Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 СӔР

«Ног дунейы тӕлмац» мыхуыры цӕмӕн рауагътам?

«Ног дунейы тӕлмац» мыхуыры цӕмӕн рауагътам?

Конго (Киншасӕ)

Руандӕ

Симмахы грекъаг тӕлмацы скъуыддзаг, Псаломы 69:31 дзы ис Хуыцауы ном (нӕ эрӕйы ӕртыккаг кӕнӕ цыппӕрӕм ӕнус)

Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кодтой Библийы алыхуызон тӕлмацтӕй, стӕй сӕ мыхуыры уагътой ӕмӕ сӕ парахат кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, кӕй хъӕуы ног ӕмӕ хуыздӕр тӕлмац. Адӕмӕн баххуыс кӕнын хъуыди, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн», уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы фӕндон (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 1950 азы англисаг ӕвзагыл хайгай мыхуыр кӕнын райдыдтам «Ног дунейы тӕлмац». Уый у раст ӕмӕ бӕлвырд тӕлмац. Ныртӕккӕ ис 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл, уыимӕ ирон ӕвзагыл дӕр.

Хъуыди, ӕнцонӕмбарӕн чи уыдаид, ахӕм тӕлмац. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕмӕн се ’взаг дӕр ивгӕ кӕны. Ӕмӕ абон Библийы тӕлмацтӕй бирӕты ис, адӕм кӕй нал ӕмбарынц, ахӕм ныхӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма ахуыргӕндтӕ ссардтой рагондӕр къухфыстытӕ ӕмӕ уыдоны фӕрцы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой, Библи цы рагон ӕвзӕгтыл ӕрцыд фыст, уыдон – дзуттаг, арамейаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ.

Хъуыди, Хуыцауы ныхӕстӕ раст тӕлмац кӕм ӕрцыдаиккой, ахӕм Библи. Хуыцау йӕ Ныхасы цы ныффыссын кодта, уый хъуамӕ тӕлмац кӕной раст, мацы дзы ивой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уый зӕгъӕн нӕй Библийы тӕлмацтӕн сӕ фылдӕрӕй. Чи сӕ тӕлмац кодта, уыдон дзы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, айстой.

Хъуыди, Хуыцауӕн кад чи хастаид, ахӕм тӕлмац (2 Самуилы 23:2). Библийы рагондӕр къухфыстыты Йегъовӕйы ном ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц (кӕс бынӕй нывмӕ). Ӕмӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы дӕр Хуыцауы ном ныффыстой, уыцы къухфыстыты кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлы, уым (Псалом 83:18). Ацы тӕлмацыл чи куыста, уыдон бирӕ азты дӕргъы дуне ӕрмӕг раиртӕстой, ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Хуыцауы хъуыдытӕ дзы афтӕ ӕнцонӕмбарӕн сты, ӕмӕ адӕймаг йӕ кӕсынӕй не ’фсӕды. «Ног дунейы тӕлмац» дӕм дӕ мадӕлон ӕвзагыл ис ӕви нӕ, уӕддӕр хорз уаид, Йегъовӕйы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсис (Йесо Навин 1:8; Псалом 1:2, 3).

  • Библи ногӕй ратӕлмац кӕнын цӕмӕн бахъуыди?

  • Хуыцауы фӕндон зонын кӕй фӕнды, уыдоны алы бон дӕр цы хъӕуы аразын?