Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФЫНДДӔСӔМ СӔР

Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд

Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд

1–3. а) Есфир йӕ сӕрыхицаумӕ бацӕуын цӕмӕн тарст? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

ЕСФИР Сузӕйы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл хоста. Бӕргӕ архайдта йӕхи ӕрсабыр кӕныныл, фӕлӕ йын ницы уад. Уыцы галуан лӕууыд фӕзран Загросы урссӕр хӕхты цур Хоаспы цӕугӕдоны был (йӕ дон уыд тынг сыгъдӕг). Галуаны къултыл конд уыди алыхуызон скульптурӕтӕ: базырджын галтӕ, фатӕхсджытӕ ӕмӕ домбӕйттӕ. Къултӕ дӕр ӕмӕ скульптурӕтӕ дӕр конд уыдысты агуыридурӕй ӕмӕ ӕмбӕрзт уыдысты ӕрттиваг цъарӕй. Уыди ма дзы дурӕй конд цӕджындзтӕ ӕмӕ стыр статуйӕтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ-иу чи федтаид, уый-иу куыннӕ бамбӕрстаид, Есфир кӕмӕ фӕцӕйцыд, уыцы адӕймаг куыд хъомысджын у. Йӕхи хуыдта «номдзыд паддзах». Уый уыди Есфиры сӕрыхицау, паддзах Ахашверош.

2 Йӕ сӕрыхицау... Ӕвӕццӕгӕн, иузӕрдион дзуттаг чызджытӕй ахӕм адӕймаджы йӕхицӕн цардӕмбалӕн ничи равзӕрстаид *. Зӕгъӕм, уый Авраамы нӕ бафӕзмыдтаид. Авраамӕн Хуыцау куы загъта, зӕгъгӕ, дӕ цардӕмбал Саррӕмӕ байхъус, уӕд ын сӕрныллӕгӕй йӕ фӕндоныл сразы (Райд. 21:12). Ахашверош Есфиры Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Закъоны тыххӕй бирӕ ницы зыдтаид йе та ӕппындӕр ницы зыдта. Фӕлӕ Персы закъӕттӕ та хорз зыдта. Ӕмӕ уыцы закъӕттӕй сӕ иумӕ гӕсгӕ бар нӕ уыд, Есфир цы арӕзта, уымӕн. Персы паддзах адӕймагмӕ куы нӕ фӕдзырдтаид, афтӕмӕй йӕм куы бацыдаид, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Есфирмӕ дӕр паддзах нӕ фӕдзырдта, фӕлӕ йын уӕддӕр ӕнӕ бацӕугӕ нӕ уыд. Есфир зыдта: галуаны мидӕггаг кӕртмӕ куыддӕр бахиза, афтӕ йӕ Ахашверош йӕ паддзахбадӕнӕй фендзӕн. Ӕмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынгӕй-тынгдӕр хъуыды кодта, удӕгасӕй кӕй нӕ баззайдзӕн, ууыл. (Бакӕс Есфир 4:11; 5:1.)

3 Есфир йӕхи ахӕм тӕссаг уавӕры цӕмӕн баппӕрста? Уыцы сылгоймаджы диссаджы уырнындзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг уал базонӕм, Есфир Персы паддзахы ус куыд сси, уый.

Есфир чи уыди

4. Есфир чи уыд ӕмӕ йӕ Мардохей йӕхимӕ цӕмӕн акодта?

4 Есфир уыди сидзӕр чызг. Йӕ ныййарджыты тыххӕй йын уыйбӕрц ницы зонӕм. Куы райгуырди, уӕд ыл сӕвӕрдтой ном Гадассӕ (йӕ ном дзуттагау нысан кӕны «мирт» – рӕсугъд урс дидинӕг чи калы, ахӕм къутӕр). Есфирӕн йӕ ныййарджытӕ куы амардысты, уӕд мӕгуыр сидзӕр сывӕллоны йӕ фыдыфсымӕры лӕппу Мардохей йӕхимӕ акодта. Мардохей дзы бирӕ хистӕр уыди ӕмӕ йӕ хи хъӕбулау хъомыл кодта (Есф. 2:5–7, 15).

