Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ: ХУЫЦАУ ӔГЪАТЫР У?

Хуыцауы ӕгъатыр цӕмӕн хонынц?

Хуыцауы ӕгъатыр цӕмӕн хонынц?

АЦЫ фарста дӕм, «Хуыцау ӕгъатыр у?», зӕгъгӕ, мыййаг, ӕнахуыр фӕкаст? Кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, ууыл дызӕрдыг чи кӕны кӕнӕ йӕ ӕгъатыр чи хоны, ахӕмтӕ бирӕ ис. Цымӕ адӕм ахӕм алыхуызон хъуыдытыл хӕст цӕмӕн сты?

Ӕрдзон бӕллӕхы чи фервӕзт, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц: «Кӕд Хуыцау дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр нӕу, уӕд цӕмӕн уадзы, цӕмӕй ахӕм бӕллӕхтӕ цӕуа?»

Иннӕтӕм та ахӕм фарста фӕзыны, Библи куы фӕкӕсынц, уӕд. Зӕгъӕм, Ной ӕмӕ Доны хъаймӕты тыххӕй куы фӕкӕсынц, уӕд фӕхъуыды кӕнынц: «Кӕд Хуыцау адӕмы уарзы, уӕд сӕ цӕмӕн фесӕфта? Ахӕм ӕгъатыр у?»

Ды дӕр искуы афтӕ хъуыды кодтай? Кӕнӕ, Хуыцау ӕгъатыр у ӕви нӕ, уый базонын кӕй фӕфӕнды, уыдонӕн цавӕр дзуапп раттай, уый нӕ фӕзоныс? Ӕркӕсӕм, ацы хъуыддаджы нын чи баххуыс кӕндзӕн, иу ахӕм фарстамӕ.

ӔГЪАТЫР МИТӔЙ НЕ СӔФТ ЦӔМӔН УЫНӔМ?

Цыбырдзырдӕй, ӕгъатыр митӕй не сӕфт уынӕм, уымӕн ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарӕм. Ацы хъуыддаджы цӕрӕгойтӕй тынг хицӕн кӕнӕм. Хуыцау адӕмы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райдиан 1:27). Уый цӕуыл дзурӕг у? Нӕ бон у, цӕмӕй Хуыцауы хуызӕн уӕм алы хъуыддаджы дӕр: миниуджытӕй дӕр, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, стӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕй ӕмбарӕм, уымӕй дӕр. Уӕдӕ, ӕгъатыр митӕй не сӕфт кӕй уынӕм, уый нын Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд цымӕ йӕхӕдӕг ахӕм митӕй йе сӕфт нӕ уыны?

Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау ӕгъатыр митӕй махӕй тынгдӕр кӕй уыны йе сӕфт. Хуыцау зӕгъы: «Мӕ фӕндӕгтӕ... уӕлдӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ – уӕ хъуыдытӕй» (Исай 55:9). Хуыцауы ӕгъатыр куы хонӕм, уӕд цымӕ афтӕ нӕ уайдзӕн, ӕмӕ нӕхимӕ уымӕй растдӕр кӕсӕм? Уый бӕсты хуыздӕр уаид, хабар куыд у, уый бӕлвырддӕр куы базониккам. Ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау ӕгъатыр у ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид ахъуыды кӕнын, йӕ хъуыддӕгтӕй нӕм иуӕй-иутӕ ӕгъатыр цӕмӕн фӕкӕсынц, ууыл. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, дзырд «ӕгъатыр» цы нысан кӕны, уымӕ.

Искӕй ӕгъатыр куы схонӕм, уӕд нӕ ныхасӕй афтӕ фӕуайы, цыма уыцы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цыдӕр ӕвзӕр фӕнд ис. Ӕгъатыр ахӕм адӕймаг у, иннӕты хъизӕмӕрттӕм кӕсын ӕхсызгон кӕмӕн у кӕнӕ иннӕты зындзинад кӕмӕ нӕ хъары. Зӕгъӕм, кӕд фыд йӕ фырты уый тыххӕй фефхӕры, ӕмӕ йын йӕ фырты зӕрдӕ риссын кӕнын ӕхсызгон у, уӕд уыцы фыд у ӕгъатыр. Фӕлӕ йӕ кӕд уый тыххӕй бафхӕры, цӕмӕй йын зонд бацамона кӕнӕ йӕ бӕллӕхӕй бахиза, уӕд уый хорз фыд у. Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарын ӕнцон нӕ вӕййы, ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр хорз зоныс, кӕд дӕуӕй дӕр искуы исчи загъта, йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕнд уыд, зӕгъгӕ, уӕд.

Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, иуӕй-иутӕ Хуыцауы ӕгъатыр цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй хонынц, уыдоныл – ӕрдзон бӕллӕхтыл ӕмӕ, Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Цымӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕцӕгӕдӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау ӕгъатыр у?