Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ мӕхицӕн дӕр аргъ кӕнын сахуыр дӕн

Сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ мӕхицӕн дӕр аргъ кӕнын сахуыр дӕн
  • РАЙГУЫРД: 1960 АЗ

  • БӔСТӔ: ФРАНЦИ

  • РАЗДӔР: УЫД НАРКОМАН, СЫЛГОЙМӔГТӔН НӔ АРГЪ КОДТА

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн Францийы цӕгат-скӕсӕн хайы, горӕт Мюлузы, саукусӕг адӕм кӕм цӕрынц, ахӕм районы. Нӕ район нын иууылдӕр зыдтой, ӕдзух дзы фыдмитӕ кӕй цыди, уымӕй. Мӕ сабибонтӕй мӕ бон ӕрымысын ницы у, нӕ алыварс цӕрӕг бинонтӕ-иу ӕдзух кӕрӕдзиимӕ кӕй хыл кодтой, уый йеддӕмӕ. Нӕ хӕдзары сылгоймӕгтӕн ӕппындӕр кад нӕ уыд. Искуы-иу хатт йеддӕмӕ-иу семӕ уынаффӕ дӕр никуы бакодтой. Мӕнӕн дӕр-иу дзырдтой, сылгоймаджы куыст кӕй у хӕринаг кӕнын ӕмӕ нӕлгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты кой кӕнын.

Мӕ сабибонтӕ райдзаст схонӕн нӕй. 10 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ фыд фырнозтӕй амард. Фондз азы фӕстӕ та мӕ хистӕр ӕфсымӕртӕй иу йӕхи амардта. Уыцы аз ма федтон ноджыдӕр иу бӕллӕх: нӕ бинонтӕ схыл сты, ӕмӕ дзы лӕгмард ӕрцыд. Мӕ бон мӕхимӕ ӕрцӕуын нал уыди. Хӕдзары мӕ сахуыр кодтой кард ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй пайда кӕнын ӕмӕ хыл кӕнын, цӕмӕй, мыййаг исты, уӕд цӕттӕ уыдаин. Ӕз уыдтӕн тынг мӕстыгӕр, мӕ буарыл нывтӕ кӕнын райдыдтон ӕмӕ нозтыл бафтыдтӕн.

16 азы мыл куы цыд, уӕд алы бон дӕр нуӕзтон 10–15 авджы бӕгӕны. Уый фӕстӕ та наркотиктыл фӕцалх дӕн. Цӕмӕй мын уыдӕттӕн ӕхца уыдаид, уый тыххӕй райдыдтон ӕфсӕйнӕгтӕ уӕй кӕнын ӕмӕ давын. 17 азы мыл нӕма сӕххӕст, афтӕмӕй ахӕстоны дӕр абадтӕн. Давгӕ ӕмӕ фыдмитӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй мын стӕрхон кодтой 18 хатты.

20 азӕй мыл гыццыл фылдӕр куы цыди, уӕд мӕ уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. Боны мидӕг-иу бадымдтон 20 тамако марихуанӕимӕ, стӕй героин ӕмӕ ӕндӕр наркотиктӕй дӕр «нӕ» никуы загътон. Цалдӕр хатты мӕлгӕ дӕр фӕцӕйкодтон, мӕ дозӕ-иу кӕй фегӕр, уый тыххӕй. Ӕз райдыдтон наркотиктӕ уӕй кӕнын, ӕмӕ ӕнӕ кард ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй никуыдӕм цыдтӕн. Иухатт иу нӕлгоймаджы фехстон, фӕлӕ, мӕ амондӕн, нӕмыг йӕ роны ’фтауӕныл сӕмбӕлд, ӕмӕ фӕстӕмӕ асхъиудта. 24 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ мад амард, ӕмӕ бынтон сфыдзонд дӕн. Уынджы-иу мӕ фӕцӕйцӕугӕ чи федта, уый-иу фыртӕссӕй иннӕ фарсмӕ ахызт. Ӕдзух хылтӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй-иу арӕх сабат ӕмӕ хуыцаубон арвыстон пъӕлицӕйы. Кӕнӕ та-иу рынчындонмӕ ахӕм цӕфтимӕ бахаудтӕн, ӕмӕ-иу мын хуыинаг фесты.

28-аздзыдӕй ус ракуырдтон. Ӕппындӕр ӕй кӕй ницӕмӕ дардтон, уый, ӕвӕццӕгӕн, дзурын дӕр нӕ хъӕуы. Ӕдзух ӕй ӕфхӕрдтон ӕмӕ йыл нӕмынӕй нӕ ауӕрстон. Бинонтау иумӕ никуы ницы арӕзтам. Хъуыды кодтон, зӕгъын ын давд сызгъӕринтӕ кӕй хӕссын, уый йын фаг у. Фӕлӕ стӕй ӕрцыд ӕнӕнхъӕлӕджы хабар. Мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фыццаг ахуыры фӕстӕ йӕ тамако ныууагъта, давд ӕхцатӕ райсын мӕ нал бакуымдта ӕмӕ мын мӕ сызгъӕринтӕ иууылдӕр фӕстӕмӕ радта. Фырмӕстӕй ма цы акодтаин, уый нал зыдтон, ӕмӕ йӕ ныхмӕ сдӕн. Библи ахуыр кӕнын ӕй нӕ уагътон. Мӕ бон уыд, ӕмӕ-иу ын мӕ тамакойы фӕздӕг йӕ цӕсгоммӕ калдтаин. Стӕй-иу дзы сыхӕгты раз хынджылӕг кодтон.

Иу ӕхсӕв, фыррасыгӕй мӕхи дӕр не ’мбӕрстон, афтӕмӕй нӕ хӕдзарыл арт бандзӕрстон. Мӕ бинойнаг куы нӕ уыдаид, уӕд ӕз дӕр ӕмӕ нӕ 5-аздзыд чызг дӕр басыгъдаиккам. Куы ӕрӕрвонг дӕн, уӕд мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл фӕхудт. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мын Хуыцау мӕ тӕригъӕдтӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Иу хатт сауджынӕй фехъуыстон, фыдгӕнджытӕ, дам, сӕ мӕлӕты фӕстӕ зындонмӕ бахауынц. Суанг ма мын мӕ психиатр дӕр загъта: «Дӕуӕй ницыуал рауайдзӕн! Ничиуал дӕ сраст кӕндзӕн».

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Нӕ хӕдзар куы басыгъд, уӕд цӕрынмӕ мӕ каистӕм ацыдыстӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ бафарстон: «Хуыцау мын мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзӕн?» Уыдон мын Библийы равдыстой 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 стихтӕ. Ацы стихты нымад цӕуынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ дзы дарддӕр фыст ис: «Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты». Уыцы ныхӕсты фӕрцы мӕ бауырныдта, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у аивын. Хуыцау мӕ кӕй уарзы, уый цӕмӕй федтаин, уый тыххӕй ма мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ равдыстой 1 Иоанны 4:8 стих. Уый мӕ ныфс бауагъта, ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй мемӕ Библи къуыри дыууӕ хатты ахуыр кодтаиккой, ӕмӕ сын се ’мбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Уымӕй уӕлдай ма ӕдзух Йегъовӕмӕ куывтон.

Мӕй дӕр нӕма рацыд, афтӕ сфӕнд кодтон нозт ӕмӕ наркотиктӕ ныууадзын. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ мӕ буары мидӕг хӕст райдыдта! Кӕй нал нызтон ӕмӕ наркотиктӕ кӕй нал кодтон, уый аххосӕй-иу фыдфынты хай фӕдӕн, мӕ сӕр тъӕппытӕ хаудта, мӕ буар иууылдӕр рысти ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕмбӕрстон, Йегъовӕ мын мӕ къухыл кӕй хӕцы ӕмӕ мын хъарутӕ кӕй дӕтты. Мӕхимӕ кастӕн апостол Павелы хуызӕн. Хуыцау ын цы тых лӕвӕрдта, уый тыххӕй Павел загъта: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13). Фӕстӕдӕр мӕ тамако дӕр ныууагътон (2 Коринфӕгтӕм 7:1).

Библийы фӕрцы мӕ цардыл мӕ бар цӕуын райдыдта, стӕй нӕ бинонты цард дӕр фӕхуыздӕр. Мӕ цардӕмбалмӕ раздӕры цӕстӕй нал кастӕн. Аргъ кӕнын ын райдыдтон ӕмӕ «дӕ хорзӕхӕй» ӕмӕ «бузныг» дзурын сахуыр дӕн. Уымӕй уӕлдай, мӕ чызг фыды рӕвдыд базыдта. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй иу аз фӕстӕ ӕз дӕр мӕ бинойнагау мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ донаргъуыд райстон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Абоны онг ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы кӕй дӕн удӕгас, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын. Суанг ма ме ’нӕуырнӕг хиуӕттӕ дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, афонмӕ наркотиктӕй ӕмӕ фырнозтӕй куы нӕ амардаис, уӕддӕр, дам, дӕ исчи амардтаид.

Библийӕ базыдтон, мӕ цардӕмбалы раз ӕмӕ мыл мӕ сывӕллоны раз цы хӕстӕ ис, уыдон, ӕмӕ мӕ цард бынтондӕр аивта (Ефесӕгтӕм 5:25; 6:4). Ныр, бинонтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ хабӕрттӕ иумӕ кӕнӕм. Афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ сылгоймаджы куыст ӕрмӕст хӕринаг кӕнын у. Мӕ цардӕмбал йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хъусын кӕны хорз хабар, ӕмӕ йын ӕз дӕр уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнын. Уый та мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаджы хӕстӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕст кӕнон.

Йегъовӕ Хуыцау нӕ куыд бирӕ уарзы ӕмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый мын мӕ цард аивта. Мӕн тынг фӕнды, иууылдӕр сӕ къух кӕуыл ауыгътой, уыцы адӕмӕн Хуыцауы миниуджыты тыххӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕнмӕ дӕр бирӕтӕ ахӕм цӕстӕй кастысты. Ӕз ӕй зонын, Библи кӕмӕнфӕнды дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сыгъдӕг цард кӕна ӕмӕ йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ райа. Библи мӕ сахуыр кодта иннӕтӕм дӕр ӕмӕ мӕхимӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсын. Ныр се ’ппӕты дӕр – нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр – уарзын ӕмӕ сын аргъ кӕнын.