Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ХӔСТЫТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Рагзаманты Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй касти

Рагзаманты Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй касти

Адӕм уыдысты ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. Хуыцаумӕ куывтой, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид, фӕлӕ сӕ уыцы рӕстӕг ничи фервӕзын кодта. Уыдон уыдысты израилӕгтӕ – Хуыцауы адӕм рагзаманты. Се ’фхӕрджытӕ, египетӕгтӕ, уыдысты тыхджын адӕм (Рацыд 1:13, 14). Бирӕ азты дӕргъы израилӕгтӕ Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй сӕ египетӕгты уӕззау ӕфсондзы бынӕй ссӕрибар кодтаид. Ӕппынфӕстаг Хуыцауы ӕмгъуыд рӕстӕг ӕрхӕццӕ (Рацыд 3:7–10). Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау йӕхӕдӕг хӕцыди египетӕгты ныхмӕ. Уый сыл цалдӕр карз ӕфхӕрды ӕруагъта, уый фӕстӕ та сын сӕ паддзахы йе ’фсадимӕ Сырх денджызы фесӕфта (Псалом 136:15). Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмы сӕрыл хӕцыди «хъӕбатыр хӕстонау» (Рацыд 15:3, 4).

Хуыцау египетӕгтимӕ йӕхӕдӕг кӕй хӕцыди, уымӕй зыны, алы хӕст ӕвзӕрыл кӕй нӕ нымайы. Ӕндӕр хӕттыты та-иу йӕ адӕмы йӕхӕдӕг арвыста хӕцынмӕ. Зӕгъӕм, иухатт сын загъта, цӕмӕй ханаайнӕгтимӕ, ӕгъатыр ӕмӕ тугмондаг адӕмимӕ, схӕцыдаиккой (Дыккаг закъон 9:5; 20:17, 18). Израилы паддзах Давиды та арвыста се знӕгтимӕ, филистимӕгтимӕ, схӕцынмӕ. Хуыцау ма йын амонгӕ дӕр бакодта, цы саразын ӕй хъуыди, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уыдаид, уый тыххӕй (2 Самуилы 5:17–25).

Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, израилӕгтӕн-иу сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд-иу Хуыцау йӕ адӕмы ӕмӕ раст дин бахъахъхъӕныны тыххӕй хӕстытӕ дӕр райдыдта. Фӕлӕ-иу Хуыцауы фӕндӕй чи райдыдта, уыцы хӕстыты тыххӕй зонын хъӕуы ӕртӕ хъуыддаджы.

  1. ӔРМӔСТДӔР ХУЫЦАУ СКЪУЫДДЗАГ КОДТА, ЧИ ХЪУАМӔ ХӔЦЫДАИД, УЫЙ. Иухатт Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Ацы хатт сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын». Афтӕ сын цӕмӕн загъта? Хуыцау йӕхӕдӕг хъуамӕ хӕцыдаид сӕ бӕсты (2 Азфыстыты 20:17; 32:7, 8). Ӕмӕ ацы статьяйы уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй уый ӕрмӕст иу хатт нӕ уыди. Ӕндӕр хӕттыты та-иу Хуыцау рагон Израилы адӕмӕн сӕхи арвыста хӕцынмӕ, зӕгъӕм, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахстаиккой ӕмӕ-иу ӕй бахъахъхъӕдтаиккой (Дыккаг закъон 7:1, 2; Йесо Навин 10:40).

  2. ӔРМӔСТДӔР ХУЫЦАУ СКЪУЫДДЗАГ КОДТА, АХӔМ ХӔСТЫТӔ КӔД ХЪУАМӔ ЦЫДАИККОЙ, УЫЙ. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты-иу хъуыди Хуыцауы ӕмгъуыд рӕстӕгмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй-иу сӕ чи ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ чи ссӕста, уыдоны ныхмӕ схӕцыдаиккой. Уӕдмӕ та-иу сын уый бар нӕ уыди. Хуыцауы ныхасмӕ-иу куы нӕ банхъӕлмӕ кастысты, уӕд-иу ын йӕ хорзӕх фесӕфтой. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй-иу израилӕгтӕ хӕст сӕхи зондӕй куы расидтысты, уӕд-иу арӕх фӕсмойнаг фесты *.

