Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 ЗАРӔГ

Хуыцауӕн нывонддзырд

Хуыцауӕн нывонддзырд

(Дзуттӕгтӕм 10:7, 9)

  1. 1. Йегъовӕ сфӕлдыста дуне,

    Ӕнӕкӕрон, ыстыр.

    Уӕлӕрвтӕ дӕр ӕмӕ зӕхх дӕр

    Йӕ къухты конд ысты.

    Цард алкӕмӕн дӕр уый радта,

    Хъуыддӕгтӕй равдыста,

    Ӕппӕт кады аккаг уый кӕй у,

    Ӕрмӕст уый кӕй у Хуыцау.

  2. 2. Зӕххыл йӕ Фырт аргъуыд райста.

    Уый уыд Хуыцауы фӕнд.

    «Ӕххӕст кӕнын дӕ фӕндон ӕз»,–

    Куывта йӕм Йесо уӕд.

    Хуыцауы сӕрст уыд Чырысти,

    Ӕдзух йӕ коммӕ каст.

    Йӕ уӕларвон Фыды кадӕн уыд

    Йӕ иузӕрдион лӕггад.

  3. 3. Дӕ разы стӕм ныр, Йегъовӕ,

    Дӕ номӕн кад кӕнӕм.

    Мах нал цӕрӕм нӕхи тыххӕй –

    Дӕу тыххӕй ныр цӕрӕм.

    Дӕ Фырты, Йесойы, радтай –

    Уый у зынаргъ лӕвар.

    Дӕ номыл цӕрӕм кӕнӕ мӕлӕм.

    Дӕ бар кӕнӕм мах нӕ цард.

(Ноджыдӕр кӕс Матф. 16:24; Мар. 8:34; Лук. 9:23.)