Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сионисттӕ сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сионисттӕ сты?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сионисттӕ не сты. Уыдон сты чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕууӕндынц, Фыстады цы фыст ис, ууыл. Иуӕй-иу динтӕ афтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Фыстады пехуымпарӕдтӕ хауынц Палестинӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Уыдоны нӕ уырны, Фыстады пехуымпарӕдтӕ дзуттӕгты политикон хабӕрттӕм кӕй хауынц. Фыстадмӕ гӕсгӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй уӕлдӕр нӕу, стӕй цавӕрдӕр бӕстӕйы хицауады сӕрыл дӕр нӕ дзуры. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты журналы, фыст уыди: «Фыстадмӕ гӕсгӕ сионизм раст нӕу».

 Бритайнаг Энциклопедийы (Encyclopædia Britannica) сионизмы тыххӕй фыст ис: «Сионисттӕ сты дзуттаг националисттӕ ӕмӕ сӕ нысан у, цӕмӕй Палестинӕйы скӕной дзуттӕгты националон штат». Фӕнды сӕ, цӕмӕй адӕм сӕ диныл ӕмӕ политикӕйыл хӕст уой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ сионизм Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, стӕй сын сионистты политикӕимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис.

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл дӕр сты Хуыцауӕн кувӕг адӕм ӕмӕ политикӕйы, сионизм уа ӕви ӕндӕр исты, ӕппындӕр нӕ архайынц. Архивтӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйӕ сӕхи дард кӕй хызтой ӕмӕ ма иуӕй-иу бӕстӕты Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд дӕр баййӕфтой. Мах фидарӕй уырны, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы уӕларвон Паддзахад кӕй ӕрхӕсдзӕн зӕхмӕ фарн; уый иу адӕймагӕн кӕнӕ хицауадӕн дӕр йӕ бон нӕу бакӕнын.

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразынц, уымӕ гӕсгӕ, кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрой, алкӕмдӕр хицауады коммӕ кӕсынц. Уыдон хицӕутты ныхмӕ нӕ фӕцӕуынц ӕмӕ алыхуызон змӕстыты нӕ фӕархайынц.