Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йесо Чырысти цӕмӕн амард?

Йесо Чырысти цӕмӕн амард?

Дзуапп Библийӕ

 Йесо Чырысти амард, цӕмӕй адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдаиккой (Ромӕгтӕм 6:23; Ефесӕгтӕм 1:7). Йесойы мӕлӕты фӕрцы ма сбӕлвырд, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у суанг цыфӕнды уӕззау фӕлварӕны дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын (Дзуттӕгтӕм 4:15).

 Ӕркӕсӕм, иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы ӕппӕт уыдӕттӕн гӕнӕн куыд уыд, уымӕ.

  1.   Йесо амард, цӕмӕй «нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой» (Колоссӕгтӕм 1:14).

     Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, сфӕлдыста алцӕмӕй ӕххӕст адӕймагӕй, тӕригъӕд ӕм ницы бар дардта. Фӕлӕ уый Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт. Адам Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, кӕнӕ тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тынг фӕзынд йӕ байзӕддӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр. Библийы фыст ис: «Иу адӕймаг ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ... систы» (Ромӕгтӕм 5:19).

     Йесо дӕр уыди алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ уый тӕригъӕд никуы ракодта. Уымӕ гӕсгӕ уыд гӕнӕн, цӕмӕй уый суыдаид «фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 2:2). Адамы ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй тӕригъӕд адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр йӕ чъизи фӕд ныууагъта, Йесойы мӕлӕты фӕрцы та, чи йыл ӕууӕнды, уыдон иууылдӕр тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг сты.

     Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Адам адӕмы тӕригъӕдӕн ауӕй кодта. Йесо та мах тыххӕй йӕ цард радта, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй тӕригъӕдӕй балхӕдта. Уый фӕрцы, «кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд... нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг – рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти» (1 Иоанны 2:1).

  2.   Йесо амард, «цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

     Адам хъуамӕ ӕнустӕм цардаид, фӕлӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй баййӕфта ӕфхӕрд – мӕлӕт. Адамы аххосӕй «дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12).

     Йесойы мӕлӕты фӕрцы та, чи йыл ӕууӕнды, уыдон иууылдӕр ӕрмӕст тӕригъӕдӕй не ссыгъдӕг сты, фӕлӕ ма мӕлӕты тӕрхонӕй дӕр ссӕрибар сты. Библи уый афтӕ ӕмбарын кӕны: «Цӕмӕй, тӕригъӕд мӕлӕтимӕ иумӕ куыд уыд паддзах, афтӕ Хуыцауы стыр хорзӕх дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы паддзах уа ӕмӕ цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой» (Ромӕгтӕм 5:21).

     Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма адӕм ӕнустӕм нӕ цӕрынц. Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, рӕстӕй чи цӕры, уыцы адӕмӕн ӕнусон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн ӕмӕ ма мӕрдты дӕр кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй уыдонӕн дӕр Йесойы мӕлӕт пайда ӕрхӕсса (Псалом 37:29; 1 Коринфӕгтӕм 15:22).

  3.   Йесо сси «коммӕгӕс мӕлӕты онг дӕр», ӕмӕ уымӕй сбӕлвырд, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у цыфӕнды фӕлварӕны ӕмӕ цыфӕнды зын уавӕры дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын (Филиппӕгтӕм 2:8).

     Кӕд Адам зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт, уымӕн ӕмӕ бабӕллыд, йӕхи цы нӕ уыд, уымӕ (Райдиан 2:16, 17; 3:6). Фӕстӕдӕр Хуыцауы сӕйраг знаг Хӕйрӕг цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, уыдонӕй йӕ афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, дам, иу адӕймаг дӕр, пайда йын куы нӕ уа, уӕд Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсдзӕн, уӕлдайдӕр та йӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд (Иов 2:4). Фӕлӕ ӕххӕст адӕймаг Йесо Хуыцауы коммӕ каст ӕмӕ йыл суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй баззад, кӕд хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста ӕмӕ йӕ ӕгады мард акодтой, уӕддӕр (Дзуттӕгтӕм 7:26). Уымӕй кӕронмӕ сбӕлвырд иу хъуыддаг: цыфӕнды фӕлварӕны ӕмӕ цыфӕнды зын уавӕры дӕр адӕймагӕн йӕ бон у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын.

