Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Чырыстийы заман кувӕндоны мысайнӕгтӕ куыд лӕвӕрдтой?

Кувӕндоны хӕзнадон уыд сылгоймӕгты кӕрты. Иу чиныджы фыст ис: «Йӕ алыварс уыд тыргъ, мидӕгӕй та къулы рӕбын лӕууыд ӕртындӕс ӕхцавӕрӕны, кӕнӕ „уадындзы“, ӕмӕ-иу уырдӕм ӕппӕрстой мысайнӕгтӕ» (The Temple​—Its Ministry and Services).

Ӕхцавӕрӕнтӕ уадындзтӕ хуыдтой, уӕлейӕ нарӕг, бынӕй та уӕрӕх кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Алы ӕхцавӕрӕныл дӕр уыд бӕрӕггӕнӕн. Уыцы бӕрӕггӕнӕн амыдта, ӕхца дзы цавӕр нывонды тыххӕй хъуыд ӕппарын, уый. Цы ӕхцатӕ-иу дзы ӕрӕмбырд, уыдон-иу хардз кодтой бӕлвырд хъуыддӕгтыл. Чырысти уыди сылгоймӕгты кӕрты, адӕм, уыдонимӕ мӕгуыр идӕдз сылгоймаг дӕр, мысайнӕгтӕ куыд ӕппӕрстой, уымӕ куы каст, уӕд (Лукайы 21:1, 2).

Дыууӕ ӕхцавӕрӕны дзы уыдысты кувӕндоны хъалонӕн ӕнӕхъӕн азӕн, стӕй ма ивгъуыд азӕн дӕр. Иннӕ фондз ӕхцавӕрӕны, ӕртыккагӕй ӕвдӕмы онг, ӕппӕрстой мысайнӕгтӕ ӕхсинджыты, бӕлӕтты, сугты, буды ӕмӕ сызгъӕрин мигӕнӕнты тыххӕй. Адӕймаг-иу нывонд балхӕнынӕн цы ’хца рахицӕн кодта, уымӕй ма-иу ӕм цы баззад, уый-иу ныппӕрста иннӕ ӕхцавӕрӕнтӕй иуы. Ӕстӕм ӕхцавӕрӕн уыди, адӕймагмӕ ма-иу тӕригъӕды тыххӕй нывонды ӕхцайӕ цы баззад, уымӕн. Уымӕй уӕлдай ма-иу ӕлхӕдтой фос аххосы тыххӕй нывондӕн ӕмӕ нывондӕн хӕссинаг мӕргътӕ, стӕй ма нывӕндтӕ ӕлхӕдтой назарейтӕ дӕр ӕмӕ-иу хъотырӕй чи ссыгъдӕг, уыдон дӕр. Нывӕндты ӕхцайӕ ма-иу сӕм цы баззад, уыдон та ӕппӕрстой иннӕ цыппар ӕхцавӕрӕны – фарӕстӕмӕй дыууадӕсӕмы онг. Ӕртындӕсӕм ӕхцавӕрӕн уыд барвӕндон мысайнӕгтӕн.

Лука цы ныффыста, уыдӕттыл ӕууӕндӕн ис?

Лука ныффыста, йӕ номӕй чи хуыйны, уыцы Евангели ӕмӕ Апостолты хъуыддӕгтӕ. Лука загъта, «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодтон», зӕгъгӕ (Лукайы 1:3). Фӕлӕ ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, цы ныффыста, уыдӕттӕ раст кӕй сты, ууыл. Цымӕ йыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн ис?

Лука кӕны историон хабӕртты кой. Ӕмӕ, ӕцӕг сты ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнӕн ис. Зӕгъӕм, текст цы ӕвзагыл ныффыста, уым ӕмбӕлы, ромаг хицӕуттӕн цы кады нӕмттӕ уыд, уыдонӕй цалдӕр, кӕд сӕ бирӕтӕ хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой, уӕддӕр.

Хицӕутты кады нӕмттӕ Лука куыд раст ныффыста, уый диссаг дӕр у, уымӕн ӕмӕ Ромы паддзахады зӕхх куы ныддихтӕ, уӕд фӕивта йӕ хицауы кады ном дӕр. Библииртасӕг Брюс Мецгер загъта: «Дзырд искӕцы бынат кӕнӕ рӕстӕгыл куы фӕцӕуы, ӕмӕ се ’ппӕтӕн иу хъуыдымӕ сӕ бон ӕрцӕуын куы нӕ вӕййы, уӕд алы хатт дӕр раст разыны, Хъуыддӕгты чиныджы уыцы бынаты кӕнӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, уый». Ахуыргонд Уильям Рамзай загъта, Лука кӕй у ӕппӕты хуыздӕр историктӕй сӕ иу.