Иоанны 14:1—31

14  «Ма тыхсут+. Ӕууӕндут Хуыцауыл+, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут+.  Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис+. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уын ӕй загътаин. Ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон+.  Ӕмӕ куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ’рцӕттӕ кӕнон, уӕд ногӕй ӕрцӕудзынӕн+ ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн+, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат+.  Ӕмӕ ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм фӕндаг зонут».  Уӕд ӕй Фома+ бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый куы нӕ зонӕм+, уӕд фӕндаг кӕцӕй хъуамӕ зонӕм?»  Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг+, рӕстдзинад*+ ӕмӕ цард+. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис+.  Кӕд мӕн зонут, уӕд мын мӕ Фыды дӕр зондзыстут. Нырӕй фӕстӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр кӕнут, ӕмӕ йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат»+.  Филипп та йын загъта: «Хицау, фенын-ма нын кӕн Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕн».  Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Цас рӕстӕг дӕн уемӕ, Филипп, ӕмӕ мӕ нӕма базыдтай? Мӕн чи федта, уый федта Фыды+ дӕр. Ӕмӕ ма уӕд афтӕ куыд зӕгъыс, фенын нын кӕн Фыды, зӕгъгӕ?+ 10  Ӕви дӕ нӕ уырны, ӕз мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн, ӕмӕ мӕ Фыд дӕр мемӕ иудзинады кӕй ис?+ Цы уын дзурын, уыдӕттӕ уын мӕхи зондӕй нӕ дзурын, фӕлӕ мӕ Фыд, мемӕ иудзинады чи ис, уый, кӕны йӕ хъуыддӕгтӕ+. 11  Ӕууӕндут мыл, ӕз мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн, ӕмӕ мӕ Фыд дӕр мемӕ иудзинады кӕй ис. Кӕд мын мӕ ныхӕстыл не ’ууӕндут, уӕд та мыл мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕууӕндут+. 12  Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: чи мыл ӕууӕнды, уый араздзӕн, ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ+. 13  Мӕ номӕй цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй, цӕмӕй Фырт скадджын кӕна Фыды+. 14  Мӕ номӕй исты куы ракурат, уӕд уын ӕй сараздзынӕн. 15  Кӕд мӕ уарзут, уӕд мын мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕндзыстут+. 16  Ӕмӕ ӕз мӕ Фыдӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр ӕххуысгӕнӕджы*, цӕмӕй уемӕ уа ӕнустӕм+ 17  уый у Хуыцауы сыгъдӕг тых*, рӕстдзинад+ цӕй фӕрцы ӕргом кӕны, уый. Уыцы тых дунейӕн йӕ бон нӕу райсын+, уымӕн ӕмӕ йӕ дуне нӕдӕр уынгӕ кӕны, нӕдӕр – зонгӕ. Сымах та йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ ис уемӕ ӕмӕ уӕ мидӕг+. 18  Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн+. Ӕрцӕудзынӕн уӕм. 19  Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ дуне нал фендзӕн+, сымах та мӕ фендзыстут+, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут+. 20  Уыцы бон ӕй зондзыстут, ӕз мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн, сымах та мемӕ иудзинады кӕй стут, ӕмӕ ӕз дӕр уемӕ иудзинады кӕй дӕн+. 21  Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы+. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уарздзынӕн ӕмӕ йын мӕхи раргом кӕндзынӕн». 22  Уӕд ын Иудӕ+ (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) афтӕ зӕгъы: «Хицау, уый та куыд, ӕмӕ дӕхи махӕн раргом кӕндзынӕ, дунейӕн та – нӕ?»+ 23  Йесо йын загъта: «Чи мӕ уарзы, уый мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ мӕ Фыд уарздзӕн, ӕмӕ йӕм мах ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм+. 24  Чи мӕ нӕ уарзы, уый та мын мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны. Ӕмӕ мӕнӕй цы ныхӕстӕ хъусут, уыдон та мӕхи ныхӕстӕ не сты, фӕлӕ мӕ рарвитӕг Фыды+. 25  Адӕттӕ уын дзурын, цалынмӕ ма уемӕ дӕн, уӕдмӕ. 26  Ӕххуысгӕнӕг* та, сыгъдӕг тых, мӕ Фыд уын мӕ номӕй кӕй ӕрӕрвитдзӕн, уый уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр+. 27  Мӕ фӕстӕ уын фарн уадзын, мӕ фарн уын дӕттын+. Ӕз уын цы фарн дӕттын, уый, дуне цы фарн дӕтты, ахӕм нӕу. Ма тыхсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕты тас ма уӕд. 28  Сымах мын фехъуыстат мӕ ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, ӕз цӕуын ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзынӕн. Куы мӕ уарзиккат, уӕд цин кӕниккат, мӕ Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у+. 29  Ӕмӕ та уын ӕй дзурын, цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ+, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд мын мӕ ныхӕстыл баууӕндат. 30  Уемӕ бирӕ нал ныхас кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрбацӕуы ацы дунейы хицау+. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы+, 31  фӕлӕ йӕ цӕмӕй дуне зона, ӕз мӕ Фыды кӕй уарзын, уый тыххӕй аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+. Сыстут, цомут ардыгӕй.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Кӕнӕ «ӕндӕр ныфсдӕттӕджы». Ам Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕвдыст цӕуы, цыма удгоймаг у, афтӕ.
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕс 16 ст., фип.