Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Ныгуылӕн Африкӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Ныгуылӕн Африкӕ

КОТ-Д’ИВУАРӔЙ иу лӕппу, Паскаль, схъомыл мӕгуыр ран, ӕмӕ бӕллыд хуыздӕр цардмӕ. Паскаль цыди боксмӕ, ӕмӕ йӕ фӕндыди, цӕмӕй зындгонд спортсмен суыдаид ӕмӕ схъӕздыг уыдаид. Ӕмӕ-иу арӕх хъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕдӕм ацӕуон, цӕмӕй мӕ фӕндтӕ мӕ къухы бафтой. Иу-25 азы йыл куы цыди, уӕд аскъуыддзаг кодта, Европӕмӕ кӕй ацӕудзӕн. Фӕлӕ йӕм хъӕугӕ документтӕ нӕ уыд, ӕмӕ Европӕмӕ афтын йӕ бон уыд, закъоны сӕрты куы ахызтаид, ӕрмӕстдӕр уӕд.

1998 азы 27-аздзыд Паскаль йӕ балцы араст. Уый ахызт Ганӕйы арӕныл, стӕй ацыд Тогойыл ӕмӕ Бениныл, ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, бахӕццӕ Нигермӕ, горӕт Бирнин-Коннимӕ. Уый фӕстӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст тынг тӕссаг фӕндаг. Хъуыдис ӕй сусӕгӕй исты уӕзласӕн машинӕмӕ сгӕпп кӕнын, цӕмӕй Сахарӕйы ӕдзӕрӕг быдырыл цӕгатырдӕм ацыдаид. Стӕй Зӕххастӕу денджызмӕ куы бахӕццӕ уыдаид, уӕд хъуамӕ уым науыл сбадтаид ӕмӕ Европӕмӕ ныххӕццӕ уыдаид. Уыдон уыдысты йӕ пълӕнттӕ. Фӕлӕ йыл Нигеры ӕрцыд дыууӕ хабары, ӕмӕ йӕ пълӕнттӕ фӕивтой.

Фыццаг уыд уый, ӕмӕ йӕм ӕхца ӕппындӕр нал баззад. Дыккаг та уыд уый, ӕмӕ уыцы ран фембӕлд, пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕрыл, Ноэ, зӕгъгӕ, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Библийӕ цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф бахъардта, ӕмӕ цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Паскаль хъӕздыг цардмӕ нал бӕллыд, фӕлӕ йӕ фӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Гъемӕ 1999 азы декабры донаргъуыд райста. Йегъовӕйӕ тынг бузныг кӕй уыд, уый тыххӕй 2001 азы Нигеры, рӕстдзинад кӕм базыдта, растдӕр уыцы горӕты райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Паскаль, пионерӕй кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй цы хъуыды кӕны? Мӕнӕ цы дзуры: «Ныр мӕ цардӕй куыд райгонд дӕн, афтӕ никуыма!»

АФРИКӔЙЫ ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ СӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНДДӔР СТЫ

Анна-Ракель

Паскаль цы загъта, уыимӕ бирӕтӕ сразы уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕхицӕй зонынц, адӕймаг Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр куы фӕархайы, уӕд йӕ цардӕй райгонддӕр кӕй вӕййы. Уый тыххӕй иуӕй-иутӕ Европӕйӕ Африкӕмӕ ацыдысты, цӕмӕй лӕггад кӕной, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕтты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй 65 адӕймаджы бӕрц, 17 азӕй 70 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ, Европӕйӕ ацыдысты Ныгуылӕн Африкӕйы бӕстӕтӕм – Бенинмӕ, Буркина-Фасомӕ, Нигермӕ ӕмӕ Тогомӕ *. Цымӕ сӕ цы баразӕнгард кодта, цӕмӕй ахӕм дард рӕттӕм ацыдаиккой, ӕмӕ уый сӕ цардыл куыд фӕзынди?

Данийӕ иу хо, Анна-Ракель, афтӕ дзуры: «Мӕ ныййарджытӕ Сенегалы лӕггад кодтой миссионертӕй, ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕджы тыххӕй афтӕ зӕрдиагӕй дзырдтой, ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын». Иу-15 азы размӕ Анна-Ракель, 20 азӕй йыл гыццыл фылдӕр куы цыд, уӕд, ацыд Тогомӕ, ӕмӕ ныр уым лӕггад кӕны, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ӕмбырды. Уырдӕм кӕй ацыд, уый иннӕтыл куыд фӕзынд? Анна-Ракель дзуры: «Фӕстӕдӕр мӕ кӕстӕр хо ӕмӕ ме ’фсымӕр дӕр Тогомӕ ӕрцыдысты».

