Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут

Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут

«Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (КОЛ. 3:13).

1, 2. Иннӕтӕн хатыр кӕнын зоныс ӕви нӕ, ууыл ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

БИБЛИЙӔ нӕ бон у базонын, Йегъовӕ тӕригъӕды тыххӕй цы хъуыды кӕны ӕмӕ адӕймаг тӕригъӕд куы саразы, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсы, уый. Йӕ Ныхасӕй ма ис базонӕн, зӕрдиагӕй кӕй хатыр кӕны, уый дӕр. Айразмӕйы статьяйы ӕркастыстӕм, Йегъовӕ Давид ӕмӕ Манассийӕн цӕмӕн ныххатыр кодта, уымӕ. Уыдон сӕ митыл тынг ӕрфӕсмон кодтой, Йегъовӕйы раз сыл басастысты ӕмӕ ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ никуыуал бакодтой. Ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ ногӕй йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта.

2 Ныр та ӕркӕсӕм, мах иннӕтӕн куыд хатыр кӕнӕм, уымӕ. Зӕгъӕм, Манассийы тыххӕй дӕ хиуӕттӕй исчи куы амардаид, уӕд ӕм цы зӕрдӕ дардтаис? Ныххатыр ын кодтаис? Ууыл хорз уаид ахъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ мах цӕрӕм ӕгъатыр дунейы, рӕстдзинад дзы нӕй, адӕм хъуыды кӕнынц ӕрмӕст сӕхиуыл. Уӕдӕ чырыстон иннӕтӕн зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ хатыр кӕна? Зӕгъӕм дӕ чидӕр фӕхъыг кодта кӕнӕ дӕ бафхӕрдта. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры дӕ бон дӕхиуыл хӕцын уа, стӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ архайай ӕмӕ адӕймагӕн зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнай? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнӕм.

ХАТЫР ЦӔМӔН ХЪУАМӔ КӔНӔМ

3–5. а) Йесо цавӕр цӕвиттонӕй бамбарын кодта, хатыр кӕнын кӕй хъӕуы, уый? ӕ) Матфейы 18:21–35 цы хабар фыст ис, уымӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд?

3 Цӕмӕй нӕ бинонтимӕ, не ’мбӕлттимӕ ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ хӕларӕй цӕрӕм, стӕй нӕм цӕмӕй Йегъовӕ хорз цӕстӕй кӕса, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы хатыр кӕнын, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн, не ’мчырыстӕттӕ уой ӕви нӕ, уӕддӕр. Библийӕ бӕрӕг у, хатыр кӕнын чырыстонӕн йӕ хӕс кӕй у, ӕмӕ уӕлдай нӕу, цал хатты йӕ фӕхъыг кӕной. Афтӕ кӕнын раст цӕмӕн у, уый Йесо бамбарын кодта иу фӕсномыг ныхасӕй. Дзырд дзы цӕуы, паддзахӕй ӕхца чи дардта, ахӕм цагъары тыххӕй.

4 Цагъар паддзахӕй цы ӕхца дардта, уый бафидыны тыххӕй йӕ хъуыдаид 60 000 000 боны бакусын, фӕлӕ йын сӕ паддзах ныххатыр кодта. Уый фӕстӕ уыцы цагъар ацыд ӕмӕ ссардта, йӕхицӕй дӕр ын ӕхца чи дардта, ӕндӕр ахӕм цагъары. Уый та дзы 100 боны мызд йеддӕмӕ нӕ дардта. Гъемӕ йын уыцы цагъар ныллӕгъстӕ кодта, иу гыццыл банхъӕлмӕ кӕс, зӕгъгӕ, фӕлӕ иннӕ цагъар не сразы ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакӕнын кодта. Паддзах уый куы базыдта, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ уыцы цагъарӕн загъта: «„Ӕз дӕуӕн куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ дӕуӕн дӕр не ’мбӕлди де ’мбал цагъарӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?“ Паддзах тынг смӕсты ӕмӕ йӕ ахӕстонгӕсты къухмӕ радта, цалынмӕ йӕ хӕс иууылдӕр нӕ бафыстаид, уӕдмӕ» (Матф. 18:21–34).

