Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«О Йегъовӕ, ды... мӕ зоныс»

«О Йегъовӕ, ды... мӕ зоныс»

«АДӔЙМАГЫЛ куы ничи фӕтыхсы ӕмӕ йӕ куы ничи фембары, уӕд ын уымӕй зындӕр ницы вӕййы»,– загъта фыссӕг Артур Стайнбек. Дӕумӕ дӕр искуы афтӕ каст, цыма дыл ничи тыхсы ӕмӕ дын дӕ уавӕр ничи ӕмбары? Кӕд о, уӕд дын стыр ныфсы хос фӕуыдзысты, Давид 139 псаломы цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон. Уым фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл тынг кӕй тыхсы ӕмӕ сын сӕ алы къахдзӕф дӕр кӕй зоны.

Давид нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ӕй тынг кӕй уарзы ӕмӕ йыл тынг кӕй тыхсы, ууыл. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс» (1 стих). Давид рӕсугъд ныхӕстӕй равдыста, Хуыцау адӕймагмӕ куыд лӕмбынӕг кӕсы, уый. «Зӕрдӕ сгарын»-ӕй цы дзуттаг дзырдбаст ӕрцыд тӕлмац, уымӕй хатт пайда кодтой, ныхас-иу ӕрзӕт къахыныл (Иов 28:3), зӕхх сгарыныл (Тӕрхонгӕнджыты 18:2) кӕнӕ хъуыддаг сбӕлвырд кӕныныл куы цыд, уӕд (Дыккаг закъон 13:14). Йегъовӕ нӕ, ӕцӕгдӕр, тынг хорз зоны – зоны нын нӕ алы фезмӕлд дӕр ӕмӕ нӕ алы къахдзӕф дӕр. Давид афтӕ кӕй загъта, зоныс «мӕ», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ алы лӕггадгӕнӕгыл дӕр кӕй тыхсы. Алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕ басгары ӕмӕ алкӕй дӕр хорз базоны.

Хуыцау нӕм лӕмбынӕг кӕй кӕсы, уый Давид ноджы бӕстондӕр бамбарын кодта ацы ныхӕстӕй: «Ды йӕ зоныс, кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын. Мӕ хъуыдытӕ мын дардӕй дӕр базоныс» (2 стих). Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ «дард» у, ома, уӕлӕрвты цӕры, уӕддӕр зоны, изӕрӕй нӕ бирӕ хъуыддӕгты фӕстӕ нӕ фӕллад суадзынмӕ кӕд ӕрбадӕм, стӕй кӕд сыстӕм ӕмӕ нӕ куыстытӕм кӕд бавналӕм, уый дӕр. Зоны нын нӕ фӕндтӕ, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ. Йегъовӕ йын йӕ алы къахдзӕфмӕ кӕй каст, уымӕй Давид тӕрсгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма йын уый ӕхсызгон дӕр уыд (23 ӕмӕ 24 стихтӕ). Цӕмӕн?

Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уарзгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй сӕм кӕй кӕсы афтӕ лӕмбынӕг. Давид загъта: «Фӕндагыл уон ӕви мӕ фӕллад уадзон,– ды мӕм фӕкӕсыс. Ды мын зоныс мӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр» (3 стих). Йегъовӕйӕн алы бон дӕр нӕ «фӕндӕгтӕ иууылдӕр» йӕ разы вӕййынц, ома дзы нӕ рӕдыдтытӕй дӕр ӕмӕ нӕ хорз хъуыддӕгтӕй дӕр иу дӕр ӕмбӕхст нӕу. Фӕлӕ, цымӕ, Йегъовӕ йе ’ргом тынгдӕр цӕмӕ здахы – не ’взӕр хъуыддӕгтӕм ӕви нӕ хорз хъуыддӕгтӕм? «Кӕсын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «луарын» кӕнӕ «дымгӕмӕ дарын», ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хоры нӕмгуытӕ зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уый. «Зонын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис «аргъ кӕнын»-ӕй. Йегъовӕ алы бон дӕр кӕсы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы фӕдзурынц ӕмӕ цы фӕаразынц, уымӕ, ӕмӕ, хорзӕй цыдӕриддӕр фӕзӕгъынц ӕмӕ цы саразынц, уый йын вӕййы хӕзнайау зынаргъ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тынг аргъ кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл кӕй архайынц, уымӕн.

Уӕдӕ 139 псаломӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл тынг тыхсы. Алы бон дӕр сын сӕ зӕрдӕтӕ басгары ӕмӕ сын сӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр йӕ хъус дары. Йегъовӕ зоны, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, ӕмӕ ӕмбары, куыд фӕтыхсынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕ куыд фӕриссы, уый. Ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕ нӕ фӕнды? Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын никуы ферох кӕндзӕн дӕ «фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстай, уый» (Дзуттӕгтӕм 6:10).

Сентябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Псалом 119–150