Альбер-Файет ӕмӕ Орель

Ӕфсымӕр Орель у Францийӕ, цӕуы йыл 70 азы. Уый дзуры: «Фондз азы размӕ пенсийы ацыдтӕн, ӕмӕ хъуыдытӕ кӕнын райдыдтон, зӕгъын, дарддӕр дӕр Францийы ӕнцад-ӕнцойӕ цӕрон ӕмӕ Дзӕнӕтмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон ӕви фылдӕр лӕггад кӕнын райдайон». Орель аскъуыддзаг кодта, фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн. Иу-ӕртӕ азы размӕ йӕ бинойнагимӕ, Альбер-Файетимӕ, ӕрцыдысты Бенинмӕ. Орель дзуры: «Йегъовӕйӕн ам лӕггад кӕнын кӕй райдыдтам, нӕ царды уымӕй хуыздӕр уынаффӕ никуы рахастам». Стӕй ма йӕ мидбылты худгӕйӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Афтӕ рауад, ӕмӕ, кӕм фӕхъусын кӕнӕм, уыцы бынӕттӕй иуӕй-иутӕ сты денджызы был, ӕмӕ уым куы вӕййӕм, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма ныр дӕр Дзӕнӕты дӕн».

Клодомир ӕмӕ йӕ бинойнаг Лисиан дӕр сты Францийӕ, Бенинмӕ ӕрцыдысты 16 азы размӕ. Фыццаг рӕстӕг сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты тынг мысыдысты, стӕй сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ ног уавӕртыл нӕ сахуыр уыдзысты. Фӕлӕ дзӕгъӕлы тарстысты. Сӕ лӕггад сын стыр циндзинад ӕрхаста. Клодомир дзуры: «Мах ӕй нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, 16 азмӕ нӕ бон кӕй баци 16 адӕймагӕн рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнын».

Лисиан ӕмӕ Клодомир, рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодтой, уыдонӕй иуӕй-иутимӕ

Джоаннӕ ӕмӕ Себастьян

Себастьян ӕмӕ йӕ бинойнаг Джоаннӕ Францийӕ Бенинмӕ ӕрцыдысты 2010 азы. Себастьян зӕгъы: «Кӕм лӕггад кӕнӕм, уыцы ӕмбырды ис тынг бирӕ куыст». Ӕмӕ уый тыххӕй Себастьян ӕмӕ Джоаннӕйы цыбыр рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Цымӕ дзы адӕм та хорз хабармӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Джоаннӕ дзуры: «Адӕмы тынг фӕнды рӕстдзинад базонын. Уацамынды куы нӕ вӕййӕм, уӕддӕр нӕ уынджы бауромынц, цӕмӕй нӕм Библийӕ исты фарста раттой ӕмӕ литературӕ райсой». Себастьян ӕмӕ Джоаннӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕй ацыдысты, уый сӕ бинонты цардыл куыд фӕзынд? Себастьян зӕгъы: «Уый фӕрцы кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр систӕм. Мӕ цардӕмбалимӕ ӕнӕхъӕн бон иумӕ фӕхъусын кӕнӕм, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у».

Эрик ӕмӕ йӕ бинойнаг Кэти пионертӕй лӕггад кӕнынц Бенины цӕгатварс, бирӕ адӕм кӕм нӕ цӕры, ахӕм ран. Иу-дӕс азы размӕ, Францийы ма куы цардысты, уӕд, райдыдтой кӕсын, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм бӕстӕты тыххӕй статьятӕ. Стӕй ма-иу ныхас кодтой, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ дӕр. Гъемӕ сӕ бафӕндыд ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын, ӕмӕ 2005 азы сӕ фӕнд сӕ къухы бафтыд. Бенины сӕхи цӕстӕй федтой, ӕцӕг Хуыцаумӕ фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм куыд цӕуы, уый. Эрик дзуры: «Кӕм лӕггад кӕнӕм, уыцы горӕты, Тангиетӕ, зӕгъгӕ, дыууӕ азы размӕ 9 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд; ныр та дзы ис 30 хъусынгӕнӕджы. Хуыцаубоны ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуы 50–80 адӕймаджы. Махӕн стыр цины хос у, нӕ организаци куыд рӕзы, уый нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм!»

Кэти ӕмӕ Эрик

ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ СӔМБӔЛЫНЦ ӔМӔ СӔ СӔРТЫ КУЫД АХИЗЫНЦ

Бенджамин

Ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ чи ацӕуы, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? Бенджаминыл цӕуы 33 азы, Анна-Ракелӕн у йе ’фсымӕр. 2000 азы Бенджамин Данийы базонгӕ, Тогойы чи лӕггад кодта, иу ахӕм миссионеримӕ. Бенджамин дзуры: «Уыцы миссионерӕн куы загътон, пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды, уӕд мын афтӕ, зӕгъгӕ, ӕвзӕр нӕ уаид, Тогомӕ куы ацӕуис лӕггад кӕнынмӕ». Бенджамин ын йӕ ныхӕстыл ахъуыды кодта. «Уӕд мыл 20 азы дӕр нӕма цыд,– дзуры Бенджамин.– Фӕлӕ мӕ дыууӕ хистӕр хойы Тогойы кӕй лӕггад кодтой, уымӕ гӕсгӕ мын ӕнцондӕр уыд уырдӕм ацӕуын». Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ацыд. Фӕлӕ ма дзы уыди ӕндӕр хъуыддаг дӕр. Бенджамин дарддӕр дзуры: «Французагау иу ныхас дӕр нӕ зыдтон. Фыццаг ӕхсӕз мӕйы мын уыди тынг зын, уымӕн ӕмӕ адӕмимӕ мӕ бон рӕстмӕ ныхас кӕнын нӕ уыд». Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ йын фылдӕр ӕнтыст. Ныр Беджамин лӕггад кӕны Бенины Вефилы – ӕмбырдтӕм литературӕ фӕласы ӕмӕ ма компьютерты хайады дӕр ӕххуыс кӕны.

Мари-Аньес ӕмӕ Мишель

Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы бинонтӕ, Эрик ӕмӕ Кэти, цалынмӕ Бенинмӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ Францийы хъусын кодтой ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн. Фӕлӕ цымӕ Ныгуылӕн Африкӕйы та сӕ уавӕр куыд уыди? Кэти дзуры: «Ӕнцон нын нӕ уыд, кӕм цардаиккам, ахӕм бынат ссарын. Цалдӕр мӕйы цардыстӕм, рухс ӕмӕ дон кӕм нӕ уыд, ахӕм хӕдзары». Эрик ма Кэтийы ныхӕстӕм бафтыдта: «Нӕ сыхӕгтӕ-иу сӕ музыкӕ хъӕрӕй скодтой ӕмӕ-иу ӕм ӕмбисӕхсӕвмӕ хъуыстой. Цӕмӕй ахӕм уавӕрты цӕрын сахуыр уай, уый тыххӕй хъӕуы фӕразондзинад». Эрик ӕмӕ ма Кэти ноджыдӕр загътой: «Хорз хабар бирӕтӕ кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм ран лӕггад кӕнын у стыр цины хос ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ сфӕразыны аргъ дӕр у».

Мишель ӕмӕ Мари-Аньес дӕр сты Францийӕ, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 60 азмӕ ’ввахс. Ацы бинонтӕ Бенинмӕ ӕрцыдысты фондз азы размӕ. Уырдӕм куы цыдысты, уӕд тыхсгӕ дӕр куыннӕ кодтой. Чидӕртӕ сын афтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ уын уырдӕм цӕуын тӕссаг у. Фӕлӕ Мишель загъта: «Йегъовӕ немӕ кӕй ис, уый фидарӕй зыдтам, ӕндӕр уырдӕм ацӕуынмӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ ныфс нӕ бахастаиккам. Мах уыцы къахдзӕф сарӕзтам Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ Йегъовӕимӕ иумӕ».

ДӔ БОН КУЫД У ДӔХИ БАЦӔТТӔ КӔНЫН

Ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ чи ацӕуы, уыдон зӕгъынц, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕймаг йӕхи бацӕттӕ кӕна мӕнӕ ацы хъуыддӕгты фӕрцы: алцыдӕр рагацау спълан кӕна, цӕттӕ уа ног уавӕртыл ахуыр кӕнынмӕ, ӕхца фӕстауӕрц кӕна ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дара (Лук. 14:28–30).