Мардохей Есфирӕй дзӕгъӕлы нӕ уыди сӕрыстыр

5, 6. а) Мардохей Есфиры куыд хъомыл кодта? ӕ) Есфир ӕмӕ Мардохей Сузӕйы куыд цардысты?

5 Мардохей ӕмӕ Есфир уыдысты уацайрӕгтӕ ӕмӕ цардысты Персы сӕйраг горӕты. Ӕвӕццӕгӕн сыл уым адӕм былысчъилтӕ кодтой сӕ дины тыххӕй ӕмӕ, цы Закъонмӕ гӕсгӕ цардысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу Мардохей Есфирӕн дзырдта, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уый тыххӕй. Уый йӕ адӕмы раджы заманты зындзинӕдтӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ сӕ ныр дӕр фервӕзын кӕндзӕн (Лев. 26:44, 45). Афтӕмӕй Мардохей Есфирӕн тынг адджын сси, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл уыдысты ӕнувыд.

6 Куыд зыны, афтӕмӕй Мардохей паддзахы галуаны стыр бынат ахста, ӕмӕ-иу паддзахы иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕдзухдӕр бадти галуаны кулдуары раз (Есф. 2:19, 21; 3:3). Есфир куы байрӕзт, уӕд цы куыста, куыд цард, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕрӕн чызг уыди, Мардохеймӕ дӕр хорз касти ӕмӕ хӕдзары куыстытӕ дӕр кодта. Цӕргӕ та кодтаиккой, мӕгуыр адӕм кӕм цардысты, уыцы ран – паддзахы галуан цы цӕугӕдоны был уыд, уымӕн йӕ иннӕ фарс. Есфир, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ уарзта Сузӕйы базармӕ цӕуын. Хӕрзаг-иу касти, сызгъӕрины ӕмӕ ӕвзисты куыстгӕнджытӕ ӕмӕ иннӕ базаргӕнджытӕ цы уӕй кодтой, уыдӕттӕм. Есфирӕн уӕд йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, иу бон ӕм ахӕм зынаргъ дзауматӕ уыйбӕрц кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йӕм диссаг дӕр нал кӕсдзысты. Цымӕ искуы ахъуыды кодтаид, ӕмӕ паддзахы ус суыдзӕн?

«Уыди хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд»

7. Вашти паддзахы ус цӕуылнӕуал уыд?

7 Иуафон Сузӕйы адӕм ӕндӕр дзырд нал кодтой, паддзахы бинонты ’хсӕн, дам, цы ’рцыд, уый нӕ фехъуыстат, зӕгъгӕ. Хабар та уыд афтӕ. Ахашверош йӕ кънйӕзтӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн стыр куывд скодта. Фынгтыл ӕрӕвӕрын кодта амӕй-ай хуыздӕр хӕринӕгтӕ ӕмӕ сӕн. Паддзах сфӕнд кодта йӕ рӕсугъд ус Ваштийы куывдмӕ адӕмы размӕ ракӕнын. Вашти та уыцы рӕстӕг сылгоймӕгтӕн хицӕнӕй скодта куывд. Фӕлӕ йӕм паддзахы фӕсдзӕуинтӕ куы бацыдысты, уӕд сын нӕ ракуымдта. Паддзах уый йӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадта, ӕмӕ йӕ маст рафыхт. Уӕд йӕ уынаффӕгӕнджыты бафарста, зӕгъгӕ, Вашти афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын цы бакӕнын хъӕуы. Хъуыддаг ууыл ахицӕн, ӕмӕ Вашти паддзахы ус нал уыд. Уӕд паддзахы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас бӕстӕйы ӕрыгон рӕсугъд чызджыты агурын райдыдтой, цӕмӕй дзы паддзах Ваштийы бӕсты искӕй равзӕрстаид (Есф. 1:1–2:4).

8. а) Есфир куы байрӕзт, уӕд ыл Мардохей цӕмӕн мӕт кодтаид? ӕ) Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй рӕсугъддзинадмӕ цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын? (Кӕс ма Ӕмбисӕндтӕ 31:30 дӕр.)

8 Ныр та нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм Мардохей ӕмӕ Есфиры. Мардохей-иу Есфирмӕ куы каст, уӕд-иу дзы буц дӕр куыннӕ уыдаид, фӕлӕ мӕт дӕр куыннӕ кодтаид, йӕ гыццыл хо кӕй айрӕзт ӕмӕ ӕмбисонды рӕсугъд кӕй сси, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. «Чызг уыди хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд»,– фыст ис Библийы (Есф. 2:7). Библи ӕвдисы, рӕсугъддзинадмӕ цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын, уый. Адӕймаг рӕсугъд уа, уый хорз у. Рӕсугъд адӕймаг кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы? Фӕлӕ йӕм ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад куы нӕ уа, уӕд схъал уыдзӕн, йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайдзӕн ӕмӕ ма йӕм фӕзындзӕн ӕндӕр ӕнадгӕнӕн миниуджытӕ дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 11:22.) Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, арӕх афтӕ нӕ рауайы? Цымӕ Есфирӕн та йӕ хабар куыд рауад? Йӕ рӕсугъддзинад ӕй фесӕфта ӕви, ӕддейӕ куыд рӕсугъд уыди, мидӕгӕй дӕр ахӕм рӕсугъд разынд? Уый рӕстӕг равдыста.

9. а) Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ Есфиры куы федтой, уӕд куыд бакодтой? Мардохей ӕмӕ Есфиры кӕрӕдзийӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, уый сын зын цӕмӕн уыдаид? ӕ) Мардохей Есфиры цӕмӕн бауагъта ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕг адӕймагмӕ смой кӕнын? (Кӕс ма рамкӕ дӕр.)

9 Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ рӕсугъд чызджытӕ куы агуырдтой, уӕд Есфиры федтой ӕмӕ йыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Гъемӕ уый дӕр акодтой цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ паддзахы галуанмӕ (Есф. 2:8). Мардохей ӕмӕ Есфир фыд ӕмӕ чызгӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ ныр кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой. Ахъуыды-ма кӕн, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр куыд зын уыдаид. Мардохейы кӕцӕй фӕндыдаид Есфиры, ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм адӕймагӕн раттын, кӕд паддзах уыди, уӕддӕр. Фӕлӕ йӕ бон ницы уыд саразын *. Есфиры цалынмӕ нӕ акодтой, уӕдмӕ йын Мардохей, ӕвӕццӕгӕн, уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый фӕдыл. Ӕмӕ йын чызг йӕ алы ныхасмӕ дӕр хӕрзаг лӕмбынӕг хъуыста. Сузӕйы галуанмӕ йӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд ын цас ӕмӕ цас фарстатӕ нӕ лӕвӕрдтаиккой ӕнцой. Цымӕ йӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ каст?

Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр-иу фӕцыд

10, 11. а) Есфир цы ног уавӕрты бахауд, уыдоны йын тӕссаг цӕмӕй уыди? ӕ) Мардохей Есфирыл кӕй мӕт кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

10 Есфир цыма бынтон ӕндӕр дунейы февзӕрд, афтӕ уыд – алцыдӕр ын уыди ног ӕмӕ ӕнахуыр. Ныр цард, Персы паддзахады алы къуымтӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы «бирӕ ӕрыгон рӕсугъд чызджыты» ’хсӕн. Се ’взаг, се ’гъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ зондахаст кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Чызджыты бакодтой паддзахы лӕггадгӕнӕг Гегайы бар, цӕмӕй сӕм афӕдзы дӕргъы зылдаиккой ӕмӕ сӕ хӕрздӕф сойтӕй сӕрстаиккой (Есф. 2:8, 12). Ахӕм уавӕрты цӕргӕйӕ уыцы чызджыты, ӕвӕццӕгӕн, рӕсугъддзинады йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал ӕндӕвта. Стӕй-иу сӕхицӕй куыннӕ схъал уыдаиккой ӕмӕ дзы алчидӕр куыннӕ архайдтаид, иннӕтӕй рӕсугъддӕр кӕй у, уый равдисыныл. Цымӕ уыцы зондахаст Есфирыл нӕ бандӕвта?

