Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ креационизмыл ӕууӕндынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ креационизмыл ӕууӕндынц?

 Нӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ креационизмыл не ’ууӕндӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ креационисттӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ Библимӕ гӕсгӕ раст не сты. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

  1.   Ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны цас рӕстӕг ахастой. Иуӕй-иу креационисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны уыдысты, 24 сахаты кӕм ис, ахӕм бонтӕ. Фӕлӕ Библийы дзырд «бон» фӕамоны тынг бирӕ рӕстӕг дӕр (Райдиан 2:4; Псалом 90:4).

  2.   Зӕххыл цас цӕуы. Иуӕй-иу креационисттӕ дзурынц, зӕххыл цалдӕр мин азы йеддӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ зӕхх дӕр ӕмӕ Дун-дуне дӕр уыдысты ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны размӕ дӕр (Райдиан 1:1). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ разы сты, бирӕ ахуыргӕндтӕ уый фӕдыл цы дзурынц, уыимӕ – зӕххыл цӕуы миллиардгай азтӕ.

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ наукӕйы ныхмӕ сты. Мах уырны, ӕцӕг наукӕ Библийы ныхмӕ кӕй нӕу.