Гыццыл раздӕр кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр, Себастьян, загъта: «Цалынмӕ Бенинмӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕдмӕ Джоаннӕимӕ дыууӕ азы дӕргъы ӕхца ӕмбырд кодтам. Ирхӕфсӕнтыл къаддӕр ӕхца хардз кодтам ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы нӕ хъуыд, уыдӕттӕ не ’лхӕдтам». Цӕмӕй Себастьян ӕмӕ Джоаннӕ дарддӕр дӕр Бенины пионертӕй лӕггад кӕной, уый тыххӕй алы аз дӕр цалдӕр мӕймӕ Европӕмӕ кусынмӕ ацӕуынц, ӕмӕ та стӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхынц.

Мария-Терезӕ

Ныгуылӕн Африкӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй лӕггад кӕнынмӕ чи ’рцыд, уыдоны ’хсӕн ис 20 ӕнӕцыд хойы, ӕмӕ сӕ иу у Мария-Терезӕ. Францийы куыста автобусы шофырӕй, фӕлӕ 2006 азы иу азмӕ отпуск райста, цӕмӕй Нигеры пионерӕй балӕггад кодтаид. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрста, растдӕр ӕй ахӕм цардӕй кӕй фӕнды цӕрын. Мария-Терезӕ зӕгъы: «Францимӕ куы ’рыздӕхтӕн, уӕд мӕ куысты хицауӕн загътон, мӕ график фӕивын мӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ уый дӕр сразы. Ныр майӕ августмӕ Францийы фӕкусын автобусы шофырӕй, сентябрӕй апрелмӕ та Нигеры фӕлӕггад кӕнын».

Сафирӕ

Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдоны дызӕрдыг кӕнын дӕр нӕ хъӕуы, Йегъовӕ сыл кӕй батыхсдзӕн (Матф. 6:33). Ахъуыды-ма кӕнӕм Сафирӕйы хабарыл. Сафирӕ дӕр у ӕнӕцыд хо Францийӕ, цӕуы йыл 30 азы бӕрц. Уый дӕр пионерӕй лӕггад кӕны Бенины. 2011 азы Сафирӕ фӕстӕмӕ Францимӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй ӕхца бакуыстаид ӕмӕ та иннӕ аз дӕр йӕ бон уыдаид Африкӕйы лӕггад кӕнын (уӕдмӕ уым фӕлӕггад кодта 5 азы). Сафирӕ дзуры: «Майрӕмбоны мӕ куысты фӕстаг бон бакуыстон, фӕлӕ ма мӕ хъуыди ноджыдӕр дӕс боны бакусын, цӕмӕй мӕм иннӕ азы фаг ӕхца уыдаид. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ та хъуамӕ Францийӕ ацыдаин. Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ йын мӕ хабар радзырдтон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕм телефонӕй ӕрбадзырдтой, адӕмӕн куыст чи ссары, уыцы организацийӕ ӕмӕ мӕ бафарстой, зӕгъгӕ, дӕ бон нӕ уаид кӕйдӕр бӕсты дыууӕ къуырийы бакусын». Къуырисӕры Сафирӕ уыцы куыстмӕ рацыд, цӕмӕй, кӕй бӕсты хъуамӕ бакуыстаид, уый йын йӕ хӕстӕ бамбарын кодтаид. Сафирӕ дзуры: «Диссаг у, фӕлӕ, кӕй бӕсты хъуамӕ бакуыстаин, уыцы сылгоймаг разынд нӕ хо, ӕмӕ уый та дӕс боны хъуыди, цӕмӕй Пионерты скъолайы сахуыр кодтаид! Йӕ хицау ӕй куыстӕй нӕ уагъта, цалынмӕ, йӕ бӕсты чи бакуыстаид, уый не ссардтаиккой. Уыцы хо дӕр мӕнау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид».

ЦАРДЫ УЫМӔЙ ХУЫЗДӔР НИЦЫ ИС

Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Ныгуылӕн Африкӕйы лӕггад кӕнынц бирӕ азтӕ, ӕмӕ сын сӕ ног бынат сӕхи хӕдзары ад скодта. Чидӕртӕ та дзы цалдӕр азы балӕггад кодтой ӕмӕ стӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхтысты. Фӕлӕ, ӕндӕр бӕстӕйы кӕй лӕггад кодтой, уый сын ныронг дӕр бирӕ хъуыддӕгты у стыр ӕххуыс. Уыдон ӕй сӕхицӕй зонынц, царды уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай.

^ 6 абз. Уыцы цыппар бӕстӕйы дзурынц французаг ӕвзагыл ӕмӕ сӕм йӕ хъус дары Бенины филиал.