110 ЗАРӔГ
Йегъовӕ цы цин дӕтты, уый
-
1. Сӕвӕрдта ныр йӕ Паддзахад Йегъовӕ,
Уый абон у бӕлвырд-бӕрӕг.
Акӕсут-ма, уӕ сӕртыл-ма ысхӕцут:
Ирвӕзындзинад у хӕстӕг!
БАЗАРД
Йегъовӕ цы цин дӕтты, уый махӕн
Нӕ ныфс, нӕ фидар мӕсыг у.
Нӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнут хъӕлдзӕгӕй,
Цины зарӕгӕй йын кад кӕнут.
Йегъовӕ цы цин дӕтты, уый махӕн
Нӕ ныфс, нӕ фидар мӕсыг у.
Нӕ Паддзахыл иузӕрдион алкӕд уӕм,
Ӕмӕ уӕд уыдзӕн нӕ зӕрдӕ рухс.
-
2. Алкӕд уӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕвӕрут,
Хъахъхъӕндзӕн уый мах алкӕддӕр.
Айхъуысӕд дард уӕ цины зарӕг абон,
Зарут Хуыцауӕн уе ’ппӕт дӕр!
БАЗАРД
Йегъовӕ цы цин дӕтты, уый махӕн
Нӕ ныфс, нӕ фидар мӕсыг у.
Нӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнут хъӕлдзӕгӕй,
Цины зарӕгӕй йын кад кӕнут.
Йегъовӕ цы цин дӕтты, уый махӕн
Нӕ ныфс, нӕ фидар мӕсыг у.
Нӕ Паддзахыл иузӕрдион алкӕд уӕм,
Ӕмӕ уӕд уыдзӕн нӕ зӕрдӕ рухс.
(Ноджыдӕр кӕс 1 Аз. 16:27; Пс. 112:4; Лук. 21:28; Иоан. 8:32.)