11 Зӕххыл Есфирыл Мардохейӕ тынгдӕр ничи мӕт кодта. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Мардохей алы бон дӕр цыд, сылгоймӕгты хӕдзары раз цы кӕрт уыд, уырдӕм, Есфир куыд у, уый базонынмӕ (Есф. 2:11). Ӕвӕццӕгӕн-иу ын уым лӕггадгӕнджытӕ гыццыл цыдӕртӕ радзырдтой. Ӕмӕ-иу цы базыдта, уымӕй-иу йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ-иу Есфирӕй ныббуц. Цымӕ цӕмӕн?

12, 13. а) Есфирмӕ адӕм цы цӕстӕй кастысты? ӕ) Есфир дзуттаг кӕй уыд, уый кӕй не схъӕр кодта, уый Мардохейӕн ӕхсызгон цӕмӕн уыдаид?

12 Есфир Гегайы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕм уӕлдай хорз цӕстӕй ракаст. Радта йын авд лӕггадгӕнӕг-чызджы ӕмӕ йӕ, сылгоймӕгты хӕдзары ӕппӕты хуыздӕр бынат кӕм уыд, уырдӕм ракодта. Библийы кӕсӕм: «Есфиры та-иу чидӕриддӕр федта, уыдонӕн-иу сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд» (Есф. 2:9, 15). Цымӕ, рӕсугъд кӕй уыд, ӕрмӕст уый тыххӕй цыд алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр? Ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ.

Есфир зыдта, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад рӕсугъддзинадӕй ахсджиагдӕр кӕй сты

13 Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Есфир йӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ йӕ хиуӕтты тыххӕй никӕмӕн ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йӕ Мардохей бафӕдзӕхста, мацы-иу зӕгъ, зӕгъгӕ» (Есф. 2:10). Мардохей йын загъта, цӕмӕй, дзуттаг кӕй у, уый ма схъӕр кодтаид, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, паддзахы галуаны бирӕтӕ дзуттӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кастысты. Ӕмӕ йын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, Есфир раздӕрау ӕмбаргӕ ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыди, кӕд Мардохей йӕ разы нӕ уыд, уӕддӕр!

14. Абон ӕрыгӕттӕн куыд у сӕ бон Есфиры бафӕзмын?

14 Абон дӕр ӕрыгӕттӕн сӕ бон у сӕ ныййарджыты ӕмӕ сӕ хъомылгӕнджыты зӕрдӕ рухс кӕнын. Сӕ ныййарджытӕ сӕ разы куы нӕ уой ӕмӕ цыфӕнды рогзонд, ӕнӕгъдау ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн куы уой, уӕд дӕр сӕ бон у, ӕмӕ ӕвзӕр зондыл ма ацӕуой ӕмӕ фидар хӕцой, Библийӕ сӕ цӕуыл сахуыр кодтой, ууыл. Афтӕмӕй уыдон дӕр Есфирау сӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕндзысты. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

15, 16. а) Паддзах Есфиры цӕй тыххӕй бауарзта? ӕ) Есфирӕн йӕ ног уавӕрты ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид?

15 Есфиры рад куы ’рхӕццӕ, цӕмӕй паддзахмӕ бацыдаид, уӕд ын загътой, цӕмӕй йӕхицӕн равзӕрстаид алыхуызон аивгӕнӕнтӕ. Фӕлӕ уыцы бонзонгӕ чызг, Гегай йын цы загъта, уый йеддӕмӕ ницы ракуырдта (Есф. 2:15). Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, паддзахы зӕрдӕ ӕрмӕст йӕ рӕсугъддзинадӕй кӕй не ссардзӕн. Паддзахы галуаны рӕсугъдтӕ бирӕ уыд, фӕлӕ дзы сӕ фылдӕрмӕ бонзонгӕдзинадӕн ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадӕн сӕ кой дӕр нӕ уыд. Цымӕ Есфир раст хъуыды кодта?

16 «Паддзах Есфиры бауарзта иннӕ сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр, иннӕ ӕнӕвнӕлд чызджытӕй уый хуызӕн ничи фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дзы ахӕм ӕнувыд уарзтӕй ӕндӕр никӕй бауарзта. Гъемӕ йын йӕ сӕрыл ус-паддзахы худ ӕркодта, ӕмӕ Есфир Ваштийы бӕсты паддзахы ус сси»,– кӕсӕм Библийы (Есф. 2:17). Уыцы сӕрныллӕг дзуттаг чызг ныр хъуамӕ сахуыр уыдаид йӕ ног уавӕртыл, ӕмӕ йын ӕнцон кӕцӕй уыдаид. Есфир сси уӕды рӕстӕджы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахы бинойнаг! Мыййаг, йӕхицӕй ныббуц, уыцы кад ын йӕ сӕр разилын кодта? Ӕппындӕр нӕ!

17. а) Есфир Мардохейы коммӕ кӕй каст, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? ӕ) Абон нын Есфиры цӕвиттон стыр ӕххуыс куыд фӕуыдзӕн?

17 Кӕд Есфир паддзахы ус сси, уӕддӕр, хи хъӕбулау ӕй чи схаста, уый коммӕ каст. Уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? Зӕгъӕм, дзуттаг кӕй уыд, уый не схъӕр кодта. Иннӕ хабар та уыд ахӕм. Иу бон Мардохей базыдта, паддзах Ахашверошы марынвӕнд кӕй скодтой, ӕмӕ йӕ Есфирӕн загъта. Есфир та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн радзырдта, ӕмӕ уыцы змӕнтджыты амардтой (Есф. 2:20–23). Есфир афтӕ сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй ӕвдыста, йӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд. Абон нын йӕ цӕвиттон стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ коммӕгӕсдзинад афтӕ кадджын нал у. Ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд уай, уый та бирӕтӕм раст кӕсы. Фӕлӕ Хуыцау ӕцӕгӕй кӕй уырны, уыдон Есфирау коммӕгӕсдзинадӕн стыр аргъ кӕнынц.

Есфиры уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд

18. а) Мардохей-иу Аманы раз йӕ зонгуытыл цӕуылнӕ ӕрхауд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Абон фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон Мардохейы уырнындзинад куыд бафӕзмынц?

18 Ахашверошы галуаны уыди иу адӕймаг, Аман, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ паддзах тынг сбӕрзонд кодта. Сӕвӕрдта йӕ йӕ сӕйраг уынаффӕгӕнӕгӕй ӕмӕ Персы паддзахады дыккаг лӕгӕй. Паддзах ма бардзырд дӕр радта, цӕмӕй-иу Аманы чи федтаид, уый-иу йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудаид (Есф. 3:1–4). Фӕлӕ Мардохейӕн йӕ бон нӕ уыд ацы закъон ӕххӕст кӕнын. Мардохей ӕмбӕрста, паддзахы коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ ацы закъонмӕ гӕсгӕ куы архайдтаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Хуыцауы ницӕмӕ дары. Аман уыд агагаг, ӕвӕццӕгӕн, уыди амаликаг паддзах Агагы байзӕддаг. Уыцы паддзахы амардта Хуыцауы пехуымпар Самуил (1 Сам. 15:33). Амаликӕгтӕ афтӕ ӕнаккаг уыдысты, ӕмӕ систы Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Израилы знӕгтӕ, ӕмӕ сын Хуыцау тӕрхон рахаста * (Дык. з. 25:19). Ӕмӕ уӕд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг амаликаджы раз йӕ зонгуытыл куыд хъуамӕ ӕрлӕууыдаид? Мардохейӕн нӕ уыд йӕ бон афтӕ бакӕнын. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы ничи басастаид. Нӕ рӕстӕджы дӕр, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон сӕ зӕрдыл дарынц ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ сӕ сӕрты ахизыны бӕсты мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ вӕййынц (Хъуыд. 5:29).