  3. Кӕд Хуыцау ханаайнӕгтимӕ хӕцыди, уӕддӕр дзы кӕйдӕрты фервӕзын кодта, зӕгъӕм, Раавы йӕ бинонтимӕ

    ХУЫЦАУӔН ӔХСЫЗГОН НӔУ АДӔМЫ МӔЛӔТ, СУАНГ ФЫДГӔНДЖЫТЫ МӔЛӔТ ДӔР. Йегъовӕ Хуыцау у царды суадон ӕмӕ адӕмы Сфӕлдисӕг (Псалом 36:9). Уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм мӕлой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ис ахӕмтӕ, ӕмӕ фыдвӕндтӕ фӕкӕнынц искӕй бафхӕрыны кӕнӕ та суанг амарыны тыххӕй дӕр (Псалом 37:12, 14). Хуыцау-иу ахӕм фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон скӕныны тыххӕй иуӕй-иу хатт уыцы фыдгӕнджыты ныхмӕ хӕст расидти. Фӕлӕ-иу кӕд израилӕгты ахӕм хӕстыты хӕцын кодта, уӕддӕр-иу сын се знӕгтӕм уыди «фӕлмӕнзӕрдӕ» ӕмӕ-иу сӕм «мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кодта» (Псалом 86:15). Зӕгъӕм, Хуыцау израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй-иу горӕт ныппырх кӕныны размӕ «адӕмӕн фехъусын кодтаиккой, сӕ бон кӕй у семӕ фидыды бадзырд скӕнын». Афтӕмӕй-иу сын фадат радтаиккой сӕ фӕндӕгтӕ сраст кӕнынӕн ӕмӕ хӕстӕй аирвӕзынӕн (Дыккаг закъон 20:10–13). Уымӕй Хуыцау равдыста, «фыдгӕнӕджы мӕлӕт» ын ӕхсызгон кӕй нӕу, фӕлӕ йын ӕхсызгон кӕй у, цӕмӕй «фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза ӕмӕ цӕра» (Йезекил 33:11, 14–16) *.

Куыд федтам, афтӕмӕй рагзаманты Хуыцау хӕстытӕй пайда кодта, цӕмӕй-иу иннӕты чи ӕфхӕрдта ӕмӕ чи ссӕста, уыдоны фесӕфтаид. Уӕдӕ-иу ахӕм хӕстытӕ кӕд хъуамӕ райдыдтаиккой ӕмӕ-иу дзы чи хъуамӕ хӕцыдаид, уый скъуыддзаг кодта Хуыцау, адӕм нӕ, фӕлӕ. Цымӕ Хуыцауы хӕстытӕ ӕгъатыр уыдысты ӕмӕ-иу дзы туджы зӕйтӕ калд? Нӕ. Уый фыддзинадӕй йе сӕфт уыны (Псалом 11:5). Мыййаг, Хуыцау хӕстытӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта, йӕ Фырт Йесо Чырысти фыццаг ӕнусы зӕххыл хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд?

^ 7 абз. Зӕгъӕм, иухатт израилӕгтӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ амаликӕгтӕ ӕмӕ ханаайнӕгтимӕ схӕцыдысты. Фӕлӕ сӕхӕдӕг цагъды фесты (Нымӕцтӕ 14:41–45). Бирӕ азты фӕстӕ иузӕрдион паддзах Иоси Хуыцауы нӕ бафарста, афтӕмӕй ацыд хӕстмӕ, ӕмӕ йе ’нӕрхъуыды мийы тыххӕй йӕ мӕлӕт ссардта (2 Азфыстыты 35:20–24).

^ 8 абз. Израилӕгтӕ-иу ханаайнӕгты ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд-иу сын фидыды бадзырд скӕныны тыххӕй ницы загътой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ханаайнӕгтӕн 400 азы радта, цӕмӕй сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдмӕ ханаайнӕгтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ ахӕм ӕгъатыр систы, ӕмӕ сӕ басӕттӕн нал уыди (Райдиан 15:13–16). Уӕдӕ сын фесафыны йеддӕмӕ ӕндӕр хос нал уыд. Фӕлӕ ханаайнӕгтӕй чидӕртӕ сӕ фӕндӕгтӕ сраст кодтой, ӕмӕ фервӕзтысты (Йесо Навин 6:25; 9:3–27).