Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой

Хӕрзӕгъдау цард чи кӕны, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагӕн у йӕ бон, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар суа (1Пт 1:14–16). Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаг йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадза, уӕд йӕ бинонты цард ӕмӕ йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уыдзысты, стӕй дзӕгъӕл хӕрдзтӕ дӕр нал кӕндзӕн.

Адӕймагӕн ӕмбарын кӕн, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цавӕр уагӕвӕрдтӕ радта, цӕмӕн сӕ радта ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд ын уый цы пайда хӕсдзӕн. Йӕ зондахаст фӕивынӕн ын баххуыс кӕн, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ царды ивындзинӕдтӕ скӕндзӕн (Еф 4:22–24). Ныфс-иу ӕй бауадз, Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы йӕ бон кӕй бауыдзӕн цыфӕнды ӕвзӕр ахуыр дӕр ныууадзын (Фп 4:13). Дзур-иу ын, цӕмӕй-иу Йегъовӕмӕ скува, куыддӕр ӕм ӕвзӕр хъуыддаг саразыны фӕнд фӕзыны, афтӕ. Ахуыр ӕй кӕн, цӕмӕй-иу рагацау ахъуыды кӕна, фӕлварӕныл кӕм сӕмбӕлдзӕн ӕмӕ дзы йӕ бон куыд у йӕхи бахизын. Разӕнгард ӕй кӕн, цӕмӕй йе ’взӕр ахуыр ныууадза ӕмӕ йын пайда чи фӕуыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ араза. Адӕймаг хуыздӕрырдӕм куы ива, уӕд дын уый циндзинад хӕсдзӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КӔИМӔ АХУЫР КӔНУТ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ӔВЗӔР ХЪУЫДДӔГТӔ НЫУУАДЗОЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ Нитӕ Джейдмӕ цы цӕстӕй ракастысты, йе ’взӕр ахуыры тыххӕй куы базыдтой, уӕд?

  • Нитӕ Джейдӕн куыд ӕххуыс кодта?

  • Джейд Йегъовӕйӕ ӕххуыс куыд куырдта?