 Фарстатӕ Йесо Чырыстийы мӕлӕты тыххӕй

  •   Адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕныны тыххӕй Йесойы хъизӕмӕрттӕ бавзарын ӕмӕ амӕлын цӕмӕн хъуыди? Ӕнӕ уымӕй Хуыцауӕн йӕ бон нӕ уыд адӕмы мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар кӕнын?

     Хуыцауы закъоны фыст ис, зӕгъгӕ, «тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ромӕгтӕм 6:23). Хуыцау уыцы закъон Адамӕй нӕ басусӕг кодта, фӕлӕ йын загъта, йӕ ныхасы сӕрты куы ахиза, уӕд кӕй амӕлдзӕн (Райдиан 3:3). Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау» йӕ ныхас сӕххӕст кодта (Титмӕ 1:2). Гъемӕ Адамӕй йӕ байзӕддӕгтӕ сӕ туджы ӕрмӕст тӕригъӕд нӕ рахастой, фӕлӕ ма, тӕригъӕд цӕмӕй фиды, уый дӕр – мӕлӕт.

     Кӕд тӕригъӕдджын адӕм мӕлӕты аккаг сты, уӕддӕр сӕм Хуыцау йӕ ӕнӕкӕрон «стыр хорзӕх» равдыста (Ефесӕгтӕм 1:7). Адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕныны тыххӕй ӕххӕст адӕймаг Йесойы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, куыд рӕстӕй архайы ӕмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уый.

  •   Йесо кӕд амард?

     Йесо амард «фарӕстӕм сахатыл» хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома, дзуттӕгты Куадзӕн куы уыд, уыцы бон 3 сахатмӕ ’ввахс (Марчы 15:33–37, фиппаинаг). Нырыккон къӕлиндартӕм гӕсгӕ уый уыд н. э. 33 азы 1 апрелы, майрӕмбоны.

  •   Йесо кӕм амард?

     Йесойы амардтой, «Сӕрыкӕхц кӕй хонынц, уыцы бынаты, дзуттагау та – Голгофӕ» (Иоанны 19:17, 18). Йесойы рӕстӕг уыцы бынат уыд «горӕты кулдуары ӕдде», ома Иерусалимы кулдуары ӕдде (Дзуттӕгтӕм 13:12). Ӕвӕццӕгӕн, уыд къуыбырыл, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕ «дӕрддзӕф» лӕууыдысты ӕмӕ уырдыгӕй кастысты, Йесойы хъӕдыл куыд ӕрцауыгътой, уымӕ (Марчы 15:40). Фӕлӕ ныр зын зӕгъӕн у, Голгофӕ бӕлвырдӕй кӕм уыд, уый.

  •   Йесо куыд амард?

     Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йесойы крестыл байтыгътой, фӕлӕ Библийы фыст ис: «Хуыцау райгас кодта, хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ [кӕй] амардтат, уыцы Йесойы» (Хъуыддӕгтӕ 5:30, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Йесойы цӕуыл ӕрцауыгътой, уый кой кӕнгӕйӕ Библийы фысджытӕ спайда кодтой дыууӕ грекъаг дзырдӕй – стауро́с ӕмӕ кси́лон. Бирӕ ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, уыцы дзырдтӕ амонынц иу цӕджындз кӕнӕ иу ӕмраст хъӕд.

  •   Йесойы мӕлӕт-иу куыд хъуамӕ ӕрымысӕм?

     Дзуттӕгтӕ Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уыцы изӕр Йесо бындур ӕрӕвӕрдта хуымӕтӕг ӕгъдауӕн ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (1 Коринфӕгтӕм 11:24). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесойы амардтой.

     Библийы фысджытӕ Йесойы абарстой, Куадзӕны-иу нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы уӕрыккимӕ (1 Коринфӕгтӕм 5:7). Куадзӕн израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, цагъарадӕй кӕй ссӕрибар сты, уый. Афтӕ Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар сты, уый. Куадзӕн-иу кодтой 14 нисаны (Мӕйы къӕлиндармӕ гӕсгӕ), ӕмӕ йӕ кодтой алы аз дӕр. Афтӕ фыццаг чырыстӕттӕ дӕр Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кодтой алы аз дӕр, афӕдз иу хатт.

     14 нисан цы бонмӕ ӕрхауы, уыцы бон алы аз дӕр ӕгас зӕххыл милуангай адӕм фӕбӕрӕг кӕнынц Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр.