Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Адӕймагӕн исчи куы амӕлы...

Адӕймагӕн исчи куы амӕлы...

«Хъӕбул, Хуыцау ӕй хуыздӕр зоны... Ма ку...»

Ацы ныхӕстӕ иу сылгоймагӕн, Бебейӕн, йӕ хъусы чидӕр бадзырдта, йӕ фыд аварийы куы фӕмард ӕмӕ йӕ куы ’вӕрдтой, уӕд.

Бебе йӕ фыды тынг уарзта. Уыцы ныхӕстӕ та йын загъта, сӕ бинонтимӕ хорз чи цард, иу ахӕм сылгоймаг. Ӕмӕ йӕ кӕд Бебейы ӕрсабыр кӕнын фӕндыд, уӕддӕр ын йӕ зӕрдӕ тынгдӕр цы фӕриссын кодта, ӕндӕр ницы. «Кӕй амард, уым хорзӕй ницы ис»,– ногӕй ӕмӕ та-иу ногӕй дзырдта йӕхицӕн Бебе. Цалдӕр азы фӕстӕ йӕ фыды мӕлӕты тыххӕй йӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд рабӕрӕг, йӕ зӕрдӕйы рыст кӕй нӕма ссыд.

Бебейы хабарӕй хорз зыны, адӕймаджы йӕ хионы мӕлӕты фӕстӕ йӕхимӕ ’рцӕуынӕн дзӕвгар рӕстӕг кӕй бахъӕуы, уӕлдайдӕр та йӕ кӕд бирӕ уарзта, уӕд. Библи мӕлӕт «фӕстаг знаг» дзӕгъӕлы нӕ хоны (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Мӕлӕт арӕхдӕр нӕ цардмӕ ӕрбабырсы ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ нын, зынаргъ чи у, уыдоны ахӕссы. Уӕдӕ хионы мӕлӕт куыд сфӕразӕм, уый кӕй нӕ фӕзонӕм, уым диссагӕй ницы ис.

Чи зоны, хъуыды кодтай: «Зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уый цас рӕстӕг фӕхъӕуы, цӕмӕй йӕхимӕ ’рцӕуа? Цы йын баххуыс кӕндзӕн йӕ маст сфӕразынӕн? Мӕ бон ын куыд у баххуыс кӕнын? Чи амард, уыдонӕн ницыуал ныфс ис?»