Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19–25 августы

ПСАЛОМТӔ 75–77

19–25 августы

120 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Сӕрбӕрзонд уай, уый тӕссаг цӕмӕй у?

(10 мин.)

Хуыцау сӕрбӕрзонддзинадӕй йе сӕфт уыны (Пс 75:4; 1 Тим. 3:6; w18.01 28 ф., 4, 5 абз.).

Ӕмбырды нын исты куы бахӕс кӕнынц кӕнӕ нын нӕ бар кадджын хӕстӕ куы бакӕнынц, уӕд уый вӕййы Йегъовӕйы стыр хорзӕх (Пс 75:5–7; w06 1/8 21 ф., 3 абз.).

Йегъовӕ ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзонд чи у, уыдоны, уыимӕ ацы дунейы хицӕутты (Пс 76:12).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 76:10. «Адӕймагӕн йӕ фыдӕх» Йегъовӕйы куыд фӕкадджын кӕны? (w06 1/8 21 ф., 4 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн йе ’ргом раздах нӕ сайтӕй искӕцы видеороликмӕ (видеоролик ӕвдисын нӕ хъӕуы) ӕмӕ йӕ бафӕрс, цавӕр ӕвзагыл ын ӕй равдисай, уымӕй (lmd 1 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймаг дын загъта, Хуыцауыл кӕй не ’ууӕнды. Дӕ ныхас уавӕрмӕ гӕсгӕ фӕив (lmd 2 урок, 5 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

127 зарӕг

7. Куы дӕ ӕппӕлой, уӕд-иу Йегъовӕйы скадджын кӕн

(7 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Йесо Чырыстийау иузӕрдион ут. Иннӕтӕ уӕ куы ӕппӕлой». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Сергейӕ куы ’ппӕлыдысты, уӕд сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8. Зиу сентябры: адӕмимӕ-иу Библи ахуыр кӕнын райдайдзыстӕм ӕмӕ пайда кӕндзыстӕм брошюрӕйӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!»

(8 мин.). Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕджы раныхас. Хъусынгӕнджыты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй зиуы зӕрдиагӕй архайой ӕмӕ зӕгъ, уӕ территорийы уыцы рӕстӕг куыд хъусын кӕндзыстут.

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 95 зарӕг ӕмӕ куывд