Ацы цӕвиттонӕй Йесойы цы фӕндыд бамбарын кӕнын?

5 Ацы цӕвиттонӕй Йесойы цы фӕндыд бамбарын кӕнын? Фӕстагмӕ Йесо загъта: «Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн дӕр мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ хатыр кӕна, уӕд» (Матф. 18:35). Уӕдӕ Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕрӕг у. Мах стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕдзух рӕдийӕм. Ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй алкӕддӕр, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ уӕддӕр ныххатыр кӕны ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕй фӕд дӕр нал ныууадзы. Уӕдӕ кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хӕлар уа, уӕд хъуамӕ иннӕтӕн хатыр кӕна. Иухатт Йесо адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд дӕр загъта ахӕм хъуыды: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матф. 6:14, 15).

6. Хатыр кӕнын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

6 Чи зоны, зӕгъай: «Йӕ зӕгъын ӕнцон у, йӕ аразын та – зын». Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд ныл арӕх не ’нкъарӕнтӕ фӕтых вӕййынц. Адӕймаг смӕсты вӕййы, афтӕ йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йыл гадзрахатӕй рацыдысты, фӕдомы, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзарой, суанг ма йӕ йӕ маст райсын дӕр бафӕнды. Кӕмӕдӕр та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ чи фӕхъыг кодта кӕнӕ бафхӕрдта, уымӕн ныххатыр кӕнын йӕ бон никуы бауыдзӕн. Кӕд дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ хатыр кӕнай?

АХЪУЫДЫ КӔН, АХӔМ ӔНКЪАРӔНТӔ ДӔ ЗӔРДӔЙЫ ЦӔМӔН ИС

7, 8. Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна ӕмӕ йӕм дӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн ныххатыр кӕнынӕн?

7 Исчи нӕ куы бафхӕра кӕнӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нӕ бафхӕрдта, уӕд, гӕнӕн ис, тынг смӕсты уӕм, нӕхицӕн бынат мауал арӕм. Иу ӕрыгон лӕппу радзырдта, иухатт тынг куы рамӕсты, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй: «Афтӕ смӕсты дӕн, ӕмӕ хӕдзарӕй рацыдтӕн ӕмӕ мӕхицӕн загътон, ӕз ардӕм нал ӕрбаздӕхдзынӕн, зӕгъгӕ. Уыди дзӕбӕх сӕрдыгон бон. Кӕдӕмдӕр араст дӕн иу нарӕг рӕсугъд фӕндагыл. Мӕ алыварс афтӕ рӕсугъд ӕмӕ сабыр уыд, ӕмӕ гыццылгай мӕхимӕ ӕрцыдтӕн. Цалдӕр сахаты фӕстӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхтӕн. Мӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн ӕмӕ мӕхи фӕсмонӕй хордтон, афтӕ кӕй смӕсты дӕн, уый тыххӕй». Ацы хабарӕй бӕрӕг у: дӕхицӕн рӕстӕг куы раттай, цӕмӕй ӕрсабыр уай ӕмӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй бакӕсай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фӕстӕдӕр фӕсмон цӕуыл фӕкӕндзынӕ, ахӕмӕй мацы саразай (Пс. 4:4; Ӕмб. 14:29; Иак. 1:19, 20).

8 Фӕлӕ цы хъуамӕ бакӕнай, рӕстӕг куы рацӕуа, ӕмӕ уӕддӕр адӕймагмӕ дӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссай, уӕд? Ахъуыды кӕн, афтӕ цӕмӕн у, ууыл. Мыййаг, адӕймагӕн ӕвзӕрӕй ницы ракодтай, афтӕмӕй дӕ бафхӕрдта? Йӕ ныхӕстӕй дын дӕ зӕрдӕ скъахта? Мыййаг дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ барӕй фӕхъыг кодта? Цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ӕвзӕр ми бакодта, ӕмӕ йын ныххатыр кӕнӕн нӕй? Дӕ маст цӕуылнӕ ссыд, уый куы бамбарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, Библи куыд зӕгъы ӕмӕ растдӕр куыд у, афтӕ бакӕнын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:28; 17:27.) Фылдӕр де ’нкъарӕнтыл нӕ, фӕлӕ, хъуыддаг ӕцӕгӕй цӕй мидӕг ис, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд адӕймагӕн зӕрдиагдӕрӕй ныххатыр кӕндзынӕ. Афтӕ бацархайын-иу дын, чи зоны, зын уа, фӕлӕ уӕд Хуыцауы ныхасӕн бар дӕтдзынӕ, цӕмӕй дын «базона [дӕ] зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» ӕмӕ дын ӕххуыс кӕна Йегъовӕйау хатыр кӕнынӕн (Дзут. 4:12).

