Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дин ӕмӕ хӕст

Дин ӕмӕ хӕст

Альберто, дӕс азы бӕрц ӕфсады чи уыд, ахӕм нӕлгоймаг, зӕгъы: «Иухатт нӕ нӕ сауджын Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ нын загъта „Хуыцау уемӕ ис“. Фӕлӕ ӕз хъуыды кодтон: „Ӕз адӕмы марынмӕ цӕуын, ӕмӕ Библийы та афтӕ фыст куы ис, ма амар, зӕгъгӕ?“»

Рей та уыд Дыккаг дунеон хӕсты ӕмӕ иухатт сауджыны бафарста: «Ды нӕм наумӕ схызтӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывтай, цӕмӕй нын раарфӕ кӕна, ӕмӕ фӕуӕлахиз уӕм. Фӕлӕ не знӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ бакодтой?» Сауджын ын дзуапп радта, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ бамбарӕн нӕй, зӕгъгӕ.

Кӕд сауджыны дзуаппӕй разыйӕ нӕ баззадтӕ, уӕд демӕ бирӕтӕ сразы уыдзысты.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?

Чырысти загъта, Хуыцауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй иу кӕй у, цӕмӕй «иннӕты уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ» (Марчы 12:31). Цымӕ Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, иннӕты кӕй уарзӕм, уый, кӕм цӕрынц кӕнӕ цы адӕмыхаттӕй сты, уымӕй кӕнгӕ хъуамӕ уа? Нӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:34, 35). Сӕ кӕрӕдзи хъуамӕ афтӕ тынг уарзтаиккой, цӕмӕй базонӕн уыдаид, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты. Чырыстӕттӕ сӕ кӕрӕдзи тыххӕй сӕ цард дӕр радтаиккой, фӕлӕ никӕй цард байстаиккой.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цардысты Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Иу энциклопедийы фыст ис: «Рагон аргъуаны разамонджытӕ, зӕгъӕм, Тертуллиан ӕмӕ Ориген, дзырдтой, чырыстӕттӕн искӕй марыны бар кӕй нӕ уыд, ӕмӕ дзы Ромы ӕфсады дӕр уый тыххӕй кӕй ничи уыди» (The Encyclopedia of Religion).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔЙ ЦЫ ЗӔГЪӔН ИС?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иуӕй-иу бӕстӕты йеддӕмӕ алы ран дӕр ис. Цы адӕмыхӕттыты ’хсӕн фӕцӕрынц, уыдон кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕвӕййынц, уӕд дӕр, сӕ бон цы вӕййы, уый фӕаразынц, цӕмӕй сӕ уарзондзинадӕй бӕрӕг уа, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты.

Дины разамонджытӕ адӕмы ӕцӕг чырыстон уарзондзинадыл ахуыр кӕнынц?

Зӕгъӕм, 1994 азы Руандӕйы дыууӕ адӕмыхатты, хуту ӕмӕ тутсийы ’хсӕн цы хӕст уыд, уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ архайдтой, фӕлӕ кӕрӕдзи ӕмбӕхстой, кӕд сын мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр. Иухатт дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны хутуйы адӕмыхаттӕй, тутсийы адӕмыхаттӕй сын цы ’фсымӕртӕ уыд, уыдонӕй кӕйдӕрты куы бамбӕхстой, уӕд сӕ хутуйы ’фсӕддонтӕ ӕрцахстой ӕмӕ сын загътой: «Сымах хъуамӕ амӕлат, тутситӕн кӕй баххуыс кодтат, уый тыххӕй». Ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр амардтой (Иоанны 15:13).

Куыд дӕм кӕсы, Чырысти удуӕлдай уарзондзинады тыххӕй цы загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрынц?