Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Адӕммӕ фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Йесойы мӕлӕты фӕрцы куыд фӕзынд, адӕм кӕрӕдзи кӕм уарзынц, ахӕм ӕхсӕнад?

Адӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, наукӕйы ӕдзухдӕр размӕ цӕудзысты. Фӕлӕ сын цымӕ искуы бантысдзӕн, иууылдӕр кӕрӕдзийыл кӕм тыхсой, ахӕм ӕхсӕнад скӕнын? Никуы. Абон адӕм сты зыд ӕмӕ хиуарзон. Фӕлӕ Хуыцау адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры хорз фидӕнӕй. (Бакӕс 2 Петры 3:13.)

Хуыцауы Ныхасы фыст ис, фидӕны адӕм сӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты, ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты ӕмӕ сын зиан кӕй ничиуал хӕсдзӕн. (Бакӕс Михейы 4:3, 4.)

Адӕм сӕ хиуарзон фӕндтӕй цӕй фӕрцы фервӕздзысты?

Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд хиуарзон нӕ уыдысты. Фӕлӕ фыццаг адӕймаг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ӕххӕст нал уыд. Уымӕй мах дӕр нӕ туджы рахастам хиуарзондзинад. Фӕлӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы афтӕ сараздзӕн, цӕмӕй ногӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ суӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21, 24, 25.)

Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ, фыццаг адӕймаджы ӕгоммӕгӕсдзинад цы зиан ӕрхаста, уый сраст кодта (Ромӕгтӕм 5:19). Йесойы фӕрцы адӕмӕн фӕзынд ныфс диссаджы фидӕнӕй. Уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд адӕм хиуарзон нал уыдзысты ӕмӕ ӕвзӕрдзинад нал араздзысты. (Бакӕс Псалом 37:9–11.)