Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хабӕрттӕ уацамындӕй

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц Хуыцауы Ныхасӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕныныл. Базон, хъусынгӕнгӕйӕ сыл цавӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд.

Рынчындӕтты кусджытӕн нӕ статьятӕ стыр ӕххуыс фесты

Иу рынчындоны медицинон хотӕн ӕмӕ иннӕ кусджытӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг тынг мауал тыхстаиккой?

Печенитӕ терьертӕн

Иу лӕг ӕмӕ ус хъусын кодтой стендимӕ. Уыдон иу нӕлгоймагмӕ уыдысты хӕларзӕрдӕ, ӕмӕ-иу ын йӕ куыйтыл дӕр бацин кодтой. Уый хорзӕй цӕмӕ ӕркодта?

Донивылд хорз хабар ӕрласта

Тынг уарыны фӕстӕ Никарагуайы хъӕутӕн баххуыс кодтой, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй нӕ уыдысты, уыдон.

Хуыцау куырм сылгоймаджы куывд фехъуыста

Минцзе куывта, цӕмӕй ӕцӕг чырыстӕтты ссардтаид. Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъуыста, уый куыд бамбӕрста?

Сауджын йӕ фарстатӕн дзуапп базыдта

Сауджынӕн йӕ фырт амард, ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ сӕ бонтӕ кӕугӕйӕ ӕрвыстой. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр, мӕлӕты тыххӕй сӕм цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн дзуаппытӕ базыдтой.

Балц цӕугӕдон Маронийыл

Ӕртындӕс Йегъовӕйы Ӕвдисӕны араст сты Амазонийы тропикон хъӕдтӕм Хуссар Америкӕйы бынӕттон цӕрджытӕн Библийӕ ныфсы хабар хъусын кӕнынмӕ.

Баххуыс кӕнынмӕ нӕ фӕзивӕг кодтой

Фондз ӕрыгон лӕппу ӕмӕ чызджы уазал тымыгъ бон ӕнӕзонгӕ нӕлгоймагӕн цӕмӕн баххуыс кодтой?

«Мӕ бон цы у, уый аразын»

Кӕд Ирмӕйыл 90 азы бӕрц цӕуы, уӕддӕр хорз хабар писмоты фӕрцы хъусын кӕны. Ӕмӕ йӕ писмотӕ бирӕты зӕрдӕтӕ бацагайынц.

Иу хорз хъуыддаг

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи уыд, ахӕм адӕймагӕн иу хорз хъуыддаг куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ Библийӕ фылдӕр базонын бафӕндыдаид?

Хульдӕйӕн йӕ нысан йӕ къухы бафтыд

Хульдӕйы хъуыди планшет уацамындӕн ӕмӕ чырыстон ӕмбырдтӕн. Йӕ бон ӕй куыд баци самал кӕнын?

Дӕ бон у, ӕмӕ адӕймагӕн ӕрмӕст йӕ уындмӕ ма кӕсай?

Иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, адӕм хӕстӕг бацӕуын дӕр кӕмӕ нӕ уӕндыдысты, ахӕм ӕнӕхӕдзар адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй куы аныхас кодта, уӕд цы ’рцыд?