Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

112 ЗАРӔГ

Йегъовӕ – фарны Хуыцау

Йегъовӕ – фарны Хуыцау

(Филиппӕгтӕм 4:9)

  1. 1. Йегъовӕ, Стыр Хуыцау!

    Уарзыс мах, дӕттыс нын фарн.

    Хай нын кӕн дӕ сыгъдӕг тыхӕй,

    ’Мӕ дын кад хӕсса нӕ цард.

    Дӕ Фырт ӕрцыд ӕмӕ

    Мах ӕрбакодта дӕумӕ.

    Ныр ыстӕм дӕ фарнӕй хайджын

    Ӕмӕ стӕм дӕ хӕлӕрттӕ.

  2. 2. Кӕсӕм Сыгъдӕг Фыстад,

    Уый нын абон у цырагъ.

    Стӕм дӕ фӕрцы алкӕд рухсы,

    ’Мӕ уынӕм нӕ фӕндаг мах.

    Зӕххыл нӕ уыдзӕн тагъд

    Тугкалд, хӕст ӕмӕ фыдцард.

    Курӕм, арфӕ ракӕн махӕн,

    ’Мӕ ныр дӕр уа не ’хсӕн фарн.

  3. 3. Кӕй уарзыс, уыдон ныр

    Сты уӕлӕрвты ’мӕ зӕххыл.

    Мах лӕггад кӕнӕм ӕмвӕндӕй,

    Дзурӕм де ’ппӕт рухс фӕндтыл.

    Дӕ рӕстаг Паддзахад

    Фарн ӕрхӕсдзӕн, зонӕм мах.

    Уӕд уыдзӕн ӕгас зӕххыл дӕр

    Сабыр цард, ӕнусон фарн.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 4:8; Фил. 4:6, 7; 1 Фес. 5:23.)