19. Аман цы сфӕнд кодта ӕмӕ паддзахы йӕ ныхӕстыл куыд баууӕндын кодта?

19 Аман мӕстӕй фӕйнӕрдӕм тыдта. Фӕлӕ йӕм ӕрмӕст Мардохейы амарын фаг нӕ фӕкаст. Аман сфӕнд кодта дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдын! Гъемӕ паддзахмӕ бацыд ӕмӕ дзуттӕгтыл цъыф фӕкалдта. Кӕцы адӕм уыдысты, уый кой не скодта, фӕлӕ сӕ цытӕ фӕдзырдта, уымӕй афтӕ рауад, ӕмӕ ницы пайда сты. Загъта йын, зӕгъгӕ, дам, «дӕ дӕлбар бӕстӕты алы рӕтты цӕрынц ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ иумӕйагӕй ницы ис». Стырдӕр бӕллӕх та уый уыд, ӕмӕ сыл ӕрымысыд, паддзахы закъӕттӕ, дам, не ’ххӕст кӕнынц. Ома, дам, дӕ паддзахадӕн тӕссаг адӕм сты. Аман паддзахӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕгас паддзахады дӕр дзуттӕгты куы ныццӕгъдой, уӕд ын йӕ хӕзнадонмӕ бирӕ ӕхца кӕй бахӕсдзӕн *. Ахашверош дӕр ын йӕ ныхӕстыл баууӕндыд, ӕмӕ йыл мыхуыримӕ цы къухдарӕн уыд, уый йӕм радта, цӕмӕй цыфӕнды бардзырдыл дӕр мыхуыр сӕвӕрдтаид (Есф. 3:5–10).

20, 21. а) Ӕгас Персы паддзахады цӕрӕг дзуттӕгтӕ Аманы бардзырд куы фехъуыстой, уӕд куыд фесты? ӕ) Мардохей Есфирмӕ цавӕр ныхас арвыста?

20 Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хабархӕсджытӕ сӕ бӕхтыл размӕ тындзыдтой ӕмӕ Персы стыр паддзахады алы къуымты хъусын кодтой, дзуттӕгтӕн мӕлӕты тӕрхон хаст кӕй ӕрцыд, уыцы бардзырд. Хабар Иерусалиммӕ куы фӕхӕццӕ, уӕд, Вавилоны уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаиккой. Уыцы рӕстӕг уыдон архайдтой горӕт фӕстӕмӕ саразыныл. Йӕ алыварс къул дӕр нӕма уыд, ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ бахъахъхъӕдтаиккой. Мардохей уыцы сау хабар куы фехъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта уыцы адӕмыл, стӕй йын Сузӕйы цы ӕмбӕлттӕ, зонгӕтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ уыди, уыдоныл. Мардохей йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта, йӕ сӕрыл фӕнык ӕркалдта, ӕмӕ горӕты астӕумӕ рацыд ӕмӕ хъӕрӕй куыдта. Аман та паддзахимӕ нуазыныл ӕрбадт. Сузӕйы дзуттӕгты ӕмӕ се ’мбӕлтты бӕллӕхы хай кӕй бакодта, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыди. (Бакӕс Есфир 3:12–4:1.)

21 Мардохей ӕмбӕрста, ӕнцад бадӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ йӕ бон цы уыд саразын? Есфир ын йӕ хабар куы фехъуыста, уӕд ын дарӕс арвыста, фӕлӕ йӕ Мардохей нӕ бакуымдта. Чи зоны, рагӕй хъуыды кодта, йӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йын йӕ зынаргъ Есфиры акодтаиккой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕг паддзахы ус суыдаид. Фӕлӕ йӕ цыма ныр ӕмбарын райдыдта. Ӕмӕ Есфирмӕ ныхас арвыста, паддзахмӕ бацу ӕмӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй ныллӕгъстӕ кӕн, фервӕзын сӕ кӕн, зӕгъгӕ (Есф. 4:4–8).

22. Есфир йӕ сӕрыхицаумӕ бацӕуын цӕмӕн тарст? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

22 Есфир уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ зӕрдӕ куыннӕ бауазал уыдаид. Йӕ уырнындзинадӕн уымӕй стырдӕр фӕлварӕн никуыма уыд. Есфир тарст паддзахмӕ бацӕуын, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн дӕр загъта. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта паддзахы закъон: паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ чи бацӕуа, уымӕн рахӕсдзысты мӕлӕты тӕрхон. Ӕрмӕст ӕм кӕд паддзах йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй бацамона, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн. Фӕлӕ Есфиры исты ныфс уыди, уыцы уавӕры Ахашверош афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уымӕй? Зӕгъӕм, Вашти йӕ размӕ рацӕуыныл кӕй не сразы, уый йын куы нӕ ныххатыр кодта. Есфир Мардохейӕн загъта, паддзах ӕм ныр 30 боны кӕй нӕ фӕдзырдта! Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ мыл, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ сивта * (Есф. 4:9–11).

23. а) Мардохей Есфирӕн цы загъта, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад бафидар кодтаид? ӕ) Мардохей нын фӕзминаг цӕмӕн у?

23 Мардохей Есфирӕн фидар дзуапп радта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ уырнындзинад бафидар кодта. Загъта йын, уый куы ницы бакӕна, уӕддӕр дзуттӕгты ӕндӕр исчи кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕм куыд кӕсы, дзуттӕгты куы цӕгъдой, уӕд уый фервӕздзӕн? Мардохей равдыста диссаджы уырнындзинад. Фидарӕй йӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы ныццӕгъдын кӕй никуы бауадздзӕн ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй иу дӕр ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн (Йес. Н. 23:14). Фӕстагмӕ Мардохей Есфирӕн загъта: «Стӕй йын чи цы зоны, уӕдта ма паддзахы ус дӕр ацы зын сахаты тыххӕй сдӕ» (Есф. 4:12–14). Куыд хъуыды кӕныс, Мардохей нын фӕзминаг нӕу? Уый йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл. Мах та? (Ӕмб. 3:5, 6).

Йӕ уырнындзинад уыд мӕлӕтӕй тыхджындӕр

24. Есфир уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

24 Есфиры хъуыди ахсджиаг хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын. Мардохеймӕ арвыста ныхас, цӕмӕй иннӕ дзуттӕгтӕ дӕр йемӕ ӕртӕ боны ком дардтаиккой. Фӕстагмӕ йын загъта: «Ӕмӕ мӕ кӕд марой, уӕд мӕ амарӕнт». Ацы хуымӕтӕг ныхӕстӕ абон дӕр бирӕтӕ зонынц ӕмӕ дзурӕг сты йӕ фидар уырнындзинадыл ӕмӕ хъӕбатырдзинадыл (Есф. 4:15–17). Уыцы ӕртӕ боны дӕргъы Есфир куыд зӕрдиагӕй куывта, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы. Ӕппынфӕстаг архайын райдыдта. Йӕ уӕлӕ скодта йӕ хуыздӕр уӕлӕдарӕс, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыдаид, ӕмӕ йӕм ацыд.

Есфир Хуыцауы адӕмы тыххӕй йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыд

25. Радзур, Есфир йӕ сӕрыхицаумӕ куыд ӕрбацыд, уый тыххӕй.

25 Ацы сӕры райдианы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Есфир ацыд паддзахы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ. Хӕрзаг, тыхсти ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта. Есфир бахызт галуаны кӕртмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй йӕ бон уыд Ахашверошы фенын. Ӕвӕццӕгӕн ын Есфир йӕ цӕсгоммӕ ӕдзынӕг каст – фӕндыди йӕ бамбарын, цы цӕстӕй йӕм ракӕсдзӕн, уый. Ӕмӕ ма йӕ кӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр бахъуыд, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ныддаргъ. Фӕлӕ йӕ уӕдмӕ йӕ сӕрыхицау ауыдта. Есфиры фенгӕйӕ паддзах куыннӕ бадис кодтаид, фӕлӕ йӕ цӕстӕнгас фӕфӕлмӕн. Ӕмӕ диссаг: йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй йӕм ацамыдта! (Есф. 5:1, 2).

26. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Есфирау хъӕбатыр цӕмӕн хъуамӕ уой?

26 Есфиры фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Паддзах ӕм цӕттӕ уыд байхъусынмӕ. Ацы сылгоймаг йӕ Хуыцауыл уыд иузӕрдион ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй цӕттӕ уыд мӕлӕтмӕ дӕр. Уымӕй диссаджы цӕвиттон ныууагъта Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн суанг абоны онг дӕр. Ӕцӕг чырыстӕттӕ аргъ кӕнынц, Библийы ахӕм адӕмы тыххӕй фыст кӕй ис, уымӕн. Йесо загъта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ удуӕлдай уарзтӕй кӕй хицӕн кӕндзысты. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисай, уый тыххӕй та арӕх бахъӕуы Есфирау хъӕбатырӕй архайын. Фӕлӕ кӕд Есфир уыцы бон Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд, уӕддӕр хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн – нырма йӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыд саразын. Куыд баууӕндын кӕндзӕн паддзахы, йӕ хуыздӕр уынаффӕгӕнӕг Аман фыдлӕг ӕмӕ хинӕйдзаг кӕй у? Йӕ адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн? Уыдӕттыл ныхас цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 2 абз. Бирӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Ахашверош у Ксеркс Фыццаг. Уый Персы паддзах уыди н. э. размӕ 5 ӕнусы райдианы.

^ 9 абз. Кӕс рамкӕ «Есфиры тыххӕй фарстатӕ» 16 сӕры.

^ 18 абз. Амаликӕгтӕй ма «чи баззад», уыдон паддзах Езекийы рӕстӕг куынӕггонд ӕрцыдысты. Ӕмӕ Аман, ӕвӕццӕгӕн, уыд, цы иугӕйттӕ ма сӕ баззад, уыдонӕй (1 Аз. 4:43).

^ 19 абз. Аман ын зӕрдӕ бавӕрдта 10 мин таланты ӕвзистӕй, абоны ӕхцатӕй сты цалдӕр сӕдӕ милуан доллӕры. Кӕд Ахашверош ӕцӕгдӕр Ксеркс Фыццаг уыди, уӕд ын Аман ӕхцайы койӕ йӕ зӕрдӕ бӕгуыдӕр балхӕдтаид. Ксеркс рагӕй фӕнд кодта грекъӕгтимӕ схӕцын, фӕлӕ йӕ уыцы хӕстӕн хъуыди бирӕ ӕхца (ӕппынфӕстаг уыцы хӕсты грекъӕгтӕ фӕуӕлахиз сты).

^ 22 абз. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Ксеркс Фыццаг уыд ӕгъатыр адӕймаг, стӕй иу зондыл хӕст нӕ уыд. Грекъаг историк Геродот ныффыста, Ксеркс Грециимӕ куы хӕцыд, уӕд цытӕ арӕзта, уый тыххӕй. Ксеркс бардзырд радта, цӕмӕй Геллеспонты донкъубалы (проливы) сӕрты наутӕй хид скодтаиккой. Ӕмӕ уыцы хид тыхдымгӕ куы ныппырх кодта, уӕд йӕ аразджытӕн сӕ сӕртӕ акъуырын кодта, Геллеспонты донкъубал та йӕ адӕмӕн «бафхӕрын кодта» – дон рӕхыстӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ хъӕрӕй ӕлгъыстой. Уыцы хӕсты рӕстӕг ӕм иу хъӕздыг лӕг бацыд йӕ фырты тыххӕй, цӕмӕй йын ӕй ӕфсадӕй ссӕрибар кодтаид. Фӕлӕ Ксеркс лӕппуйы дыууӕ афадын кодта, ӕмӕ йын йӕ мард афтӕ сӕвӕрдтой, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр уыдтаиккой ӕмӕ тарстаиккой.