, уӕд уый дӕуӕн дӕр ӕмӕ де ’мкусджытӕн дӕр хорз зӕрдылдарӕн уыдзӕн, фыццаг бынаты дын дӕ бинонтӕ кӕй сты. Макуы макӕй зӕрдӕйы ӕвзӕрын кӕн уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ, стӕй макуы быхс искӕй хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ (Иов 31:1).

«Цардӕфсӕст у дӕ уарзон усимӕ»

9. Бинонджын адӕймаджы зӕрдӕмӕ ӕндӕр исчи цӕуын куыд райдайы?

9 Зӕрдӕ хъахъхъӕнын ӕрмӕст тӕссаг уавӕртӕй хи хизын нӕу. Бинонджын адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ искӕмӕ куы ӕхсайа, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус сӕ кӕрӕдзийыл нӕ хъуыды кӕнынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ рауайа, лӕг йӕ усы куы ницӕмӕ дара, йе та ус йӕ лӕджы ӕппынӕдзух куы фауа. Хъыгагӕн, лӕг кӕнӕ усмӕ – куысты йе та суанг чырыстон ӕмбырды дӕр – кӕсын райдайы, ӕндӕр кӕмӕдӕр кӕй ис, йӕ цардӕмбалмӕ чи нӕй, ахӕм зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕ. Бирӕ нӕ рацӕуы, афтӕ уыцы адӕймагимӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ цӕуын райдайынц ӕмӕ ӕнӕ кӕрӕдзи нал фӕфӕразынц. Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд фӕцӕуынц, уый бӕлвырд кӕны Библийы ныхӕсты рӕстдзинад: «Алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ бахауы йӕ къӕппӕджы» (Иаковы 1:14, НТ).

10. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у сӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзын?

10 Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ се ’мкъайады ӕдде ма агурой удӕнцой, зӕгъӕм, уарзондзинад, хӕлардзинад, йе та ӕххуыс уӕззау фӕлварӕны, фӕлӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзой. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, кӕрӕдзийӕн рӕстӕг арой ӕмӕ ӕнгомдӕр кӕной. Хъуыды кӕной, сӕ кӕрӕдзи цӕмӕн бауарзтой, ууыл. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй, сӕ цард кӕимӕ баиу кодтой, уымӕ сӕм раздӕр цы фӕлмӕн ӕнкъарӕнтӕ уыд, уыдон ногӕй сӕ зӕрдӕйы ссудзой. Хъуыды кӕной, амондджын куы уыдысты, уыцы рӕстӕджытыл. Кувой Хуыцаумӕ. Псаломзарӕггӕнӕг Давид Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Сыгъдӕг зӕрдӕ скӕн мӕн мидӕг, Хуыцау, ӕмӕ рӕстады уд сног кӕн мӕ хуылфы» (Псалом 50:12). Уыдон хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ цард-цӕрӕнбонты цардӕфсӕст уой сӕ уарзон цардӕмбалимӕ, Хуыцау сын кӕй радта, уыимӕ (Екклесиаст 9:9).

11. Зонындзинӕдтӕ, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ӕмкъайад фидар кӕнынӕн куыд ахъаз сты?

11 Кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл дарут, ӕмкъайад фидар кӕнынӕн зонындзинӕдтӕ, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куыд ахъаз сты, уый. Ӕмбисӕндты 24:3, 4 фыст ис: «Хӕдзар арӕзт цӕуы зондӕй ӕмӕ фидар кӕны ӕмбаргӕдзинадӕй. Ӕмӕ зонындзинӕдты фӕрцы къуымтӕ дзаг кӕнынц алыхуызон зынаргъ ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ дзаумӕттӕй». Амондджын хӕдзар цы зынаргъ «дзаумӕттӕй» дзаг кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты ахӕм миниуджытӕ, куыд уарзондзинад, иузӕрдиондзинад, Хуыцауы тас ӕмӕ уырнындзинад. Цӕмӕй нӕм ӕппӕт уыдӕттӕ уой, уый тыххӕй хъӕуы Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Уӕдӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕной. Цас ахсджиаг сты зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад та? Ӕрвылбоны зындзинӕдты сӕрты хизынӕн хъӕуы зонд – Библийы зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын арӕхсын. Арфуынӕг адӕймагӕн йӕ бон у йӕ цардӕмбалы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ бамбарын (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). «Мӕ фырт, лӕмбынӕг хъус мӕ зондмӕ,– дзуры Иегъовӕ Соломоны уылты.– Ӕркъул кӕн дӕ хъус мӕ ӕмбаргӕдзинадмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 5:1).

«Зынтӕ» ӕвзаргӕйӕ

12. Ӕмкъайады чи ис, уыдон зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уый диссаг цӕуылнӕ у?

12 Ӕнӕкъӕм ӕмкъайад нӕй. Хуыцауы Ныхас ма афтӕ дӕр зӕгъы, зӕгъгӕ, лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ «царды ӕвзардзысты зынтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 7:28, НТ). Сагъӕстӕ, низтӕ, фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ, гӕнӕн ис, бинонты цард фӕзын кӕной. Фӕлӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ, сымах, куыд иузӕрдион ӕмкъӕйттӕ, афтӕ хъуамӕ архайат Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарыныл.

13. Лӕг ӕмӕ усы цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

13 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд сты, уый аххосӕй сӕ цард хорз куы нӕ цӕуа, уӕд сын куыд кӕнгӕ у? Цӕмӕй кӕрӕдзи бамбарой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Зӕгъӕм, сӕ кӕрӕдзимӕ ӕдзух схуыст ныхас кодтой ӕмӕ ныр сӕ бон ӕндӕрхуызон ныхас кӕнын нал у (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Амӕйразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй уый стыр зиан хӕссы. Библи дзуры: «Загъдӕргом ӕмӕ мӕстыгӕр усимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау ӕдзӕрӕг бӕстӕйы цӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 21:19, «Мах дуг» № 12, 1999). Кӕд ды дӕр дӕ лӕгӕн афтӕ дӕ, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕхи куыд дарын, уый тыххӕй мӕ лӕгӕн мемӕ зын нӕ вӕййы?» Библи лӕгтӕн дзуры: «Уарзут уӕ устыты, ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут» (Колоссӕгтӕм 3:19, НТ). Кӕд дын ус ис, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕ усӕн куыд дӕн, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕм уазал цӕстӕй кӕсын ӕмӕ йӕ уымӕй нӕ рӕдийын кӕнын, цӕмӕй йӕхицӕн удӕнцой ӕндӕр искуы агура?» Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр адӕймагӕн уый бар нӕй, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми бакӕна. Фӕлӕ ахӕм бӕллӕх ӕрцӕуынӕй тӕссаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, цы уӕ тыхсын кӕны, уыдӕттыл ӕргом куы ныхас кӕниккат.

14, 15. Бинонджын адӕймаг рӕвдыд ӕндӕр искуы куы агура, уӕд уымӕй йӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ цӕуылнӕ аиуварс уыдзысты?

14 Бинонджын адӕймаг рӕвдыд ӕндӕр искуы куы агура, уӕд уымӕй йӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ нӕ аиуварс уыдзысты. Ахӕм ахастытӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты? Ног ӕмӕ хуыздӕр ӕмкъайадмӕ? Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕной. «Ӕппынфӕстаг, ацы адӕймагмӕ ис, мӕ цардӕмбалы мӕ цы миниуджытӕ фӕнды уынын, ахӕмтӕ»,– фӕдзурынц уыдон. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу. Уымӕн ӕмӕ йӕ цардӕмбалы ныууадзын кӕй фӕнды – кӕнӕ та дын дӕ цардӕмбалы чи уадзын кӕны – уый ӕмкъайады цӕдисмӕ Хуыцауы цӕстӕй нӕ кӕсы ӕмӕ йын ӕппындӕр нӕ аргъ кӕны. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ ӕндӕр адӕймагимӕ дӕ цард хуыздӕр ацӕудзӕн.

15 Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Марийӕ лӕмбынӕг ахъуыды кодта, цы аразы, уый фӕстиуджытыл, стӕй ма йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ӕндӕр исчи дӕр Хуыцауы хорзӕх кӕй фесафдзӕн, ууыл (Галатӕгтӕм 6:7). «Мӕ лӕджы ӕмкусӕгмӕ цы зӕрдӕ дардтон, ууыл хъуыды кӕнын куы райдыдтон,– дзуры Марийӕ,– уӕд бамбӕрстон, уыцы лӕгӕн кӕд йӕ бон ӕцӕгад базонын уыд, уӕддӕр ӕй ӕз кӕй хъыгдардтон. Тӕригъӕд ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн, чи йӕ кӕны, уыдоныл, ӕмӕ иннӕтӕн та къуылымпыйы хос суыдзӕн!» (2 Коринфӕгтӕм 6:3).

Сӕйраджыдӕр нӕ цы разӕнгард кӕны

16. Ӕнӕгъдау ми цӕмӕ ’ркӕны?

