Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕм бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц. Цымӕ уый Хуыцауы аххос у?

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау у аххосджын?

Цавӕр дзуапп раттис?

  •  О

  • Нӕ

  • Чи зоны

Библийы фыст ис

«Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10). Адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау аххосджын никуы уыд.

Библийӕ ма цы ис базонӕн

  • Адӕмы хъизӕмӕртты сӕйраджыдӕр аххосджын у «ацы дунейы хицау» – Сайтан Хӕйрӕг (Иоанны 14:30).

  • Арӕх ма адӕм хъизӕмӕрттӕ февзарынц, раст уынаффӕтӕ кӕй нӕ рахӕссынц, уый аххосӕй дӕр (Иаковы 1:14, 15).

Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, адӕм иууылдӕр сӕ тыхтӕ куы баиу кӕной, уӕд хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын сӕ бон кӕй бауыдзӕн. Фӕлӕ иннӕты та нӕ уырны, цард хуыздӕрырдӕм кӕй аивдзӕн, уый. Дӕумӕ та куыд кӕсы?

Библийы фыст ис

Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн. «Нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:3, 4).

Библийӕ ма цы ис базонӕн

  • Хуыцау нӕ Чырыстийы фӕрцы фервӕзын кӕндзӕн, Хӕйрӕджы аххосӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй (1 Иоанны 3:8).

  • Рӕстгӕнджытӕ зӕххыл ӕнустӕм фӕрнӕй цӕрдзысты (Псалом 37:9–11, 29).