Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ хъуыдытӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ?

Дӕ хъуыдытӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ?

Йегъовӕйыл иузӕрдион стӕм ӕви нӕ, уый ӕрмӕст нӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййы бӕрӕг, фӕлӕ ма нӕ хъуыдытӕй дӕр (Пс 19:14). Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, цыдӕриддӕр у ӕцӕг, ахсджиаг, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, хӕрзӕгъдау, раппӕлинаг ӕмӕ хорз цӕмӕйдӕриддӕр фӕзӕгъынц, уыдӕттыл (Фп 4:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй-иу нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕппындӕр ма фӕзыной. Фӕлӕ нын хиуылхӕцындзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй фӕсурӕм ӕмӕ-иу сӕ хорз хъуыдытӕй баивӕм. Нӕ хъуыдытӕй куы уа бӕрӕг, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уӕд уый нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр уыдзӕн бӕрӕг (Мч 7:21–23).

Алы стихы бынмӕ дӕр ныффысс, нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм:

Ро 12:3

Лк 12:15

Мф 5:28

Фп 3:13