БАРӔЙ ДӔ ФӔХЪЫГ КОДТОЙ?

9, 10. а) Афтӕ дӕм куы фӕкӕса, ӕмӕ дӕ чидӕр барӕй фӕхъыг кодта, уӕд куыд бакӕндзынӕ? ӕ) Уайтагъд-иу куы нӕ фӕтӕргай уай ӕмӕ куы хатыр кӕнай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

9 Адӕймаг бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй смӕсты вӕййы. Зӕгъӕм, машинӕйы фӕцӕуыс, ӕмӕ дӕ иннӕ машинӕ фӕцӕйцавта. Куыд бакӕнис? Чидӕртӕ афтӕ смӕсты вӕййынц, ӕмӕ уыцы машинӕйы шофырмӕ къухӕй дӕр бавналынц. Фӕлӕ ды чырыстон кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ нӕ бакӕндзынӕ.

10 Хуыздӕр уаид, цы ’рцыд, ууыл гыццыл ахъуыды кӕнын. Чи зоны дзы дӕхи аххос дӕр уыд, уымӕн ӕмӕ фӕндагмӕ нӕ кастӕ. Науӕд, чи дӕ фӕцӕйцавта, уымӕн кӕд йӕ машинӕ цыдӕр кодта. Ацы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуыддагмӕ-иу алырдыгӕй куы ӕркӕсӕм ӕмӕ-иу, афтӕ цӕмӕн рауад, уый куы бамбарӕм, стӕй хатыр кӕнын куы зонӕм, уӕд мӕсты дӕр къаддӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дӕр уыдӕттыл афтӕ тынг нӕ рисдзӕн. Екклесиасты 7:9 фыст ис: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты». Арӕх нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ чидӕр барӕй фӕхъыг кодта, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ нӕ вӕййы. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй фӕрӕдийӕм кӕнӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Адӕймаг афтӕ цӕмӕн загъта кӕнӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый тыххӕй алцы нӕ фӕзонӕм. Ӕмӕ дӕ уый куы нӕ рох кӕна, стӕй адӕмы куы уарзай ӕмӕ сын уый тыххӕй куы хатыр кӕнай, уӕд бирӕ амондджындӕр уыдзынӕ. (Бакӕс 1 Петры 4:8.)

«УӔ ФАРН УӔХИМӔ РАЗДӔХӔД»

11. Уацамынды нӕм адӕм цыфӕнды цӕстӕй ма ракӕсой, уӕддӕр нӕ зӕрдӕты цы хъуамӕ уа?

11 Уацамынды дӕ исчи куы бафхӕра, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн дӕхиуыл фӕхӕцынӕн? Чырысти йӕ 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд сын загъта, цӕмӕй-иу, кӕй хӕдзармӕ бацӕуой, уыдонӕн раарфӕ кӕной, фарн ацы хӕдзары, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын Йесо загъта: «Кӕд уыцы хӕдзары фарнуарзаг адӕймаг нӕ уа, уӕд уӕ фарн уӕхимӕ раздӕхдзӕн. Кӕд дзы фарнуарзаг адӕймаг уа, уӕд та уӕ фарнӕй фӕхайджын уыдзӕн» (Лук. 10:1, 5, 6). Уацамынды нӕм адӕм хорз куы байхъусынц, уӕд нын тынг ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ йӕ мах зонӕм, уый фӕрцы сын хорз хабар пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ адӕймаг «фарнуарзаг» куы нӕ разына, уӕд та куыд? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, уыцы хӕдзармӕ цы фарнимӕ ӕрбацыдыстӕм, уый хъуамӕ нӕхимӕ раздӕха. Хӕдзары хицау нӕм цыфӕнды цӕстӕй ма ракӕса, уӕддӕр хъуамӕ уырдыгӕй ацӕуӕм, нӕ зӕрдӕйы фарн куыд уа, афтӕмӕй. Ӕвзӕр цӕстӕй нӕм чи ракӕса, уыдонмӕ-иу куы смӕсты уӕм, уӕд та нӕ зӕрдӕты фарн нал уыдзӕн.

12. Ефесӕгтӕм 4:31, 32 Павел цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

12 Дӕ фарн бахъахъхъӕныныл ӕрмӕст уацамынды хъуамӕ ма архайай, фӕлӕ цыфӕнды уавӕры дӕр. Адӕймагӕн кӕй ныххатыр кӕныс, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕ митӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайыс кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй зиан никӕмӕн ӕрхаста. Ныххатыр кӕнын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй мӕсты нал кӕныс ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ис фарн. Иуӕй-иутӕ ӕдзух фӕхъуыды кӕнынц, куыд сын смаст кодтой, ууыл, ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, уыцы адӕмӕн бар дӕттынц, цӕмӕй сӕ сӕ циндзинадӕй ӕнӕхай фӕкӕной. Ма бауадз, цӕмӕй дӕ масты фӕдыл ацӕуай. Рох дӕ ма уӕд: цалынмӕ дӕ зӕрдӕйы маст хӕссыс, уӕдмӕ амондджын никуы уыдзынӕ. Уӕдӕ хатыргӕнаг у! (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:31, 32.)

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗӔРДӔМӔ КУЫД ЦӔУЫ, АФТӔ КӔН

13. а) Чырыстон йе знаджы «сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? ӕ) Чи нӕ бафхӕра, уыдонимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

13 Не ’мчырыстон чи нӕу, ахӕм адӕймаг дӕ куы бафхӕра, уӕддӕр ын, гӕнӕн ис, баххуыс кӕнай Библийы уагӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр базонынӕн. Апостол Павел ныффыста: «„Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕмӕй йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕ“. Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ром. 12:20, 21). Адӕм демӕ тызмӕгӕй куы дзурой, фӕлӕ ды уӕддӕр семӕ уӕздан куы уай, уӕд, гӕнӕн ис, цыфӕнды карз адӕймаджы зӕрдӕ дӕр ӕрфӕлмӕн кӕнай ӕмӕ ма йӕ хорз миниуджытӕ дӕр рабӕрӕг уой. Чи дӕ бафхӕрдта, уыцы адӕймаджы бамбарыныл куы бацархайай, дӕхи йӕ бынаты куы сӕвӕрай, фӕлмӕнзӕрдӕ йӕм куы уай, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Куыдфӕнды ма уа, адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнай, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, дӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй хъуыдытыл бафтауай (1 Пет. 2:12; 3:16).

14. Адӕймаг дын ӕвзӕрӕй цыфӕнды ма ракӕна, уӕддӕр ӕм дӕ зӕрдӕйы маст цӕуылнӕ хъуамӕ хӕссай?

14 Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ кӕимӕдӕр ныхас кӕнын нал фӕхъӕуы. Уый хауы, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонмӕ. Ӕмбырдӕй сӕ уый тыххӕй ацух кодтой, ӕмӕ тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ йыл не ’рфӕсмон кодтой. Кӕд дын ахӕм адӕймаг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд дын, чи зоны, зын уа, цӕмӕй йын ныххатыр кӕнай, суанг куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд дӕр. Цӕмӕй зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой, уымӕн рӕстӕг хъӕуы. Кӕд ахӕм уавӕры дӕ, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна уыцы адӕймагӕн ныххатыр кӕнынӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый нӕ зоныс. Йегъовӕ та йӕ зоны. Уый адӕймагӕн суанг йӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ дӕр уыны ӕмӕ, тӕригъӕд чи саразы, уыдонмӕ вӕййы фӕразон (Пс. 7:9; Ӕмб. 17:3). Библийы дӕр уый тыххӕй ис афтӕ фыст: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый. Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, цӕмӕй уый ныккала йӕ маст, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ром. 12:17–19). Зӕгъ-ма, дӕ бон у искӕмӕн раст тӕрхон скӕнын? Нӕу (Матф. 7:1, 2). Фӕлӕ дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй аскъуыддзаг кӕны.

15. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ бафхӕрӕгмӕ мауал мӕсты кӕнай?

15 Кӕд дӕ исчи ӕнӕхъуаджы бафхӕрдта, фӕлӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын уӕддӕр дӕ бон нӕу ныххатыр кӕнын, уӕд дӕ рох ма уӕд, уыцы адӕймагӕн дӕр ӕнцон кӕй нӕу. Уый дӕр йӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад рахаста (Ром. 3:23). Йегъовӕйӕн ӕнӕххӕст адӕмӕй йӕ зӕрдӕ алкӕуыл дӕр риссы. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у, чи дын смаст кодта, уый тыххӕй кувын. Ӕмӕ, кувгӕ цы адӕймаджы тыххӕй кӕнай, уымӕ ма мӕсты кӕндзынӕ? Йесо йӕ хорз бамбарын кодта, иннӕтӕм нӕ зӕрдӕйы маст кӕй хъуамӕ ма хӕссӕм, кӕд нын ӕвзӕрӕй исты ракодтой, уӕддӕр. Уый загъта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матф. 5:44).

16, 17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм хъуыдымӕ куы ’рцӕуой, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай ӕмӕ цӕмӕн?

16 Ӕмбырдӕй исчи тӕригъӕд куы саразы, уӕд уыцы хъуыддаг равзарынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уый сын бахӕс кодта Йегъовӕ. Афтӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйау алы уавӕры тыххӕй дӕр алцыдӕр фӕзонынц. Фӕлӕ уыдон фӕархайынц, цӕмӕй-иу уынаффӕ рахӕссой Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ. Ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй уынаффӕ рахӕссыны размӕ Йегъовӕмӕ кӕй скувынц ӕмӕ дзы ӕххуыс кӕй ракурынц, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ иугӕр ахӕм уынаффӕ рахастой, уӕд Йегъовӕ дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕны (Матф. 18:18).

Хатыр кӕнын чырыстонӕн йӕ хӕс у

17 Ахӕм уавӕрты хъӕуы иузӕрдиондзинад. Тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ хъуыддаг куы равзарой ӕмӕ ахӕм хъуыдымӕ куы ’рцӕуой, зӕгъгӕ, йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта, уӕд ды уыцы адӕймагӕн ныххатыр кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ кӕй уарзыс, уый равдисдзынӕ? (2 Кор. 2:5–8). Уый дын, чи зоны, ӕнцон ма уа, уӕлдайдӕр кӕд дӕ ныхмӕ кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй искӕй ныхмӕ сарӕзта тӕригъӕд, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ куы дарай ӕмӕ, ӕмбырды уылты цы разамынд дӕтты, ууыл разы куы уай, уӕд, раст куыд у, афтӕ бакӕндзынӕ – ӕцӕгдӕр зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕндзынӕ (Ӕмб. 3:5, 6).

18. Зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнай, уӕд дын уый хорзӕй цы ӕрхӕсдзӕн?

18 Адӕймаджы иннӕтӕн ныххатыр кӕнын куы нӕ фӕфӕнды, уӕд уый ӕвзӕрырдӕм фӕзыны йе ’нӕниздзинадыл, ӕнцой нал фӕзоны, хорз кӕимӕ уыди, уыдонмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдайы ӕмӕ йын семӕ ныхас кӕнын дӕр зын вӕййы. Фӕлӕ психиатртӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг зӕрдиагӕй куы хатыр кӕна, уӕд ын уый та пайда у – йӕ зӕрдӕйы маст нал фӕхӕссы, фенцондӕр ын вӕййы ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи бахизы кӕцыдӕр низтӕй, стӕй адӕмимӕ адджынӕй фӕцӕры. Фӕлӕ ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад та уый у, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ Хӕлар кӕй вӕййы. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12–14.)