16 Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕцӕгӕлон усы былтӕ сты мыды фӕзгъӕрӕй тӕдзгӕ мыдау, йӕ комарынг зетийӕ фӕлмӕндӕр, фӕлӕ йӕ фӕстиуджытӕ сты скъӕлдзойау маст, дыкомон хъамайау цыргъ» (Ӕмбисӕндтӕ 5:3, 4). Ӕнӕгъдау ми адӕймагӕн стыр зиан ӕрхӕссы ӕмӕ, гӕнӕн ис, мӕлӕтмӕ дӕр ӕркӕна. Адӕймагӕн йе ’фсарм ӕнцой нал фӕдӕтты, ӕвзӕр низтӕ йыл ныххӕцы ӕмӕ, гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыцы цардӕмбалы зӕрдӕсаст фӕкӕны. Уӕдӕ адӕймаг хъуамӕ ахӕм фӕндагыл макуы слӕууа, цӕмӕй ӕнӕгъдау ми бакӕна.

17. Ӕмкъайады ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уымӕ нӕ сӕйраджыдӕр цы разӕнгард кӕны?

17 Цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын ӕвзӕр сӕйраджыдӕр уымӕн у, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕлгъаг у Иегъовӕйы цӕсты – ӕмкъайадӕн, стӕй лӕг ӕмӕ усы сусӕг ахастытӕн бындур чи сӕвӕрдта, уый цӕсты. Пехуымпар Малахийы уылты уый загъта: «Ӕрцӕудзынӕн уӕм тӕрхонмӕ. ...Хӕтгӕ чи кӕны... уыдоны ныхмӕ ӕз ӕвдисӕнӕй ныллӕууын нӕ бафӕстиат кӕндзынӕн» (Малахи 3:5). Иегъовӕ цы уыны, уый тыххӕй Ӕмбисӕндты 5:21 дзырд цӕуы: «Иегъовӕ адӕймаджы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр уыны ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсы лӕмбынӕг». О, «ӕппӕтдӕр гом ӕмӕ ӕргом Уый раз: Уымӕн ратдзыстӕм дзуапп» (Дзуттыттӕм 4:13). Уӕдӕ не ’мкъайады ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уымӕ нӕ сӕйраджыдӕр уый разӕнгард кӕны, ӕмӕ зонӕм, алы ӕнӕгъдау ми дӕр ӕвзӕрырдӕм кӕй зыны нӕ ахастытыл Иегъовӕимӕ – ӕнӕгъдау ми цыфӕнды сусӕг ма уа ӕмӕ адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн йе та ӕндӕр хъуыддӕгты цы зиан хӕссы, уый нӕм цыфӕнды гыццыл ма кӕса, уӕддӕр.

18, 19. Иосиф ӕмӕ Потифары усы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

18 Иаковы фырт Иосифы цӕвиттонӕй зыны, адӕймаджы Хуыцауимӕ фӕрнӕй цӕрын куы фӕнда, уӕд ын уый стыр хъару кӕй дӕтты. Иосиф фараоны хъахъхъӕнджыты хистӕр Потифары зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ бӕрны бакодта. Иосиф ма уыд «рӕсугъд ӕмӕ хӕрзконд», ӕмӕ уый Потифары ус ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕци. Алы бон дӕр архайдта, цӕмӕй Иосифы фӕрӕдийын кодтаид, фӕлӕ йын дзы ницы рауад. Иосиф ын цӕуылнӕ сразы? Библи нын дзуры: «Фӕлӕ уый нӕ разы кодта ӕмӕ йӕ хицауы усӕн дзырдта: „Мӕ хицау... мын „нӕ“ ницӕмӕй загъта, дӕу йеддӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ саразон ӕз ахӕм стыр фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ ракӕнон?“» (Райдиан 39:1–12).

19 Ӕнӕус Иосиф йӕ хӕрзӕгъдаудзинад нӕ фесӕфта ӕмӕ кӕйдӕр усимӕ ӕмуат не ’рцыд. «Нуаз дон дӕхи цъайӕ ӕмӕ дӕхи суадонӕй»,– дзырдӕуы Ӕмбисӕндты 5:15 усджын нӕлгоймӕгтӕн. Дӕхи хиз, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ йӕ суанг дӕхӕдӕг дӕр ма бамбарай, афтӕмӕй ӕндӕр исчи дӕ зӕрдӕйӕн садджын уа. Ӕппӕт тыхтӕй архай де ’мкъаимӕ уӕ уарзондзинады тӕгтӕ фидар кӕныныл ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлат, уыдон иуварс кӕныныл. Куыдфӕнды ма уа – «цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл» (Ӕмбисӕндтӕ 5:18).

Цы базыдтай?

• Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ чырыстон йӕхицӕн уарзон скӕна, йӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй?

• Бинонджын адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕндӕр искӕй ма бауарза?

• Зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ лӕг ӕмӕ ус цы хъуамӕ аразой?

• Ӕмкъайады ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уымӕ нӕ сӕйраджыдӕр цы разӕнгард кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Хъыгагӕн, куыст свӕййы хорз бынат лымӕн скӕнынӕн