Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ | БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурыс?

Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурыс?

Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн ӕввахс хӕлар уа, ӕмӕ йын йӕ ном ма зона? Ӕвӕццӕгӕн, нӕй. Иу сылгоймаг Иринӕ, цӕры Болгарийы, загъта: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау дӕ хӕлар уа, ӕмӕ йын йӕ ном ма зонай». Ӕмӕ раст зӕгъы. Фыццаг статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм, ӕмӕ нын уый ӕхсызгон куыннӕ у. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын Хуыцау Библийы йӕхи бацамыдта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8).

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын Хуыцау Библийы йӕхи бацамыдта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8)

Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйӕн ахсджиаг у, цӕмӕй йын йӕ ном зонай ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурай? Ахъуыды-ма кӕн мӕнӕ ацы хъуыддагыл: Хуыцауы ном цыппар дзуттаг ӕмхъӕлӕсон дамгъӕйӕ Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Уыцы цыппар дамгъӕйы хонынц тетраграмматон. Библийы уымӕй арӕхдӕр иу ном дӕр не ’мбӕлы. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурӕм.

Цӕмӕй искӕй хӕлар суай, уый тыххӕй уал ын хъуамӕ йӕ ном базонай. Хуыцауы ном зоныс?

Фӕлӕ чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ у табуйаг ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг йе ’ввахс ӕмбалы номӕй куыд нӕ хынджылӕг кӕндзӕн, афтӕ Хуыцауы номӕй дӕр нӕй хынджылӕг кӕнӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы йӕхи бафӕндыд, цӕмӕй йӕ чи уарзы, уыдон ын йӕ ном кадджын кӕной ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр дзурой (Псалом 69:30, 31; 96:2, 8). Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй ахуыр кодта афтӕ кувын: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном». Иннӕтӕн Хуыцауы номы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕ ном рухс кӕнӕм. Уыцы хъуыддаг нӕ Хуыцаумӕ баввахсдӕр кӕндзӕн (Матфейы 6:9).

Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау уӕлдай тынгдӕр йӕ хъус дары, «йӕ номыл [ын] чи хъуыды кӕны», уыдонмӕ (Малахи 3:16). Йегъовӕ алы адӕймагӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры: «Бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ном базыдта. Ӕххуысмӕ мӕм фӕсиддзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз фехъусдзынӕн. Йемӕ уыдзынӕн зын сахат» (Псалом 91:14, 15). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы йӕ ном зонын ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурын.