Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бинонты цард халынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бинонты цард халынц?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, цӕмӕй нӕ бинонтӕ уой ӕнгом ӕмӕ уыцы хъуыддаджы феххуыс кӕнӕм иннӕтӕн дӕр. Мах бинонты царды бындурӕвӕрӕгыл нымайӕм Хуыцауы (Райдиан 2:21–24; Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Хуыцау Библийы уылты цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон ӕгас дунейы дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ бинонтӕ уой ӕнгом ӕмӕ амондджын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы аразынц, цӕмӕй сӕ бинонтӕ ӕнгом уой?

 Мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы не ’ппӕт дӕр,– лӕгтӕ дӕр, устытӕ дӕр ӕмӕ ныййарджытӕ дӕр,– нӕ бинонты ’хсӕн ныл цы хӕстӕ ис, уыдон хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 31:10–31; Ефесӕгтӕм 5:22–6:4; 1 Тимофеймӕ 5:8). Библийы уынаффӕты фӕрцы суанг, иу диныл хӕст чи нӕу, ахӕм бинонтӕ дӕр вӕййынц амондджын (1 Петры 3:1, 2). Ӕркӕсӕм-ма, иуӕй-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’нӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕ цы дзурынц:

  •   «Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд фыццаг ӕхсӕз азы ӕдзух кодтам хыл ӕмӕ кӕрӕдзимӕ мӕсты кодтам. Фӕлӕ Ивети Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд сси бирӕ фӕлмӕндӕр ӕмӕ фӕразондӕр. Афтӕ кӕй аивта, уый фӕрцы нӕ бинонты цард нӕ фехӕлд» (Клауир, Бразили).

  •   «Мӕ сӕрыхицау Чансӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ бинонты цард халынц. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, Библийы фӕрцы нӕ бинонтӕ ӕнгомдӕр кӕй систы» (Агнесс, Замби).

 Адӕмӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд сын равдисӕм Библийы уагӕвӕрдтӕ сын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй

Адӕймаг ӕндӕр дин куы райсы, уӕд уый йӕ бинонты цардыл куыд фӕзыны?

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаг кӕмӕндӕрты сӕ бинонты цардыл хуыздӕрырдӕм нӕ фӕзыны. Зӕгъӕм, 1998 азы иу компанийы социологтӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, дам, алы 20 къайӕ (дзырд цӕуы, сӕ иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕм у, ахӕм къайтыл) ӕрмӕстдӕр иуы фӕзынд зындзинӕдтӕ, ус кӕнӕ лӕг йӕ дин кӕй аивта, уый тыххӕй.

 Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн хатт сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты (Матфейы 10:32–36). Историк Вил Дюрант ныффыста, Ромы паддзахады «чырыстӕтты [кӕй] аххосджын кодтой, бинонты цард халынц, зӕгъгӕ» a. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уыцы хъуыддаджы аххосджын кӕнынц. Фӕлӕ цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон

 Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цы хъуыддаджы аххосджын кодтой (зӕгъгӕ, бинонты цард халынц), уый куы ӕвзӕрста, уӕд цы уынаффӕ рахаста, уым фыст уыд, быцӕуты аххосаг арӕх кӕй вӕййы, «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи у, уымӕн йӕ бинонтӕ разы [кӕй] нӕ вӕййынц, сӕ уырнӕг хионӕн бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ кӕна». Йӕ уынаффӕйы ма ноджыдӕр фыст уыд: «Иу диныл хӕст чи нӕ вӕййы, ахӕм бинонты ’хсӕн вӕййы быцӕутӕ, ӕмӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы вӕййы, уӕд уым дӕр хабар афтӕ рауайы» b. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр фӕархайынц Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. [...] Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ромӕгтӕм 12:17, 18).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, иу диныл хӕст кӕимӕ сты, сӕ цард ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ хъуамӕ баиу кӕной?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард баиу кӕнынц, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ома иу диныл хӕст кӕимӕ сты, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Ӕмӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын зондыл дзурӕг у. Зӕгъӕм, 2010 азы иу журналы (Journal of Marriage and Family) фыст уыд, зӕгъгӕ, «лӕг ӕмӕ ус иу диныл хӕст куы вӕййынц ӕмӕ уыцы-иу ӕгъдӕуттӕ куы феххӕст кӕнынц», уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр фембарынц c.

 Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕй ӕнӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕ кӕмӕн ис, уыдоны нӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕ ахицӕн уой. Библийы фыст ис: «Кӕд ӕфсымӕрӕн йӕ ус ӕнӕуырнӕг у, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ усы ма ныууадзӕд. Ӕмӕ кӕд сылгоймагӕн дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг ис, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ лӕджы ма ныууадзӕд» (1 Коринфӕгтӕм 7:12, 13). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.

a Кӕс: Дюрант В. «Цезарь и Христос», 1995 аз, 696 фарс.

b Кӕс Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл: «Религиозная община Свидетелей Иеговы в г. Москве и другие против Российской Федерации», 26 фарс, 111 пункт.

c Кӕс: «Journal of Marriage and Family», 72 том, № 4 (2010 аз, август), 963 фарс.